Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Июлы фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн
«Бирӕтӕ кувгӕйӕ арӕх фӕдзурынц Чырыстийы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, „ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр“. Куыд хъуыды кӕныс, уыцы Паддзахад цы у? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библийӕ йын мӕнӕ ацы стих дӕтты дзуапп». Бакӕс Данел 2:44. Уый фӕстӕ йӕм равдис брошюрӕ «Дӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзынӕ?», ӕмӕ 16 фарсыл иумӕ бакӕсут фыццаг дӕлсӕргонд. Брошюрӕ йын ратт ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт кӕй ӕрбацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Дӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзынӕ?»
«Цард цыбыр кӕй у ӕмӕ адӕймаг бирӕ зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлы, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, адӕймаг цӕмӕн цӕры. Мыййаг, ды дӕр ууыл искуы хъуыды кодтай? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры, нӕ цард алкӕд ахӕм кӕй нӕ уыдзӕн. [Бакӕс Раргомад 21:4.] Ацы брошюрӕйы ныхас цӕуы, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, ууыл ӕмӕ ма абон амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, цалдӕр ахӕм хъуыддагыл».