Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Майы фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн
«Куыд хъуыды кӕныс, Хуыцау адӕмы зындзинӕдтӕн ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Уый фӕдыл дын иу хорз хъуыды бакӕсдзынӕн». Брошюрӕйӕ «6 хабары Библийӕ. Ӕххӕст кӕнынц дӕ цӕстыты раз» 16 фарсыл иумӕ бакӕсут фыццаг дӕлсӕргонд ӕмӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдонӕй искӕцы. Брошюрӕ йын ратт. Баныхас кӕн, дыккаг хатт ӕм куы бацӕуай, уӕд иннӕ фарстайыл кӕй аныхас кӕндзыстут.
Брошюрӕ «6 хабары Библийӕ. Ӕххӕст кӕнынц дӕ цӕстыты раз».
Бакӕс Псалом 37:10, 11. Уый фӕстӕ зӕгъ: «Куыд дӕм кӕсы, ацы ныхӕстӕ тагъд сӕххӕст уыдзысты? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы брошюрӕйы фыст ис, Библийӕ ӕхсӕз хабары абон кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый тыххӕй. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ уыцы рӕстӕгмӕ бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕй нал хъӕуы».