29 УРОК
Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм адӕймаг нӕй, зиан кӕуыл не ’рцыд. Ахӕм рӕстӕг адӕймаг, чи зоны, фӕхъуыды кӕны: «Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы? Мӕрдты исты ис? Чи нын амард, уыдоны ма искуы фендзыстӕм?» Ацы ӕмӕ иннӕ урокӕй базондзынӕ, ацы фарстатӕн Библийы цы дзуаппытӕ ис.
1. Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
Йесо мӕлӕт абарста, адӕймаг тарф фынӕй куыд кӕна, уыимӕ. Цӕмӕн? Адӕймаг тарф фынӕй куы фӕкӕны, уӕд, йӕ алыварс цытӕ фӕцӕуы, уый нӕ фембары. Афтӕ мард дӕр ницы фембары: рыст дӕр нӕ фембары ӕмӕ хъизӕмар дӕр нӕ фӕкӕны. Библийы фыст ис: «Мӕрдтӕ... ӕппындӕр ницы зонынц». (Бакӕс Екклесиаст 9:5.)
2. Мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй рӕстдзинад зонын цы пайда у?
Бирӕтӕ тӕрсынц мӕлӕтӕй ӕмӕ ма суанг мӕрдтӕй дӕр. Фӕлӕ мӕлӕты тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый дын удӕнцой ӕрхӕсдзӕн. Йесо загъта: «Рӕстдзинад [уӕ] ссӕрибар кӕндзӕн» (Иоанны 8:32). Иуӕй-иу динтӕ амонынц, адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ уд цӕргӕйӕ кӕй баззайы. Фӕлӕ Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд ис. Уӕдӕ, чи амард, уыдон хъизӕмар нӕ кӕнынц. Уымӕй уӕлдай, мӕрдтӕ кӕй ницыуал ӕмбарынц, уымӕ гӕсгӕ нын сӕ бон нӕу зиан ракӕнын дӕр. Уӕдӕ мӕрдтӕн сӕ хорзӕх ссарыныл архайын кӕнӕ сын табу кӕнын нӕ хъӕуы, стӕй мӕрдты тыххӕй кувын дӕр нӕ хъӕуы.
Иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, сӕ бон кӕй у мӕрдтимӕ ныхас кӕнын. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Куыд базыдтам, афтӕмӕй мӕрдтӕ «ӕппындӕр ницы зонынц». Афтӕ чи фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ сӕ мард хиуӕттимӕ фӕныхас кӕнынц, уыдон ӕцӕгӕй дӕлимонтимӕ фӕныхас кӕнынц. Дӕлимонтӕ сӕхи февдисынц, чи сын амард, уыдоны хуызы. Уӕдӕ мӕлӕты тыххӕй рӕстдзинад кӕй зонӕм, уый нӕ дӕлимонтӕй хъахъхъӕны. Йегъовӕ нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй мӕрдтимӕ ма ныхас кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, дӕлимонтимӕ нын иумӕйагӕй исты куы уа, уӕд нын уый зиан кӕй ӕрхӕсдзӕн. (Бакӕс Дыккаг закъон 18:10–12.)
ФЫЛДӔР БАЗОН
Базон, Библийы ма мӕлӕты тыххӕй ноджыдӕр цы фыст ис. Стӕй ма базон, уый гӕнӕн кӕй нӕй, цӕмӕй уарзӕгой Хуыцау мӕрдты хъизӕмарӕй мара.
3. Базон, мӕрдтӕ цы уавӕры сты
Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы, уый фӕдыл адӕм алыхуызон хъуыдытыл хӕст сты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыдытӕ се ’ппӕт раст не сты.
Кӕм цӕрыс, уым адӕм цы хъуыды кӕнынц, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый фӕдыл?
Мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый базоныны тыххӕй бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.
Бакӕсут Екклесиаст 3:20 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Адӕймаг куы амӕлы, уӕд, ацы стихмӕ гӕсгӕ, цы фӕвӕййы?
Адӕймаг куы амӕлы, уӕд ма дзы исты цӕргӕйӕ баззайы?
Библийы фыст ис, Йесойы хорз ӕмбал Лазӕр кӕй амард, уый тыххӕй. Бакӕсут Иоанны 11:11–14. Ацы стихтӕ кӕсгӕйӕ-иу дӕ хъус ӕрдар, Йесо Лазӕры тыххӕй цы загъта, уымӕ. Стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Йесо мӕлӕт цӕимӕ абарста?
Уыцы абарстӕй цы ис базонӕн, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй?
Куыд хъуыды кӕныс, Библийы мӕлӕты тыххӕй цы фыст ис, ууыл ӕууӕндӕн ис?
4. Мӕлӕты тыххӕй рӕстдзинад зонын нӕ пайдайӕн у
Адӕймаг мӕлӕты тыххӕй рӕстдзинад куы фӕзоны, уӕд мӕрдтӕй нӕ фӕтӕрсы. Бакӕсут Екклесиаст 9:10 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Мӕрдтӕн сӕ бон у удӕгӕстӕн исты зиан ракӕнын?
Библийы рӕстдзинад куы зонӕм, уӕд ахӕм мӕнг хъуыдытыл не ’ууӕнддзыстӕм, зӕгъгӕ, хъуамӕ мӕрдты хорзӕх ссарыныл архайӕм кӕнӕ сын табу кӕнӕм. Бакӕсут Исайы 8:19 ӕмӕ Раргомад 4:11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, мӕрдтӕн чи табу кӕны кӕнӕ сӕ ӕххуыс чи агуры, уыдонмӕ?
Мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый куы базонӕм, уӕд ссӕрибар вӕййӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы ӕгъдӕуттӕй
5. Мӕлӕты тыххӕй рӕстдзинад кӕй зонӕм, уый нын удӕнцой хӕссы
Бирӕты уырны, куы амӕлой, уӕд се ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй кӕй хъизӕмар кӕндзысты. Фӕлӕ мӕлӕты фӕстӕ хъизӕмар ничи фӕкӕны, тынг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи арӕзта, суанг уыдон дӕр. Уый кӕй зонӕм, уый нын удӕнцой хӕссы. Бакӕсут Ромӕгтӕм 6:7 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй мӕлӕт адӕймаджы тӕригъӕдӕй ссӕрибар кӕны. Уӕдӕ, чи амард, уый ма йӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй фӕхъизӕмар кӕны?
Йегъовӕйы хуыздӕр куы базонӕм, уӕд бамбарӕм, чи амард, уыдоны хъизӕмарӕй кӕй нӕ мары. Бакӕсут Дыккаг закъон 32:4 ӕмӕ 1 Иоанны 4:8 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ, ахӕм миниуджытӕ кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау мӕрдты хъизӕмарӕй мара?
Мӕлӕты тыххӕй рӕстдзинад куы базыдтай, уӕд дын нӕ фенцон? Цӕмӕн?
ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Мӕрдты исты ис ӕви нӕ, уый ничи зоны. Фӕстӕмӕ дзы ничима раздӕхт».
Ахӕм адӕймагӕн Библийӕ цавӕр стих бакӕсис, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ ’рсабыр кӕнай?
ЦЫ БАЗЫДТАЙ
Адӕймаг куы амӕлы, уӕд ницыуал фембары. Мӕрдтӕ хъизӕмар нӕ кӕнынц, стӕй сӕ бон нӕу удӕгӕстӕн зиан ракӕнын.
Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн
Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
Мӕлӕты тыххӕй рӕстдзинад зонын нын цы пайда у?
Мӕлӕты тыххӕй рӕстдзинад кӕй зонӕм, уый нын удӕнцой куыд хӕссы?
ФЫЛДӔР ӔРМӔГ
Базон, Библийы дзырд «уд» цӕмӕ фӕамоны.
Базон, Хуыцау ӕцӕгдӕр фыдгӕнджыты зындоны хъизӕмарӕй мары ӕви нӕ.
Мӕрдтӕй тӕрсын хъӕуы?
«Мӕрдты удтӕ. Хӕрзаудӕн ныл кӕнынц ӕви фыдаудӕн? Ӕцӕгӕй дӕр сты?» (брошюрӕ, уырыссаг)
Базон, иу нӕлгоймаг мӕрдты тыххӕй рӕстдзинад куы базыдта, уӕд ын уый удӕнцой куыд ӕрхаста.