Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w12 1/1 19–21 фф.
  • Библи ивы адӕймаджы цард

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библи ивы адӕймаджы цард
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библи ивы адӕймаджы цард
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Библи ивы адӕймаджы цард
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Библи ивы адӕймаджы цард
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Библи ивы адӕймаджы цард
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
w12 1/1 19–21 фф.

Библи ивы адӕймаджы цард

ГЫЦЦЫЛӔЙ ӕфхӕрд ӕмӕ зӕрдӕрыст чи уыд, уыцы ӕрыгон сылгоймаг удӕнцой куыд ссардта? Хицауады ныхмӕ чи цыд ӕмӕ раздӕр ӕгъатыр адӕймаг чи уыд, уыцы нӕлгоймаг Хуыцауы лӕггадгӕнӕг куыд сси? Бакӕсут ацы статья ӕмӕ ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстут.

«Уарзондзинад ӕмӕ рӕвдыд цы у, уый нӕ зыдтон» (ИННӔ ЛЕЖНИНА).

РАЙГУЫРД 1981 АЗЫ

ЦӔРЫ УӔРӔСЕЙЫ

УЫД ӔФХӔРД ӔМӔ ЗӔРДӔРЫСТ

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД. Мӕ ныййарджытӕ уыдысты гобитӕ ӕмӕ ӕз дӕр райгуырдтӕн гобийӕ. Ӕхсӕз азмӕ ӕнӕмӕт цард кодтон ӕмӕ мӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвыстон, фӕлӕ стӕй мӕ ныййарджытӕ ахицӕн сты. Уыцы хабар мын мӕ зӕрдӕйы стыр маст бауагъта, уымӕн ӕмӕ кӕд гыццыл уыдтӕн, уӕддӕр алцыдӕр ӕмбӕрстон. Мӕ ныййарджытӕ куы ахицӕн сты, уӕд мӕ фыд ӕмӕ мӕ хистӕр ӕфсымӕр баззадысты горӕт Троицкы, ӕз та мӕ мадимӕ ацыдтӕн Челябинскмӕ. Мӕ мад фӕстӕдӕр ногӕй смой кодта. Йӕ лӕг фыднозт кодта ӕмӕ-иу нӕм йӕ къух арӕх систа.

1993 азы мӕ хистӕр ӕфсымӕр аныгъуылд. Йӕ мӕлӕт нӕ бинонтӕн стыр маст ӕрхаста. Мӕ мад нозтыл бафтыд, ӕмӕ мӕ уый дӕр нӕмын райдыдта. Уарзондзинад ӕмӕ рӕвдыд цы у, уый нӕ зыдтон ӕмӕ хуыздӕр цардмӕ бӕллыдтӕн. Удӕнцойдзинад агургӕйӕ райдыдтон алыхуызон аргъуантӕм цӕуын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ цӕуыл фӕлӕууыдаид, ахӕмӕй дзы ницы ссардтон.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. 13 азы мыл куы цыд, уӕд мын ме ’мкъласаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Библийӕ цыдӕртӕ радзырдта. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, Ной ӕмӕ Иовы тыххӕй цы базыдтон, уый, уымӕн ӕмӕ уыдон кӕд стыр зындзинӕдтӕ баййӕфтой, уӕддӕр Хуыцауӕн лӕггад кодтой. Фӕстӕдӕр райдыдтон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын.

Библи ахуыр кӕнгӕйӕ бирӕ диссаджы хабӕрттӕ базыдтон. Хуыцауӕн ном кӕй ис, уый куы фехъуыстон, уӕд мӕ дисӕн кӕрон нал уыд (Псалом 83:18). Библийы «фӕстаг бонты», ома нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы фыст ис, уыдӕттӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый дӕр мӕ стыр дисы бафтыдта (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ ме ’фсымӕры ногӕй кӕй фендзынӕн, уый куы базыдтон, уӕд фырцинӕй мӕхицӕн бынат нал ардтон! (Иоанны 5:28, 29).

Фӕлӕ алкӕмӕн ӕхсызгон нӕ уыд, Библи кӕй ахуыр кодтон, уый. Мӕ мад ӕмӕ йӕ лӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй се сӕфт уыдтой. Цынӕ мын фӕкодтой, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнын ныууагътаин. Фӕлӕ Библийӕ цы хабӕрттӕ базыдтон, уыдон мын афтӕ зынаргъ уыдысты, ӕмӕ ацы фӕндаг ныууагътаин, ууыл хъуыды дӕр никуы акодтон.

Мӕ бинонтӕ мӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уый мын тынг зын уыд. Уыцы рӕстӕг ма мыл ноджы иу бӕллӕх ӕрцыд – мӕ кӕстӕр ӕфсымӕр дӕр аныгъуылд, уый дӕр-иу мемӕ ӕмбырдтӕм цыди. Уыцы уӕззау рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мӕ фарсмӕ балӕууыдысты. Се ’хсӕн ссардтон, цӕрӕнбонты цы уарзондзинад ӕмӕ рӕвдыд агуырдтон, уый. Ӕз ӕй бамбӕрстон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дин раст кӕй у, ӕмӕ 1996 азы донаргъуыд райстон.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Ӕхсӕз азы размӕ мӕ цард баиу кодтон диссаджы адӕймагимӕ, Дмитриимӕ. Мах иумӕ лӕггад кӕнӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалы Санкт-Петербурджы. Мӕ ныййарджытӕ дӕр мӕм фӕфӕлмӕндӕр сты ӕмӕ мын мӕ динмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой.

Ӕз стыр бузныг дӕн Йегъовӕйӕ, йӕхи мын кӕй базонын кодта. Кӕй йын лӕггад кӕнын, уый мын хӕссы, цӕрӕнбонты кӕмӕ бӕллыдтӕн, уыцы удӕнцойдзинад.

«Бирӕ фарстатӕ мын ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой» (РАУДЕЛЬ РОДРИГЕЗ РОДРИГЕЗ).

РАЙГУЫРД 1959 АЗЫ

ЦӔРЫ КУБӔЙЫ

РАЗДӔР ЦЫД ХИЦАУАДЫ НЫХМӔ.

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД. Ӕз райгуырдтӕн Кубӕйы, горӕт Гаванӕйы. Нӕ бинонтӕ дӕр ӕмӕ нӕ сыхӕгтӕ дӕр иууылдӕр мӕгуыр цардысты. Уынджы-иу исчи куы хыл кодта, уӕд-иу уый диссаг никӕмӕ каст. Куы фестырдӕр дӕн, уӕд ме ’ргом аздӕхтон спортмӕ, уӕлдай тынгдӕр мӕ зӕрдӕмӕ цыд дзюдо.

Скъолайы хорз ахуыр кодтон, ӕмӕ мӕ ныййарджыты бафӕндыд, цӕмӕй университетмӕ бацыдаин. Студентӕй хъуыды кӕнын райдыдтон, нӕ бӕстӕйы политикон уавӕр фӕивын кӕй хъӕуы, ууыл ӕмӕ райдыдтон хицауады ныхмӕ цӕуын. Иухатт ме ’мкъласагимӕ пъӕлицӕйы кусӕджы хӕцӕнгарз байсынмӕ хъавыдыстӕм ӕмӕ йӕ фыднад фӕкодтам, йӕ сӕр ын тынг фӕцӕфтӕ кодтам. Нӕ дыууӕйы дӕр ӕрцахстой ӕмӕ нын мӕлӕты тӕрхон рахастой – хъуамӕ нӕ фехстаиккой. 20 азы йеддӕмӕ мыл нӕ цыд, фӕлӕ ма мын нымад бонтӕ баззад.

Ахӕстоны бадгӕйӕ-иу арӕх ахъуыды кодтон, мӕ марджыты раз мӕхи куыд дардзынӕн, ууыл. Нӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй, тӕрсгӕ кӕй кӕнын, уый исчи бамбӕрстаид. Фӕлӕ мын уӕддӕр бирӕ фарстатӕ ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой, зӕгъӕм: дунейы уыйбӕрц фыдхъуыддӕгтӕ цӕмӕн цӕуы? Мӕлӕты фӕстӕ ма адӕймаг цӕрдзӕн?

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Фӕстӕдӕр нын мӕлӕты тӕрхон баивтой – радтой нын фӕйнӕ 30 азы. Ахӕстоны базонгӕ дӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ – сӕ дины тыххӕй сӕ сбадын кодтой. Кӕд сӕ ӕнаххосӕй сбадын кодтой, уӕддӕр маст никӕмӕ хастой. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди, хъӕбатыр кӕй уыдысты, фӕлӕ алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрыныл кӕй архайдтой, уый.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мын бамбарын кодтой, Хуыцаумӕ кӕй ис диссаджы фӕнд. Библийы мын равдыстой, Хуыцау зӕххӕй дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн ӕмӕ йыл фыдракӕндтӕ ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕй нал уыдзӕн. Базыдтон уый дӕр, зӕххыл хорз адӕм кӕй цӕрдзысты ӕмӕ сын фадат кӕй уыдзӕн, цӕмӕй ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрой (Псалом 37:29).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мын цы радзырдтой, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, фӕлӕ ӕз уыдоны хуызӕн фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ нӕ уыдтӕн. Политикӕйыл ныхас кӕнгӕйӕ макӕй фарс хӕцыдаин, уый мӕ бон нӕ уыд, стӕй мӕ исчи куы бафхӕрдтаид, уӕд ӕм мӕ иннӕ уадул дӕр ницы хуызы бадардтаин. Фӕлӕ уӕддӕр сфӕнд кодтон Библи ӕнӕхъӕнӕй бакӕсын. Каст ӕй куы фӕдӕн, уӕд ӕй бамбӕрстон, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты фыццаг чырыстӕтты хуызӕн.

Библи ахуыр кӕнгӕйӕ бамбӕрстон, мӕ царды мӕ бирӕ цыдӕртӕ кӕй хъуыд фӕивын. Зӕгъӕм, хъуамӕ ӕвзӕр дзыхӕй мауал дзырдтаин, тамако мауал дымдтаин ӕмӕ-иу ныхас политикӕйыл куы рацыд, уӕд-иу макӕй фарс хӕцыдаин. Мӕ зондахаст фӕивын мын афтӕ ӕнцон нӕ уыд, фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы уый мӕ къухы бафтыд.

Фӕлӕ мын ӕппӕты зындӕр уыд хиуыл хӕцын. Ныр дӕр ма арӕх фӕкувын, цӕмӕй мӕхиуыл хӕцын фӕразон. Тынг мын баххуыс кодтой Библийӕ иуӕй-иу стихтӕ, зӕгъӕм, Ӕмбисӕндты 16:32 стих. Уым фыст ис: «Йӕ маст уромын чи зоны, уый тыхджын адӕймагӕй хуыздӕр у, ӕмӕ йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уый хуыздӕр у, горӕт чи басӕтты, уымӕй».

1991 азы ӕз райстон донаргъуыд ӕмӕ сдӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Донаргъуыд райстон ахӕстоны, боцкъайы. Иннӕ аз та, ахӕстоны чи бадт, уыдонӕй иуӕй-иуты рауагътой ӕмӕ сӕ Испанимӕ арвыстой, ӕз дӕр уыдтӕн се ’хсӕн. Куыддӕр Испанимӕ ӕрцыдтӕн, афтӕ райдыдтон ӕмбырдтӕм цӕуын. Бынӕттон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мыл тынг бацин кодтой, раст цыма кӕрӕдзи бирӕ азтӕ зыдтам, уыйау, ӕмӕ мын баххуыс кодтой, цӕмӕй ног бӕстӕйы ног цард райдыдтаин.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Ӕз амондджын адӕймаг дӕн. Ис мын бинойнаг ӕмӕ дыууӕ чызджы, мах иууылдӕр иумӕ лӕггад кӕнӕм Йегъовӕйӕн. Бирӕ рӕстӕг хицӕн кӕнын, цӕмӕй, Библийы цы фыст ис, уый адӕмӕн амонон, ӕмӕ мын уый тынг ӕхсызгон у. Иуӕй-иу хатт мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, мӕлӕты къахыл чи лӕууыд, уыцы ӕрыгон лӕппу. Ӕмӕ куы ахъуыды кӕнын, Хуыцау мӕ цас хорздзинӕдтӕй схайджын кодта, ууыл, уӕд мӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы. Удӕгас кӕй дӕн, ӕрмӕст ууыл нӕ фӕцин кӕнын, фӕлӕ мын фидӕнӕй ныфс кӕй фӕзынд, ууыл дӕр. Ӕз зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн йӕ кой дӕр кӕм нал уыдзӕн, уыцы ног дунемӕ – Хуыцауы зӕрдӕвӕрд дзӕнӕтмӕ (Раргомад 21:3, 4).

[Хицӕнгонд текст 19 фарсыл]

«Хуыцауӕн ном кӕй ис, уый куы фехъуыстон, уӕд мӕ дисӕн кӕрон нал уыд»

[Ныв 20 фарсыл]

Мӕ цардӕмбалимӕ хъусын кӕнӕм къухӕйамонгӕ ӕвзагыл

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын