БИБЛИ: ФАРСТАТӔ ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ
Дунейы фарн цӕуылнӕ ис?
Йӕ бон адӕмы зондахаст аивын кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр уыцы хицауад ӕрӕвӕрдзӕн фарн зӕххыл
Библимӕ гӕсгӕ уымӕн ис дыууӕ сӕйраг аххосаджы. Фыццаг: кӕд адӕмӕн сӕ къухы бирӕ диссӕгтӕ бафтыд, уӕддӕр афтӕ конд стӕм, ӕмӕ нӕ бар нӕ къахдзӕфтыл нӕ цӕуы. Дыккаг: адӕмӕн сӕ фӕндтӕй ницы уайы, уымӕн ӕмӕ «ӕгас дуне дӕр ис Фыдбылызы къухы», ома Хӕйрӕджы къухы. Уӕдӕ кӕд адӕм тынг архайынц, цӕмӕй зӕххыл фарн уа, уӕддӕр сӕ бон ницы у бакӕнын. (Бакӕс Йеремийы 10:23; 1 Иоанны 5:19.)
Дунейы ма фарн уый тыххӕй нӕй, ӕмӕ адӕм сты хиуарзон ӕмӕ сӕрбӕрзонд. Адӕмы рӕстдзинад уарзын ӕмӕ иннӕтыл хъуыды кӕнын чи сахуыр кӕна, ӕрмӕстдӕр уыцы хицауад ӕрӕвӕрдзӕн зӕххыл фарн. (Бакӕс Исайы 32:17; 48:18, 22.)
Зӕххыл фарн чи ӕрӕвӕрдзӕн?
Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сфидар кӕндзӕн иу хицауад, цӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕххӕн разамынд дӕтта. Уыцы хицауад баивдзӕн ӕппӕт зӕххон хицауӕдтӕ (Данел 2:44). Хуыцауы Фырт, Йесо, уыдзӕн Фарны кънйаз, ома зӕххыл фарн ӕрӕвӕрдзӕн. Чырысти ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн ӕмӕ адӕмы кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй цӕрын сахуыр кӕндзӕн. (Бакӕс Исайы 9:6, 7; 11:4, 9.)
Чырыстийы разамындмӕ гӕсгӕ абон ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр тынг бирӕтӕ, милуантӕ, адӕмы Библийы фӕрцы кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй цӕрын ахуыр кӕнынц. Тагъд ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр уыдзӕн фарн. (Бакӕс Исайы 2:3, 4; 54:13.)