Ромы паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсад хорз хабар фехъуыста
Уый уыд нӕ эрӕйы 59 азы. Ӕфсӕддон хицау Юлий ӕмӕ йӕ фӕллад ӕфсӕддонтӕ, Порта Капена чи хуынд, уыцы кулдуарыл Роммӕ ӕрбакодтой ахст адӕмы. Горӕтмӕ куы бацыдысты, уӕд Палатины къуыбырыл сӕ бон уыд фенын паддзах Нероны галуан. Уыцы галуан хъахъхъӕдтой паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсӕддонтӕ, сӕ хъаматӕ сӕ пӕлӕзты бын ӕмбӕхст, афтӕмӕйa. Ӕфсӕддон хицау Юлий ахст адӕмы акодта Ромаг форумы рӕзты, стӕй та – Виминалы къуыбырыл. Уый фӕстӕ ахызтысты, ромаг хуыцӕуттӕн бирӕ нывондхӕссӕнтӕ кӕм уыд, уыцы бынаты рӕзты ӕмӕ стӕй, ӕфсад-иу исты бӕрӕгбоны кӕнӕ сӕ ахуыры рӕстӕг кӕдӕм рацыдысты, уыцы фӕзы рӕзты.
Паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсады ӕфсӕддонтӕ; ацы дур, ӕвӕццӕгӕн, уыд Клавдийы аркӕйы хай (уыцы аркӕ арӕзт ӕрцыд н. э. 51 азы)
Уыцы ахст адӕмӕй иу уыд апостол Павел. Уымӕй цалдӕр мӕйы размӕ, Павел цы науыл цыд, уый абухгӕ денджызы уылӕнтӕ куы раппар-баппар кодтой, уӕд Хуыцауы зӕд Павелӕн загъта: «Ды хъуамӕ ӕрлӕууай Ромы паддзахы раз» (Хъуыд. 27:24). Ӕмӕ, чи зоны, Павел хъуыды кодта, цымӕ уыцы ныхӕстӕ ныр сӕххӕст уыдзысты, зӕгъгӕ. Ромыл йӕ цӕст куы ахаста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты, Йесо Чырысти йын цалдӕр азы размӕ Иерусалимы Антонийы мӕсыджы цы ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Фидар лӕуу! Мӕн тыххӕй Иерусалимы куыд бӕстон хъусын кодтай, афтӕ хъуамӕ хъусын кӕнай Ромы дӕр» (Хъуыд. 23:10, 11).
Чи зоны, Павел ӕрлӕууыд ӕмӕ акаст, паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсад-иу кӕм уыд, уыцы стыр фидаргонд галуанмӕ, хуынди Кастра Претори. Йӕ алыварс уыд сырх агуыридуртӕй амад бӕрзонд къултӕ цыргъфындз цъуппытимӕ ӕмӕ мӕсгуытимӕ. Паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсады цы дыууадӕс ӕфсӕддон къордыb уыд, уыдон, стӕй, горӕты уаг чи хъахъхъӕдта, уыцы ӕфсӕддонты цалдӕр къорды ӕмӕ ма бӕхджын ӕфсад дӕр цардысты уым. Кастра Претори адӕмӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта императоры стыр хъомыс. Ромы дӕлбар бӕстӕтӕй чи уыд, уыцы ахст адӕмы-иу бакодтой паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсады бар, ӕмӕ Юлий уыцы ахст адӕмы ӕркодта Роммӕ. Цалдӕр мӕйы дӕргъы цы зын балцы цыдысты, уый кӕдӕй-уӕдӕй фӕци – Юлий ахст адӕмы бынатмӕ фӕхӕццӕ кодта (Хъуыд. 27:1–3, 43, 44).
ПАВЕЛЫ «НИЦЫ ХЪЫГДАРДТА» ХЪУСЫН КӔНЫН
Роммӕ куы цыдысты, уӕд сыл фӕндагыл бирӕ диссӕгтӕ ӕрцыд. Денджызы тыхдымгӕ куы сыстад, уӕд Хуыцау Павелӕн раргом кодта, нау кӕй ныппырх уыдзӕн, фӕлӕ адӕм се ’ппӕт дӕр удӕгасӕй кӕй баззайдзысты, ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ ӕрцыд. Фӕстӕдӕр Павелыл маргджын калм фӕхӕцыд, фӕлӕ йын ницы зиан ракодта. Мальтӕйы сакъадахыл Павел сдзӕбӕх кодта рынчынты, ӕмӕ бынӕттон цӕрджытӕ дзурын райдыдтой, ай хуыцау у, зӕгъгӕ. Ромы паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсады уыцы хабӕртты тыххӕй куыннӕ фехъуыстаиккой ӕмӕ сыл дзургӕ дӕр куыннӕ кодтаиккой.
Павел Роммӕ куы нӕма бахӕццӕ, уӕдмӕ дӕр сӕмбӕлд ӕфсымӕртыл – уыдон «йӕ размӕ рацыдысты Аппийы базар ӕмӕ Ӕртӕ Фысымуаты цурмӕ» (Хъуыд. 28:15). Павел зӕрдиагӕй йӕ фӕндыд хорз хабар Ромы дӕр фехъусын кӕнын. Фӕлӕ куыд хъуамӕ хъусын кодтаид, кӕд ӕмӕ ахст уыд? (Ром. 1:14, 15). Иуӕй-иутӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй-иу ахст адӕмы радтой хъахъхъӕнджыты хистӕры къухмӕ. Ӕмӕ кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ уыд, уӕд Павелы хъуамӕ радтаиккой паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсады хистӕры къухмӕ, ӕмӕ уый та уыд Афраний Бурр, ӕвӕццӕгӕн, императоры фӕстӕ дыккаг лӕгc. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕдӕй фӕстӕмӕ Павелы ӕфсӕддон хицау нал хъахъхъӕдта, фӕлӕ, паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсадӕй чи уыд, ахӕм хуымӕтӕг ӕфсӕддон. Павелӕн бар радтой хицӕн хӕдзары цӕрынӕн, стӕй йӕм адӕмы дӕр уагътой ӕмӕ йӕ «ницы хъыгдардта», цӕмӕй сын хъусын кодтаид (Хъуыд. 28:16, 30, 31).
ПАВЕЛ ХЪУСЫН КОДТА ХУЫМӔТӔГ АДӔМӔН ДӔР ӔМӔ НОМДЗЫД АДӔМӔН ДӔР
Кастра Преторийы къултӕ абон
Афраний Буррӕн йӕ хӕс уыд, цӕмӕй Павелы ӕрфарстаид, цалынмӕ йӕ Неронмӕ бакодтаид, уӕдмӕ. Ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕрфарста кӕнӕ паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсады галуаны, кӕнӕ та паддзахы галуаны. Ӕмӕ Павел уыцы диссаджы фадатӕй спайда кодта, цӕмӕй «хорз хабар хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр ӕмӕ номдзыд адӕмӕн дӕр» фехъусын кодтаид (Хъуыд. 26:19–23). Мах ӕй нӕ зонӕм, Бурр ӕй аххосджыныл банымадта ӕви нӕ, фӕлӕ бӕрӕг у, паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсады галуаны цы ахӕстон уыди, уырдӕм ӕй кӕй нӕ арвыстаd.
Павел-иу йӕ хӕдзармӕ фӕхуыдта «дзуттӕгты дзырддзӕугӕ лӕгты» ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр адӕмы дӕр ӕмӕ сын хъусын кодта хорз хабар. Стӕй ма уыд ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ сӕ фӕндыд ӕви нӕ, уӕддӕр ӕм хъуыстой – чи йӕ хъахъхъӕдта, уыцы ӕфсӕддонтӕ. Уыдон хъуыстой, Павел «райсомӕй изӕрмӕ» дзуттӕгтӕн Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй бӕстон куыд хъусын кодта, уый (Хъуыд. 28:17, 23).
Павел ахст куы уыд, уӕд ӕфсӕддонтӕ хъуыстой, йӕ фыстӕджыты цы фыссын кодта, уыдӕттӕ
Паддзахы галуан чи хъахъхъӕдта, уыцы ӕфсӕддон къордтӕ кӕрӕдзи ивтой алы бон дӕр. Ӕмӕ, Павелы чи хъахъхъӕдта, уыцы ӕфсӕддонты дӕр алы бон дӕр ивтаиккой. Павел ахст уыд дыууӕ азы, ӕмӕ уыцы рӕстӕг бирӕ ӕфсӕддонтӕ фехъуыстой хорз хабар. Зӕгъӕм, уыдон хъуыстой, Павел ефесӕгтӕм, филиппӕгтӕм, колоссӕгтӕм ӕмӕ дзуттӕгтӕм йӕ фыстӕджыты цы фыссын кодта, уыдӕттӕ. Стӕй уыдтой, йӕхӕдӕг дӕр йӕ чырыстон ӕфсымӕртӕй сӕ иумӕ, Филимонмӕ, фыстӕг куыд фыста, уый дӕр. Уыцы рӕстӕг ма Павел баххуыс кодта, йӕ хицауӕй чи алыгъд, уыцы цагъарӕн, Онисимӕн дӕр. Павел Онисимӕй афтӕ загъта: «Ам, ахсты, мӕнӕн хи хъӕбулы ад... скодта». Фӕлӕ йӕ уӕддӕр фӕстӕмӕ йӕ хицаумӕ арвыста (Филим. 10). Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чи йӕ хъахъхъӕдта, уыцы ӕфсӕддонтӕм дӕр йӕ хъус дардтаид (1 Кор. 9:22). Зӕгъӕм, фарстаид сӕ, цы хӕстон дзауматӕ дардтой, уыдонӕй кӕцы цӕмӕн хъӕуы, уый тыххӕй, ӕмӕ сӕ цы базыдта, уымӕй скодта диссаджы абарст (Еф. 6:13–17).
«ХУЫЦАУЫ НЫХАС... ДЗЫРДТОЙ – НИЦӔМӔЙ ТАРСТЫСТЫ»
Павел ахст кӕй уыд, уый «хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕххуыс... фӕци», уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсад ӕмӕ иннӕтӕ дӕр хорз хабар фехъуыстой (Фил. 1:12, 13). Кастра Преторийы чи цард, уыцы ӕфсӕддонтӕн Ромы паддзахады алы ран дӕр уыди зонгӕтӕ, стӕй зонгӕ уыдысты паддзахимӕ ӕмӕ, йӕ хӕдзарӕй чи уыд, уыдонимӕ дӕр, зӕгъӕм йӕ бинонтимӕ, йӕ лӕггадгӕнджытимӕ ӕмӕ йӕ цагъартимӕ. Паддзахы хӕдзарӕй чи уыд, уыдонӕй чидӕртӕ чырыстӕттӕ дӕр систы (Фил. 4:22). Павел хъӕбатырӕй кӕй хъусын кодта, уый фӕрцы Ромы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ «Хуыцауы ныхас... дзырдтой – ницӕмӕй тарстысты» (Фил. 1:14).
Цыфӕнды уавӕрты ма уӕм, уӕддӕр нӕ бон у хъусын кӕнын, ӕххуыс нын чи фӕкӕны, уыдонӕн
Павелы цӕвиттон мах дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй Хуыцауы ныхас хъусын кӕнӕм, «ӕнцон куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ, зын куы уа, уӕд дӕр» (2 Тим. 4:2). Чидӕртӕ нӕ сты зӕрӕдты хӕдзӕртты кӕнӕ рынчындӕтты, чидӕртӕ та сӕ дины тыххӕй ахӕстӕтты дӕр бадынц. Фӕлӕ цыфӕнды уавӕрты ма уӕм, уӕддӕр нӕ бон у хъусын кӕнын, чи нӕм ӕрбацӕуы, уыдонӕн, зӕгъӕм нӕм истӕмӕй фӕкӕсынмӕ кӕнӕ исты куыст бакӕнынмӕ чи ӕрбацӕуы, уыцы адӕмӕн. Алы фадатӕй дӕр куы пайда кӕнӕм, цӕмӕй хъӕбатырӕй хъусын кӕнӕм, уӕд ӕй нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, «Хуыцауы ныхас рӕхыстӕй баст [кӕй] нӕу» (2 Тим. 2:8, 9).
a Кӕс рамкӕ «Ромы паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсад Нероны рӕстӕджы».
b Ромаг ӕфсӕддон къордты-иу уыд 1 000 ӕфсӕддоны кӕнӕ къаддӕр.
c Кӕс рамкӕ «Секст Афраний Бурр».
d Уыцы ахӕстоны н. э. 36 кӕнӕ 37 азы бадт Ирод Агриппӕ. Ахӕстонмӕ йӕ бакодта паддзах Тиберий, Ирод Агриппӕ афтӕ кӕй загъта, тагъд паддзах суыдзӕн Калигулӕ, зӕгъгӕ, уый тыххӕй. Ӕмӕ Калигулӕ паддзах куы сси, уӕд Ирод Агриппӕйы схорзӕхджын кодта – Иудейӕйы паддзахӕй йӕ сӕвӕрдта (Хъуыд. 12:1).