Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Майы фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн
«Куыд хъуыды кӕныс, динтӕ адӕмы кӕрӕдзи уарзынмӕ разӕнгард кӕнынц ӕви сӕ кӕрӕдзи ныхмӕ кӕнынц? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы статьяйы ис цалдӕр цымыдисаг хъуыдыйы». Уый фӕстӕ адӕймагмӕ ратт брошюрӕ «Дин ӕмӕ политикӕ. Иумӕйагӕй сын хъуамӕ исты уа?». Иумӕ бакӕсут ӕмӕ аныхас кӕнут 16 фарсыл фыццаг дӕлсӕргондыл ӕмӕ йын, ӕппынкъаддӕр, иу стих бакӕс. Баныхас кӕн, ӕндӕр хатт ӕм кӕй ӕрбацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Дин ӕмӕ политикӕ. Иумӕйагӕй сын хъуамӕ исты уа?» «Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ раст у, дин политикӕйы куы архайа. Кӕмӕдӕрты та уый раст нӕ кӕсы. Ды та цы хъуыды кӕныс? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Дӕ хъус-ма ӕрдар, Чырысти цы бакодта, адӕмы куы фӕндыд, цӕмӕй политикӕйы архайдтаид, уӕд? [Бакӕс Иоанны 6:15.] Ацы брошюрӕ ӕмбарын кӕны, Йесо афтӕ цӕмӕн бакодта ӕмӕ чырыстӕттӕн сӕ бон куыд адӕмӕн ӕцӕгӕй ӕххуыс кӕнын».