Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Брошюрӕ «Цы у „Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар“?».
«Йесо Чырысти чи уыди, уый тыххӕй адӕммӕ алыхуызон хъуыдытӕ ис. Дӕумӕ гӕсгӕ чи уыд, Хуыцауы фырт ӕви ӕнӕуи хорз адӕймаг?» [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Уый фӕстӕ равзар, 16 ӕмӕ 17 фӕрстыл ставд дамгъӕтӕй цы фарстатӕ ис фыст, уыдонӕй иу, ӕмӕ иумӕ бакӕсут, йӕ бынмӕ цы фыст ис, уый, стӕй дзы цы стихтӕ ис, уыдонӕй иу бакӕс. Брошюрӕ йын ратт ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт кӕй ӕрбацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Чырысти. Кӕцӕй ӕрцыд, куыд цард, цӕмӕн амард?».
«Бирӕтӕ алыхуызон хъуыды кӕнынц, Йесо Чырысти чи уыд, уый тыххӕй. Куыд хъуыды кӕныс, ӕцӕгдӕр чи уыд, уый зонын ахсджиаг у? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй бакӕс Иоанны 17:3.] Ацы брошюрӕйы фыст ис, Библи Йесо Чырыстийы тыххӕй цы дзуры, уый: кӕцӕй ӕрцыд, куыд цард ӕмӕ цӕмӕн амард».