Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...
Цӕмӕй адӕймаг амондджын уа, уый тыххӕй йын ӕнӕмӕнг хъуамӕ цардӕмбал уа?
Цымӕ Библи афтӕ зӕгъы, ӕмӕ цӕмӕй амондджын уай, уый тыххӕй дын ӕнӕмӕнг хъуамӕ цардӕмбал уа? Хуыцауы Ныхас хорз чи нӕ зоны, уымӕ фыццаг, гӕнӕн ис, афтӕ фӕкӕса. Цӕмӕн?
Райдианы чиныджы фыст ис, фыццаг нӕлгоймаг Адам иунӕг кӕй уыди, уый тыххӕй Хуыцау афтӕ кӕй загъта, уый «хорз нӕу», зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын уӕд Хуыцау «скодта ӕххуысгӕнӕджы» – Евӕйы (Райдиан 2:18). Ацы хабармӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕнӕн ис, адӕймаг ӕнӕ цардӕмбалӕй цыдӕр хъуаг кӕй вӕййы. Уымӕй уӕлдай Библийы бирӕ ӕндӕр хабӕрттӕм гӕсгӕ дӕр ис зӕгъӕн, бинонты цард арфӕдзинад кӕй у ӕмӕ адӕймагӕн циндзинад кӕй хӕссы. Уый зыны, зӕгъӕм, Руфы хабарӕй.
Фӕлӕ, цымӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ чырыстонӕн цардӕмбал кӕнӕ цот куы нӕ уа, уӕд амондджын нӕ уыдзӕн? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Зӕххыл Чырыстийӕ амондджындӕр адӕймаг нӕ уыди, кӕд ын цардӕмбал нӕ уыд, уӕддӕр. Йесо уыд ӕппӕты зондджындӕр адӕймаг, стӕй уымӕй хуыздӕр Йегъовӕйы, «амондджын Хуыцауы», ничи фӕзмыдта (1 Тимофеймӕ 1:11; Иоанны 14:9). Чырысти ранымадта, адӕймаджы амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, уыдӕттӕ (Матфейы 5:1–12). Фӕлӕ афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ цӕмӕй адӕймаг амондджын уа, уый тыххӕй йын хъуамӕ цардӕмбал уа.
Уӕдӕ, цымӕ, уӕд афтӕ нӕ уайы, ӕмӕ Библи йӕхӕдӕг йӕхи ныхмӕ дзуры? Нӕ уайы. Ацы хъуыддагмӕ-ма ӕркӕсӕм, Йегъовӕ бинонты цардӕн бындур цӕмӕн ӕрӕвӕрдта, уый нӕ зӕрдыл дарӕм, афтӕмӕй. Хуыцау бинонты цардӕн бындур ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ ӕрӕвӕрдта, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл цин кодтаиккой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтаиккой. Иуӕй-иу хатт-иу Хуыцауы йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн бинонтӕ ӕнӕмӕнг хъуыдысты. Зӕгъӕм, Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн загъта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут» (Райдиан 1:28). Уыцы хӕс иунӕгӕй нӕдӕр Адам сӕххӕст кодтаид, нӕдӕр Евӕ. Сӕ бон ӕй сӕххӕст кӕнын уыд ӕрмӕстдӕр иумӕ.
Хуыцау йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй бинонтӕй пайда кодта, израилӕгтӕ йе ’взӕрст адӕм куы уыдысты, уыцы рӕстӕг дӕр. Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй израилӕгтӕ сбирӕ уыдаиккой ӕмӕ сыл се знӕгтӕ ма фӕтых уыдаиккой. Стӕй йӕ фӕндон уыд, цӕмӕй Мессийӕ – коммӕгӕс адӕмы тӕригъӕды ӕмӕ мӕлӕты уацарӕй чи хъуамӕ ссӕрибар кодтаид, уый – равзӕрдаид Иудӕйы мыггагӕй (Райдиан 49:10). Уӕдӕ израилаг сылгоймӕгтӕ стыр кадыл нымадтой смой кӕнын ӕмӕ цот рауадзын. Сылгоймаг-иу куы не смой кодта кӕнӕ-иу ын цот куы нӕ рацыд, уӕд-иу фырмӕтӕй йӕхи хордта, уымӕн ӕмӕ адӕмы цӕсты уый ӕгад уыд.
Абоны тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Хуыцауы фӕдзӕхст, «зӕхх байдзаг кӕнут», зӕгъгӕ, абон чырыстӕттӕм дӕр хауы? Нӕ хауы (Матфейы 19:10–12). Чырыстийы тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ уыд, уыдон сӕххӕст сты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ныр Хуыцауы нал хъӕуы хъахъхъӕнын, Чырысти кӕмӕй хъуамӕ равзӕрдаид, уыцы мыггаг, кӕнӕ, Ирвӕзынгӕнӕг кӕй ӕхсӕн хъуамӕ райгуырдаид, уыцы адӕмы. Уӕдӕ чырыстӕттӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, адӕймагӕн цардӕмбал ис ӕви нӕй, уымӕ?
Адӕймагӕн цардӕмбал куы уа, уӕд уый у Хуыцауы лӕвар. Куы нӕ йын уа, уӕд уый дӕр у Хуыцауы лӕвар. Фӕлӕ йӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй иу адӕймагмӕ хорз лӕвар цы фӕкӕса, уый иннӕмӕ, чи зоны, хорз ма фӕкӕса. Бинонты цард Хуыцауы цӕсты у табуйаг. Лӕг ӕмӕ ус сӕ цард баиу кӕнынц, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийыл аудой, ӕмӕ бинонтӕ иууылдӕр амондджын уой. Фӕлӕ ма Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, ацы фыддунейы бинонтӕ кӕмӕн ис, «уыдонӕн сӕ царды фӕзындзӕн ног зындзинӕдтӕ». Йегъовӕ афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ адӕймагӕн цардӕмбал куы нӕ уа, уӕд уый худинаг у кӕнӕ уый тыххӕй мӕт кӕнын хъӕуы. Йӕ Ныхасы фыст ис, цардӕмбал кӕмӕн нӕй, уымӕн хатт хуыздӕр кӕй вӕййы, цардӕмбал кӕмӕн ис, уымӕй (1 Коринфӕгтӕм 7:28, 32–35).
Уӕдӕ Библи бинонтӕ скӕныны ныхмӕ дӕр нӕу ӕмӕ, адӕймагӕн цардӕмбал ма уа, уый ныхмӕ дӕр. Йегъовӕйы – бинонты цардӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта, уый – фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр амондджын уа, цардӕмбал ын ис ӕви нӕ, уӕддӕр.