Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w12 1/1 22 ф.
  • Зыдтай йӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зыдтай йӕ?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцауы адӕмы сӕрыл сдзырдта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Хуыцауы адӕмы сӕрыл рахӕцыд
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Есфиры чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Есфир Хуыцауы адӕмы сӕрыл рахӕцыд
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2016
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
w12 1/1 22 ф.

Зыдтай йӕ?

Есфиры чиныджы цы персайнаг паддзах Ахашверошы кой ис, уый чи у?

▪ Есфиры чиныджы фыст ис, Ахашферош дзуттаг чызг Есфиры кӕй ракуырдта. Есфир ус-паддзах куы сси, уӕд йӕ адӕмы мӕлӕтӕй фервӕзын кодта. Фӕлӕ уыцы чиныг кӕцы Ахашверошы кой кӕны, уый фӕдыл ахуыргӕндтӕн бирӕ рӕстӕг сӕ бон иу хъуыдымӕ ӕрцӕуын нӕ уыд. Фӕлӕ персайнаг кады цыртытыл ӕртӕ ӕвзагыл цы фыстытӕ ис, уыдон куы раиртӕстой, уӕд хъуыддаг сбӕлвырд. Дызӕрдыггаг нал у, Ахашверош кӕй уыд Ксеркс I, Номдзыд Дарийы (Гистаспы) фырт. Ксерксы ном персайнаг ӕвзагӕй дзуттаг ӕвзагмӕ куыд раивтой, уый, зӕгъӕн ис, ницӕмӕй хицӕн кӕны, уыцы ном Есфиры чиныджы дзуттаг ӕвзагыл куыд фыст у, уымӕй.

Есфиры чиныджы Ахашверошы тыххӕй цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, уый, ӕцӕгдӕр, Ксеркс I кӕй уыд. Еламы сӕйраг горӕт Сузӕйӕ Персы паддзах разамынд лӕвӕрдта Мидийӕн дӕр. Уымӕй уӕлдай ма йӕ бар цыд Индийӕ суанг Зӕххастӕу денджызы сакъадахты онг цы зӕххытӕ уыд, уыдоныл дӕр (Есфир 1:2, 3; 8:9; 10:1). Профессор Льюис Бейлиз Пейтон загъта: «Ацы хабӕрттӕ иууылдӕр хауынц Ксерксмӕ, ӕндӕр персайнаг паддзахмӕ нӕ, фӕлӕ. Ахашверош Есфиры чиныджы цавӕр адӕймагӕй ӕвдыст цӕуы ӕмӕ, Ксерксы тыххӕй Геродот ӕмӕ ӕндӕр грекъаг историктӕ цы фыстой, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, дзырд иу адӕймагыл кӕй цӕуы».

Рагон Египеты самандуртӕ кӕй арӕзтой, уый кӕцӕй зонӕм?

▪ Библийы Рацыды чиныджы фыст ис, египетӕгтӕ дзуттаг цагъартӕн самандуртӕ кӕй аразын кодтой. Цагъарты самандуртӕ аразын хъуыд ӕлыджы змӕстӕй ӕмӕ хъӕмпӕй, ӕмӕ алы бон дӕр хъуамӕ арӕзтаиккой бӕлвырд нымӕц (Рацыд 1:14; 5:10–14).

Самандуртӕ аразын раджы заманты Нилы быдырты ахсджиаг куыстыл нымад уыд. Египеты ма абон дӕр фенӕн ис ахӕм самандуртӕй арӕзт рагон номарӕн цыртдзӕвӕнтӕ. Н. э. размӕ 15 ӕнусы Фивӕты фараоны лӕггадгӕнӕг Рехмирӕн цы зӕппадз сарӕзтой, уымӕн йӕ къулыл ис, самандуртӕ куыд аразынц, уый ныв. Рацыды чиныджы фыст хабӕрттӕ дӕр, зӕгъӕн ис, уыцы рӕстӕгмӕ хауынц.

Уыцы нывы тыххӕй иу энциклопедийы фыст ис: «Дон цадӕй исынц, къӕпийӕ ӕлыг змӕнтынц ӕмӕ йӕ стӕй самандураразджыты размӕ хӕссынц. Самандураразджытӕ зӕххыл ӕвӕрд хъӕдын формӕ йедзаг кӕнынц ӕлыгӕй. Уый фӕстӕ формӕ сисынц ӕмӕ ногарӕзт самандур хурмӕ хус кӕнынмӕ ныууадзынц. Самандуртӕ рӕнхъгай равӕрынц, ӕмӕ куы бахус вӕййынц, уӕд сӕ кӕрӕдзийы сӕрыл сӕвӕрынц, ӕмӕ сӕ ныр исты самайӕн дӕр ис. Ӕввахс Скӕсӕны ма абон дӕр самандуртӕ афтӕ аразынц» (The International Standard Bible Encyclopedia).

Цыппар мин азы размӕ фыст чи ’рцыд ӕмӕ нӕ рӕстӕгмӕ чи ’рхӕццӕ, уыцы документтӕй дӕр иуӕй-иутӕ бӕлвырд кӕнынц, самандуртӕ цагъартӕ кӕй арӕзтой, хъӕмп ӕмӕ сӕ ӕлыгӕй кӕй арӕзтой, стӕй алы бон дӕр кӕй хъуамӕ арӕзтаиккой бӕлвырд нымӕц.

[Ныв 22 фарсыл]

Ныв дурыл: Ксеркс (лӕууы), Номдзыд Дари (бады)

[Барлӕвӕрдӕй]

Werner Forman/​Art Resource, NY

[Ныв 22 фарсыл]

Рехмиры зӕппадзы къулӕн йӕ иу хай

[Барлӕвӕрдӕй]

Erich Lessing/​Art Resource, NY

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын