Сывӕллӕттӕн зонд амонын куыд хъӕуы?
«Тынг тыхстӕн ӕмӕ алы машинӕйы уынӕрмӕ дӕр хъуыстон. Джордан та хӕдзармӕ афоныл не ’рбацыд. „Цымӕ кӕм ис? – хъуыды кодтон ӕз.– Мацы йыл ӕрцӕуӕд. Ау, нӕ йӕ ’мбары, кӕй йыл мӕт кӕнӕм?“ Стӕй кӕддӕр ӕрбацыд. Мӕхи йӕм тыххӕй баурӕдтон» (ДЖОРДЖ).
«Мӕ чызг ахӕм цъӕхахст ныккодта, ӕмӕ фыртӕсӕй мӕ уд ауад. Фӕстӕмӕ куы фӕкастӕн, уӕд йӕ сӕрыл хӕцыд ӕмӕ куыдта: мӕ цыппараздзыд лӕппу йӕ ныццавта» (НИКОЛЬ).
«„Давгӕ нӕ ракодтон ацы къухдарӕн. Аргӕ йӕ скодтон!“ – уыцы ӕнӕхин хуызӕй нӕм йӕ цъӕх цӕстытӕй каст, афтӕмӕй дзырдта не ’хсӕзаздзыд чызг. Кӕй йыл нӕ саст, уый нын афтӕ зын уыд, ӕмӕ кӕуын райдыдтам. Сайгӕ кӕны, уый зыдтам» (СТИВЕН).
КӔД уын сывӕллӕттӕ ис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ацы ныййарджыты хорз ӕмбарут. Ахӕм уавӕрты куы бахаут, уӕд нӕ фӕхъуыды кӕнут, мӕ сывӕллонӕн зонд куыд бацамонон кӕнӕ йын зонд амонын уӕвгӕ хъӕуы, зӕгъгӕ? Цымӕ сывӕллӕтты ӕфхӕрын раст у?
ЦЫ У ЗОНДАМЫНД?
Библийы дзырд «зондамынд» ӕмӕ дзырд «бафхӕрын»-ӕн сӕ хъуыды иу нӕу. Зондамынд сӕйраджыдӕр нысан кӕны разамынд дӕттын, ахуыр кӕнын ӕмӕ раст кӕнын. Хыл кӕнынимӕ ӕмӕ йын ӕгъатырдзинадимӕ иумӕйагӕй ницы ис (Ӕмбисӕндтӕ 4:1, 2).
Ныййарджыты зондамынд абарӕн ис, дыргъдонгӕс бӕлӕстӕм куыд фӕзилы, уыимӕ. Дыргъдонгӕс зӕхх бацӕттӕ кӕны, тала ныссадзы ӕмӕ йыл стӕй дон ӕмӕ хъацӕнтӕ фӕкӕны. Уымӕй уӕлдай йӕ фӕхъахъхъӕны алы хилджытӕй, цӕмӕй йын мацы зиан ракӕной, стӕй фӕкӕсы, цӕмӕй хӕмпӕлгӕрдӕджы бын ма фӕуа. Тала куыд фестырдӕр кӕны, афтӕ йӕ фӕхъӕуы ӕхсӕдын, цӕмӕй раст рӕза. Дыргъдонгӕс зоны, алыхуызон мадзӕлттӕй раст куы пайда кӕна ӕмӕ таламӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы зила, уӕд дзы кӕй рауайдзӕн фидар ӕмӕ хорз бӕлас. Афтӕ ныййарджытӕ дӕр хъуамӕ сӕ сывӕллӕттыл алы ӕгъдауӕй дӕр тыхсой. Хатт сывӕллӕтты фӕхъӕуы бафхӕрын дӕр. Зӕгъӕм, тала бахсӕдын куыд фӕхъӕуы, афтӕ сывӕллӕттӕн та сӕ гыццылӕй фӕхъӕуы сӕ зондахаст раст кӕнын. Фӕлӕ тала арӕхстгай фӕхъӕуы ӕхсӕдын, кӕннод бӕлас фӕсахъат уыдзӕн. Афтӕ ныййарджытӕ дӕр сӕ сывӕллӕттӕн зонд хъуамӕ амоной фӕлмӕнӕй ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ.
Уыцы хъуыддаджы сын фӕзминаг у, Библийы кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы Хуыцау Йегъовӕ. Йегъовӕ йӕ коммӕгӕс зӕххон лӕггадгӕнджытӕн зонд куыд амоны, уый сӕ цардыл хорзырдӕм фӕзыны ӕмӕ сӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцӕуы, ӕмӕ «зондамынд... бауарзынц» (Ӕмбисӕндтӕ 12:1). Уыдон «зондамындыл фидар хӕцынц» ӕмӕ йӕ нӕ уӕгъд кӕнынц (Ӕмбисӕндтӕ 4:13). Уӕдӕ зонд амонын куыд хъӕуы, уымӕй Хуыцауы куы фӕзмат, уӕд уӕ сывӕллӕттӕн зондамындмӕ хъусын ӕнцондӕр уыдзӕн. Хуыцауы зондамынды сӕйрагдӕр сты: 1) уарзондзинад, 2) ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ, 3) йӕ ныхас раив-баив кӕй нӕ кӕны, уый.
УАРЗОНДЗИНАД
Хуыцау нын зонд уый тыххӕй амоны, ӕмӕ нӕ бирӕ уарзы. Библийы фыст ис: «Йегъовӕ, кӕй уарзы, уайдзӕф дӕр уымӕн бакӕны, фыд йӕ уарзон фыртӕн куыд бауайдзӕф кӕны, афтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:12). Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны» (Рацыд 34:6). Уӕдӕ Йегъовӕ ӕгъатыр ӕмӕ дурзӕрдӕ нӕу. Стӕй фауӕн, ӕлхыскъ ӕмӕ хынджылӕг ныхас нӕ фӕкӕны. Иудзырдӕй, нӕ зӕрдӕйы «карды цӕфау» иннӕрдӕм чи ахиза, ахӕм ныхӕстӕ никуы фӕдзуры (Ӕмбисӕндтӕ 12:18).
ХЪУС ӔМ
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцаумӕ цас фӕразондзинад ис, уыйбӕрц ныййарджытӕм нӕй. Иуӕй-иу хатт хиуыл фӕхӕцын бынтон зын вӕййы, фӕлӕ ахӕм рӕстӕджыты зӕрдыл дарын фӕхъӕуы, адӕймаг йӕ сывӕллоны мӕстыйӕ куы бафхӕры, уӕд ын арӕх кӕй фегӕр вӕййы ӕмӕ дзы ӕвзӕр йеддӕмӕ хорзӕй кӕй ницы рауайы. Уымӕй уӕлдай, мӕсты куы уай, афтӕмӕй куы амонай зонд дӕ сывӕллонӕн, уӕд уый зондамынд схонӕн нӕ уыдзӕн. Уый дзурӕг уыдзӕн, дӕхиуыл хӕцын кӕй нӕ зоныс, ууыл.
Дӕ сывӕллонӕн зонд фӕлмӕнӕй ӕмӕ хиуыл хӕцгӕйӕ куы амонай, уӕд ын уый фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн. Фенӕм-ма, статьяйы райдианы кӕй ныхӕстӕ ӕрхастам, уыцы ныййарджытӕ, Джордж ӕмӕ Николь, сӕ сывӕллӕттӕн зонд куыд бацамыдтой.
ЙЕМӔ КУВ
«Джордан куы ’рбацыд, уӕд нӕхи мидӕг фыхтыстӕм, фӕлӕ нӕхиуыл фӕхӕцыдыстӕм ӕмӕ йӕм сабырӕй байхъуыстам. Ӕнафон кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ нӕ ныхас райсоммӕ аргъӕвтам. Иумӕ скуывтам ӕмӕ фынӕй кӕнынмӕ ацыдыстӕм. Дыккаг бон нын ӕнцондӕр уыди сабырӕй ныхас кӕнын ӕмӕ нӕ фырты зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарын. Джордан йӕ рӕдыдыл басаст ӕмӕ нын дзырд радта, афтӕ кӕй нал бакӕндзӕн. Хорз у, ӕмӕ йӕ бамбӕрстам, адӕймаг йӕ сывӕллонӕн зонд мӕстыйӕ куы фӕамоны, уӕд йӕ пайдайӕ йӕ зиан фылдӕр кӕй вӕййы. Фыццаг уал сывӕллонмӕ куы байхъусай, уӕд хуыздӕр уыдзӕн» (Джордж).
ЙЕМӔ НЫХАС КӔН
«Мӕ лӕппу йӕ хойы куы ныццавта, уӕд тынг рамӕсты дӕн. Фӕлӕ ӕгӕр мӕсты кӕй дӕн ӕмӕ кӕй фӕрӕдидзынӕн, уый ӕмбӕрстон, ӕмӕ уал ӕй йӕ уатмӕ арвыстон. Куы ’рсабыр дӕн, уӕд йемӕ хъӕддыхӕй аныхас кодтон ӕмӕ йын бамбарын кодтон, ахӕм митӕ кӕнӕн цӕуылнӕ ис ӕмӕ йӕ хойӕн йӕ цӕф куыд тынг фӕрыст, уый. Мӕ ныхас ӕм бахъардта. Ӕмӕ уӕд йӕ хомӕ ацыд, хатыр дзы ракуырдта ӕмӕ йын ахъӕбыс кодта» (Николь).
Уӕдӕ ныййарӕг йӕ сывӕллонӕн зонд амона ӕви йӕ ӕфхӕргӕ кӕна – уый хъуамӕ араза, кӕй йӕ уарзы, уый тыххӕй.
ӔМБАРГӔДЗИНАД
Йегъовӕ алкӕддӕр зонд фӕамоны, «куыд хъӕуы, афтӕ» (Йереми 30:11; 46:28). Йегъовӕ бафиппайы, иннӕтӕ цы нӕ фенынц, уый дӕр ӕмӕ бамбары, адӕймаг афтӕ цӕмӕн бакодта, уый. Ныййарджытӕн ӕй сӕ бон куыд у бафӕзмын? Стивен, йӕ ныхӕстӕ дӕр ын ӕрхастам статьяйы райдианы, загъта: «Натали къухдарӕн давгӕ кӕй ракодта, ууыл цӕуылнӕ саст, уый не ’мбӕрстам ӕмӕ тынг мӕт кодтам, фӕлӕ ахъуыды кодтам, нырма гыццыл кӕй у ӕмӕ уыйбӕрц кӕй не ’мбары».
Николы лӕг Роберт дӕр фӕархайы, йӕ сывӕллӕттӕ афтӕ цӕмӕн бакодтой, уый бамбарыныл. Исты куы рафыдуаг кӕнынц, уӕд ахъуыды кӕны: «Ӕрмӕстдӕр ацы хатт бакодтой афтӕ ӕви сын уый фыццаг хатт нӕу? Кӕд, мыййаг, сывӕллон фӕллад у кӕнӕ дзы исты риссы? Кӕд исты ’рцыд, ӕмӕ йӕхи афтӕ уымӕн дары?»
Ӕмбаргӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕм стыр адӕймӕгты цӕстӕй нӕ кӕсынц. Апостол Павел дӕр уый кой кодта, ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд: «Ӕз саби куы уыдтӕн, уӕд кодтон сабийы ныхӕстӕ, мӕ зонд дӕр уыди сабийы зонд» (1 Коринфӕгтӕм 13:11). Роберт зӕгъы: «Мӕхӕдӕг гыццылӕй куыд уыдтӕн, уый куы ӕрхъуыды кӕнын, уӕд мын уый баххуыс кӕны, цӕмӕй-иу уавӕрмӕ раст цӕстӕй кӕсон ӕмӕ-иу мӕхиуыл фӕхӕцон».
Уӕ сывӕллӕттӕй ӕгӕр бирӕ дӕр ма домут, ӕмӕ сын сӕ рӕдыдтытӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй дӕр ма кӕсут. Уӕ сывӕллӕттӕн сӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, ууыл ӕмӕ ӕндӕр хабӕрттыл дӕр куы хъуыды кӕнат, уӕд ӕмбаргӕйӕ архайдзыстут ӕмӕ сын зонд раст амондзыстут.
УӔ НЫХАС РАИВ-БАИВ МА КӔНУТ
Малахийы 3:6 стихы фыст ис: «Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕз нӕ ивын». Йӕ лӕггадгӕнджытӕ уый тынг хорз зонынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фӕзонынц, кӕм куыд бакӕнын хъӕуы, уый. Сывӕллӕттӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн, аразӕн сын цы ис ӕмӕ цы нӕй, уый куы зоной, уӕд. Цы сын уадзут ӕмӕ сын цы нӕ уадзут аразын, уый, цы зӕрдӕйы уагыл стут, уымӕй кӕнгӕ куы уа, уӕд уӕ сывӕллон, йӕхи куыд дара, уый нӕ зондзӕн, ӕмӕ тыхсдзӕн.
Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Йесо цы загъта, уый: «„О“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“, „нӕ“ загътат, уӕд та – „нӕ“». Ацы ныхӕстӕ хауынц сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынмӕ дӕр (Матфейы 5:37). Дӕ ныхас сӕххӕст кӕнынмӕ куы нӕ хъавай, уӕд-иу сывӕллонмӕ ӕртхъирӕн дӕр ма кӕн. Куы йын зӕгъай, йӕхи ӕвзӕр куы дара, уӕд ӕй кӕй бафхӕрдзынӕ, уӕд та-иу дӕ ныхас ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕн.
Цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ ныхас ма раив-баив кӕной, уый тыххӕй-иу хъуамӕ рагацау баныхас кӕной, куыд бакӕндзысты, уый фӕдыл. Роберт зӕгъы: «Нӕ сывӕллӕтты сӕ мад исты аразын куы нӕ бауадзы, уӕд мӕнмӕ ӕрбацӕуынц, цӕмӕй сӕ ӕз бауадзон. Фӕлӕ йӕ куы базонын, сӕ мад сӕ нӕ бауагъта, уӕд ӕз дӕр йемӕ сразы вӕййын, ӕмӕ сӕ нал бауадзын». Кӕд ныййарджытӕ, цавӕрдӕр уавӕры куыд бакӕндзысты, уый фӕдыл кӕрӕдзиимӕ разы не сты, уӕд хуыздӕр уыдзӕн, хибарӕй куы аныхас кӕниккой, ӕмӕ иу хъуыдымӕ куы ’рцӕуиккой.
ЗОНД АМОНЫН АХСДЖИАГ У
Йегъовӕйау зонд фӕлмӕнӕй ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ куы амонат ӕмӕ уӕ ныхас куы нӕ раив-баив кӕнат, уӕд уӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн. Уӕ сывӕллӕттӕй рауайдзӕн фӕлтӕрдджын ӕмӕ ӕмбаргӕ адӕймӕгтӕ ӕмӕ сӕ хъуыддӕгты тыххӕй сӕ бон дзуапп дӕттын уыдзӕн. Библийы дӕр уымӕн ис фыст: «Дӕ сывӕллоны йӕ гыццылӕй раст фӕндагыл сӕвӕр, ӕмӕ куы базӕронд уа, уӕд дӕр ӕй нӕ ныууадздзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 22:6).