Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w14 1/7 7 ф.
  • Хуыцау цы сараздзӕн?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау цы сараздзӕн?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хорз адӕмыл ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Адӕм уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Тагъд хъизӕмӕрттӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
w14 1/7 7 ф.
Дзӕнӕт зӕххыл ӕнӕ хъизӕмӕрттӕй, ӕрмӕстдӕр амондджын адӕм ӕмӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый фӕрцы та ногӕй иумӕ чи уыдзӕн, ахӕм бинонтӕ

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХОРЗ АДӔМЫЛ ӔВЗӔР ХАБӔРТТӔ ЦӔМӔН ЦӔУЫ?

Хуыцау цы сараздзӕн?

Библи нын ӕргом зӕгъы, адӕм Хӕйрӕджы аххосӕй цы хъизӕмӕрттӕ ’взарынц, уыдонӕн Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырысти кӕрон кӕй скӕндзысты. «Хуыцауы Фырт [Йесо] дӕр уый тыххӕй ӕрцыд, цӕмӕй Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала» (1 Иоанны 3:8). Абоны дуне, адӕмы ахӕм зондыл чи аразы, цӕмӕй зыд кӕной, кӕрӕдзийӕ се сӕфт уыной ӕмӕ ’взӕр митӕ кӕной, уый, тагъд фесӕфдзӕн. «Ацы дунейы хицауы» тыххӕй та – Хӕйрӕджы тыххӕй – Чырысти загъта, зӕгъгӕ, «тард ӕрцӕудзӕн» (Иоанны 12:31). Хӕйрӕг адӕмы зонд нал хӕццӕ кӕндзӕн, ӕмӕ ралӕудзӕн, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног дуне. Уӕд ӕгас зӕххыл дӕр уыдзӕн фарн (2 Петры 3:13).

Йе ’взӕр митӕ ныууадзын кӕй нӕ фӕнды, уыдон та цы фӕуыдзысты? Ахъуыды-ма кӕн мӕнӕ ацы ныхӕстыл: «Зӕххыл цӕрдзысты рӕстзӕрдӕ адӕм, баззайдзысты йыл, ӕнӕфау чи у, уыдон. Фыдгӕнджытӕ та зӕххӕй фесӕфдзысты, мӕнгард адӕмӕй йыл иу дӕр нал баззайдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22). Фыдгӕнджытӕ никӕйуал рӕдийын кӕндзысты. Ахӕм диссаджы уавӕрты коммӕгӕс адӕм суыдзысты алцӕмӕй дӕр ӕххӕст (Ромӕгтӕм 6:17, 18; 8:21).

Ног дунейы Хуыцау ӕвзӕрдзинадӕн кӕрон куыд скӕндзӕн? Уый афтӕ нӕ бакӕндзӕн, цӕмӕй адӕмӕн сӕхицӕн сӕ бон уынаффӕтӕ хӕссын мауал уа, стӕй сӕ роботтӕ дӕр не скӕндзӕн. Хуыцау коммӕгӕс адӕмы йӕ закъӕттыл ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ сын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыдытӕй ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй фервӕзой.

Адӕм цӕй аххосӕй хъизӕмар кӕнынц, уыдӕттӕ иууылдӕр Хуыцау фесафдзӕн

Ӕмӕ Хуыцау адӕмы алыхуызон бӕллӕхтӕй та куыд фервӕзын кӕндзӕн? Зӕрдӕ нын ӕвӕры, зӕххыл цыдӕриддӕр цӕуы, ӕппӕт уыдӕттыл йӕ Паддзахадӕн тагъд йӕ бар кӕй цӕудзӕн. Хуыцау йӕ Паддзахады Паддзахӕй сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы, ӕмӕ уымӕ ис ахӕм тых, цӕмӕй рынчынты сдзӕбӕх кӕна (Матфейы 14:14). Йесойӕн йӕ бар цӕуы ӕрдзы тыхтыл дӕр (Марчы 4:35–41). Адӕймаг нал хъизӕмар кӕндзӕн, ӕнӕнхъӕлӕджы чи ’рцӕуы, уыцы бӕллӕхты аххосӕй (Екклесиаст 9:12). Адӕм Чырыстийы дӕлбар куы уой, уӕд «цӕрдзысты ӕдасӕй ӕмӕ фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзысты» (Ӕмбисӕндтӕ 1:33).

Алыхуызон бӕллӕхты цы милуангай ӕнаххос адӕм фӕмард, уыдонӕй та цы ис зӕгъӕн? Йесо йе ’мбал Лазӕры куы райгас кодта, уый хӕдразмӕ загъта: «Ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард» (Иоанны 11:25). Йесомӕ ис уыцы хъару, цӕмӕй райгас кӕна, чи амард, уыдоны.

Хорз адӕм кӕм нӕ хъизӕмар кӕндзысты, уыцы дунейы цӕрын дӕ фӕнды? Уӕд хорз уаид, Библи ахуыр кӕнын куы райдаис ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй фылдӕр куы базонис. Уыцы хъуыддаджы дын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты. Дӕ хорзӕхӕй, дӕ фӕндоны тыххӕй сӕ искӕмӕн зӕгъ кӕнӕ, ацы брошюрӕ чи уадзы, уыдонмӕ ныффысс.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын