Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w12 1/5 3–4 фф.
  • Чырысти цавӕр дзуапп радтаид?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Чырысти цавӕр дзуапп радтаид?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Сӕхи адӕмӕй дард нӕ ластой
  • «Ацы дунейӕ не сты»
  • Адӕмӕн цы пайда хӕссы, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ сӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц, уый?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Зыдтай йӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Динтӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты хъуамӕ архайой?
    Ӕндӕр темӕтӕ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
w12 1/5 3–4 фф.

Чырысти цавӕр дзуапп радтаид?

Хуыцауыл чи ’ууӕнды, уыцы адӕмӕй бирӕтӕм афтӕ кӕсы, дин политикӕимӕ кӕй хъуамӕ уа баст. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ динӕн йӕ бон бирӕ у саразын, цӕмӕй адӕм сӕ зындзинӕдтӕй фервӕзой. Фӕлӕ иннӕ уырнӕг адӕм та дзурынц, зӕгъгӕ, динӕн политикӕимӕ хъуамӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр мацы уа. Ды та куыд хъуыды кӕныс, дин политикӕмӕ хъуамӕ исты бар дара?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИЙЫ тыххӕй зӕгъынц, зӕгъгӕ, уырнӕг адӕмы царды уымӕй арфдӕр фӕд ничи ныууагъта. Уӕдӕ Чырыстийӕн йӕхи куы бафӕрсиккам, дин политикӕмӕ хъуамӕ исты бар дара, уӕд, цымӕ, цы зӕгъид? Зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй равдыста, ацы фарстайы фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый. Зӕгъӕм, иухатт адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ Чырысти бамбарын кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмӕй сӕхи дард кӕй хъуамӕ ма ластаиккой. Цӕй ӕмӕ, цы загъта, ууыл лӕмбынӕгдӕр аныхас кӕнӕм.

Сӕхи адӕмӕй дард нӕ ластой

Чырысти бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дунемӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, уый: «Сымах стут зӕххы цӕхх. Фӕлӕ цӕххӕн йӕ тых куы фесӕфа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Ӕддӕмӕ, адӕмы къӕхты бынмӕ акалыны йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕмӕнуал бӕздзӕн. Сымах стут ацы дунейӕн рухс... Уӕ рухс... кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уыной ӕмӕ уын уӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕной» (Матфейы 5:13–16). Цымӕ Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты цӕххимӕ ӕмӕ рухсимӕ цӕмӕн абарста?

Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты цӕххимӕ ӕмӕ рухсимӕ кӕй абарста, уымӕй йӕ фӕндыд зӕгъын, адӕмӕн хорздзинад кӕй кӕндзысты. Зӕгъӕм, хойрагыл цӕхх куы уа, уӕд ӕй ӕмбийын нӕ бауадздзӕн. Агъуыст та не срухс уыдзӕн, цырагъдарӕн мидӕгӕй ӕвӕрд куы нӕ уа, уӕд. Бафиппайын хъӕуы, Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ «цӕхх» ӕрмӕст цавӕрдӕр гыццыл къордӕн кӕй не сты, фӕлӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕн дӕр, ома ӕппӕт адӕмӕн дӕр, стӕй «рухс» дӕр цалдӕр адӕймагӕн кӕй не сты, фӕлӕ хорз уынын кӕй фӕнды, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ никуы загъта, цӕмӕй искуыдӕм дард ацӕуой ӕмӕ уым иумӕ цӕрой. Афтӕ дӕр сын нӕ загъта, цӕмӕй иннӕтӕй хибарӕй цӕрой ӕмӕ, сӕ диныл хӕст чи нӕу, уыцы адӕммӕ ӕмгӕрон дӕр ма цӕуой. Фӕлӕ хӕринагыл цӕхх ныккӕнын куыд хъӕуы, цырагъдарӕн та агъуысты сӕвӕрын, афтӕ чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ адӕмы ’хсӕн цӕрой, цӕмӕй сын хорздзинад аразой.

«Ацы дунейӕ не сты»

Фӕлӕ, Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн кӕй бамбарын кодта, адӕмӕй сӕхи дард кӕй хъуамӕ ма ласой, уымӕ гӕсгӕ ’взӕры ахсджиаг фарста: политикӕмӕ та цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? Цӕмӕн ӕвзӕры ахӕм фарста? Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты тыххӕй Хуыцаумӕ скуывта: «Уый дӕ нӕ курын, ӕмӕ сӕ ацы дунейӕ искуыдӕм акӕнай, фӕлӕ сӕ цӕмӕй Фыдбылызӕй хъахъхъӕнай. Ӕз куыд нӕ дӕн ацы дунейӕ, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты» (Иоанны 17:15, 16). Уӕдӕ уымӕн гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ чырыстӕттӕ ацы дунейӕ дӕр ма уой, ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг адӕмӕй дӕр сӕхи дард ма ласой? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй аныхас кӕнӕм ноджыдӕр ӕртӕ фарстайыл:

• Йесо политикӕмӕ цы цӕстӕй каст?

• Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ абон политикӕмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?

• Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ адӕмы цӕуыл ахуыр кӕнынц, уый сын цы пайда хӕссы?

[Хицӕнгонд текст 4 фарсыл]

Чырысти бамбарын кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмӕй сӕхи дард кӕй хъуамӕ ма ластаиккой

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын