Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w14 1/1 3 ф.
  • Мӕлӕтӕн йӕ «фат»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Мӕлӕтӕн йӕ «фат»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Адӕм цӕмӕн мӕлынц?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • «Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног»
    Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зарут!
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
w14 1/1 3 ф.

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЧИ АМАРД, УЫДОНӔН НИЦЫУАЛ НЫФС ИС?

Мӕлӕтӕн йӕ «фат»

Мӕлӕты кой кӕнын бирӕтӕ нӕ уарзынц. Фӕлӕ абон уа ӕви райсом – мӕлӕт алкӕй дӕр баййафдзӕн. Йӕ «фат» у цыргъ ӕмӕ риссаг.

Ныййарӕджы, цардӕмбалы кӕнӕ хъӕбулы мӕлӕтмӕ цӕттӕ никуы ничи вӕййы. Бӕллӕх, чи зоны, ӕрцӕуа ӕнӕнхъӕлӕджы кӕнӕ сабыргай хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕна ӕмӕ йын бауромӕн мауал уа. Куыдфӕнды ма уа, мӕлӕт цы рыст бавзарын кӕны, уымӕй хи бахизӕн нӕй. Адӕймагӕн афтӕ зын вӕййы, ӕмӕ йӕм цӕрын дӕр нал фӕцӕуы.

Антониойӕн йӕ фыды машинӕ скъуырдта, ӕмӕ амард. Антонио зӕгъы: «Цыма мын чидӕр мӕ хӕдзары дуарыл гуыдыр сӕвӕрдта ӕмӕ дӕгъӕлтӕ йемӕ ахаста, афтӕ фӕдӕн. Дӕ хӕдзармӕ бахизай ӕмӕ дзы иу гыццыл алӕууай, уый бар дӕр дын нӕй. Ӕрмӕст ма мысыс, цы уыди, уый. Дӕ цард фӕивта. Цы ’рцыд, уый дӕ бӕргӕ нӕ уырны, уымӕн ӕмӕ дӕм раст нӕ кӕсы. Фӕлӕ уӕддӕр дӕ бон ницы у».

Дороти идӕдзӕй баззад, 47 азы йыл куы цыд, уӕд. Цы фарстатӕ йӕм фӕзынд, уыдонӕн дзуапп агурын райдыдта. Дороти куыста ахуыргӕнӕгӕй англиканон аргъуаны скъолайы ӕмӕ йӕ никуы уырныдта, чи амард, уыдонӕн кӕй ницыуал ныфс ис, уый. Фӕлӕ цавӕр ныфс, уый бӕлвырдӕй нӕ зыдта, ӕмӕ сауджыны бафарста, мӕрдты исты ис, зӕгъгӕ. Сауджын ын дзуапп радта: «Уый ничи зоны. Банхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ йӕ фендзыстӕм».

«Банхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ йӕ фендзыстӕм» – ӕндӕр нӕ бон ницы у? Мӕрдтӕн ма исты ныфс ис ӕви нӕ, уый ӕцӕгдӕр нӕй базонӕн?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын