Кӕрӕдзи фидар кӕнут
1 Апостол Павел йе ’фсымӕрты фидар кӕнынӕн йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзта (Ап. к. 14:19–22). Махӕн дӕр зын вӕййы, не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ уӕззау уавӕрты куы бахауынц, уӕд, ӕмӕ нӕ фӕфӕнды, истӕмӕй сын куы баххуыс кӕниккам. Библи нын дзуры, цӕмӕй не ’ппӕтт дӕр тыхсӕм иннӕтыл, канд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ, фӕлӕ (Ром. 15:1, 2). Ӕркӕсӕм уӕдӕ, цавӕр дыууӕ хъуыддагӕй у нӕ бон равдисын, кӕй хъусӕм Павелы зӕрдӕбын уынаффӕмӕ: «Рӕвдаут кӕрӕдзийы, иу иннӕмӕн уӕд фидаргӕнӕг» (1 Фес. 5:11, НТ).
2 Чи цӕмӕй тыхсы, уымӕ дӕ хъус дар. Хуыцауы Ныхасы кӕсӕм Доркӕйы тыххӕй, зӕгъгӕ, уый «бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ бирӕ хорзӕхтӕ кодта» (Ап. к. 9:36, 39). Доркӕ-иу бафиппайдта, ӕххуысхъуаг чи уыд, уыдоны, ӕмӕ-иу сын, йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй ӕххуыс кодта. Уӕллӕй, уымӕй махӕн фӕзминаг у! Чи зоны, де ’мбырды ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй искӕй фембӕлдтӕм хӕдтулгӕйыл ласын хъӕуы. Йе та пионертӕй кӕмӕндӕр, кусгӕ бонты изӕрӕй кӕимӕ лӕггад кӕна, уый нӕй. Ахъуыды ма кӕн, де ’ххуысы къух сӕм куы бадарай, уӕд сын куыд ӕхсызгон уыдзӕн!
3 Ӕцӕгады тыххӕй ныхас кӕн. Иннӕты фидар кӕнын ма нӕ бон у нӕ ныхасӕй дӕр (Еф. 4:29). Иу фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаг дзуры: «Кӕд дӕ фӕнды иннӕты фидар кӕнын, уӕд ныхас кӕн ӕцӕгадыл. Ныхас райдайын дӕ бон у хуымӕтӕг фарстӕй, ӕцӕгад куыд базыдтай, зӕгъгӕ». Зӕрдиагӕй-иу баузӕл ӕмбырды ӕрыгӕттыл. Ныфссаст ӕмӕ ӕфсӕрмыгӕнаг чи у, уыдоны дӕр ма рох кӕн (Ӕмб. 12:25). Ӕмӕ-иу дын афтӕ ма рауайӕд, ӕмӕ де ’муырнджытимӕ ныхас кӕнгӕйӕ фылдӕр дунейы ирхӕфсӕнтыл дзурыс, ӕцӕгадыл нӕ, фӕлӕ.
4 Уӕдӕ цӕмӕй дӕ ныхас иннӕты фидар кӕна, уый тыххӕй дӕ бон цы у радзурын? Зӕгъӕм, ӕрӕджы Библи кӕсгӕйӕ кӕнӕ дзы исты фарста иртасгӕйӕ цавӕрдӕр арф хъуыды ссардтай ӕмӕ уый руаджы Иегъовӕйы тынгдӕр бауарзтай, тынгдӕр дзы фӕбузныг дӕ. Кӕнӕ ӕргом раныхасы йе та «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыры цавӕрдӕр хъуыды дӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Чи зоны, дӕ зӕрдӕмӕ бахъардта ӕмӕ дын дӕ уырнындзинад бафидар кодта цавӕрдӕр цау. Кӕд ахӕм монон хӕзнатӕ дӕ зӕрдӕйы арф ӕвӕрыс, уӕд алкӕддӕр дӕ бон уыдзӕн иннӕты фидар кӕнын (Ӕмб. 2:1; Лук. 6:45).
5 Цӕй уӕдӕ кӕддӕриддӕр кӕрӕдзи фидар кӕнӕм – хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ ныхасӕй дӕр (Ӕмб. 12:18).