Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w14 1/8 5 ф.
  • Хуыцау дӕ ӕмбары

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау дӕ ӕмбары
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцау дӕ ӕмбары?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
  • Диссаджы конд стӕм
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2016
  • «О Йегъовӕ, ды... мӕ зоныс»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • «Диссаджы арӕзт» стӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
w14 1/8 5 ф.

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХУЫЦАУ ДЫЛ ХЪУЫДЫ КӔНЫ?

Хуыцау дӕ ӕмбары

«О Йегъовӕ, ды мын басгӕрстай мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ зоныс» (ПСАЛОМ 139:1).

ДНК-йы молекулӕ ӕмӕ гуырдз

«Ды мӕ федтай, гуырдз йеддӕмӕ куы ницыма уыдтӕн, уӕд» (ПСАЛОМ 139:16)

ИУӔЙ-ИУТӔ УУЫЛ ЦӔМӔН ДЫЗӔРДЫГ КӔНЫНЦ. Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцау адӕммӕ ӕрмӕст тӕригъӕдджынты цӕстӕй кӕсы, ома сыгъдӕг не стӕм ӕмӕ уый аккаг не стӕм, цӕмӕй ныл хъуыды кӕна. Кендрӕйӕн уыд депресси, ӕмӕ йын Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕнын кӕй нӕ уад, уый тыххӕй йӕхи хордта, ӕмӕ Хуыцаумӕ дӕр нал куывта.

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ЦЫ ФЫСТ ИС. Йегъовӕ, ӕнӕххӕст кӕй дӕ, ӕрмӕст уый кӕй нӕ уыны, уымӕ гӕсгӕ ӕмбары, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймаг дӕ, уый. Библийы фыст ис: «[Хуыцау] хорз зоны, цӕмӕй конд стӕм, уый, сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу». Уымӕй уӕлдай нын «нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ» цы хъӕуы, уый нӕ бакӕны, фӕлӕ нын ныххатыр кӕны, куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд (Псалом 103:10, 14).

Израилы паддзах Давид, ацы брошюрӕйы фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уый, Хуыцаумӕ кувгӕйӕ загъта: «Ды мӕ федтай, гуырдз йеддӕмӕ куы ницыма уыдтӕн, уӕд. Дӕ чиныджы фыст уыди, ме уӕнгтӕ иууылдӕр кӕд фӕзындысты... О Хуыцау, басгар мын мӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ базон» (Псалом 139:16, 23). Давид зыдта, тӕригъӕд-иу куы ракодта – хатт та стыр тӕригъӕд дӕр – уӕд-иу Йегъовӕ кӕй федта, зӕрдӕйӕ-иу кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый.

Йегъовӕ дӕ цыфӕнды адӕймагӕй хуыздӕр ӕмбары. «Адӕймаг кӕсы, цӕст цы уыны, уымӕ, Йегъовӕ та кӕсы зӕрдӕмӕ»,– зӕгъы Библи (1 Самуилы 16:7). Хуыцау зоны, дӕхи афтӕ цӕмӕн дарыс, уый – цавӕр адӕймаг дӕ, ууыл фӕзынд, дӕ туджы цы рахастай, куыд ӕмӕ цы уавӕрты хъомыл кодтай ӕмӕ цавӕр удыхъӕды хицау дӕ. Кӕд арӕх фӕрӕдийыс, уӕддӕр Йегъовӕ уыны, аивын дӕ кӕй фӕнды, уый, ӕмӕ уымӕн аргъ кӕны.

Фӕлӕ «ӕцӕгӕй цавӕр адӕймаг дӕ», уый Хуыцау хорз кӕй ӕмбары, уый фӕрцы дын дӕ зӕрдӕ куыд сабыр кӕны?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын