Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp18 № 3 6–7 фф.
  • Хуыцау дӕ ӕмбары?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау дӕ ӕмбары?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ХУЫЦАУ ЦЫ СФӔЛДЫСТА, УЫДӔТТӔМ КӔСГӔЙӔ ЦЫ ИС БАЗОНӔН?
  • ХУЫЦАУ НӔ ХОРЗ КӔЙ ЗОНЫ, УЫЙ ТЫХХӔЙ БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС?
  • ХУЫЦАУ У ТЫНГ ТӔРИГЪӔДГӔНАГ
  • Хуыцау дӕ ӕмбары
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Хуыцау тӕригъӕдгӕнаг у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
  • «Диссаджы арӕзт» стӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • «О Йегъовӕ, ды... мӕ зоныс»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
wp18 № 3 6–7 фф.
Къамтӕ: адӕймаг гыццылӕй, гыццыл стырдӕрӕй, йӕ чындзӕхсӕвы бон, йӕ бинойнаг ӕмӕ йӕ сывӕллӕттимӕ

«Ды мӕ федтай, гуырдз йеддӕмӕ куы ницыма уыдтӕн, уӕд» (ПСАЛОМ 139:16)

Хуыцау дӕ ӕмбары?

ХУЫЦАУ ЦЫ СФӔЛДЫСТА, УЫДӔТТӔМ КӔСГӔЙӔ ЦЫ ИС БАЗОНӔН?

Ахъуыды-ма кӕн фаззӕттыл. Уыдон кӕрӕдзийыл афтӕ ӕнгом баст сты, ӕмӕ диссаг. Психолог Нэнси Сигал (йӕхицӕн ис фаззон) у, фаззӕттӕ куыд конд сты, уый чи иртасы, уыцы центры директор. Нэнси Сегал загъта, зӕгъгӕ, иуӕй-иу фаззӕттӕ кӕрӕдзи ӕнӕдзургӕйӕ дӕр хорз фембарынц (Twin Studies Center). Иу сылгоймаг, йӕ фаззон хоимӕ куыд ӕнгом баст сты, уый фӕдыл афтӕ загъта: «Мах кӕрӕдзийы тыххӕй алцыдӕр зонӕм».

Цымӕ фаззӕттӕ кӕрӕдзи цӕй фӕрцы фембарынц? Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ууыл фӕзыны, кӕм ӕмӕ куыд фӕхъомыл кӕнынц, уый, сӕйраджыдӕр та уый, ӕвӕццӕгӕн, кӕнгӕ у, фаззӕттӕн иухуызон гентӕ кӕй вӕййы, уымӕй.

АХЪУЫДЫ КӔН: Чи нӕ сфӕлдыста, уый нӕ алкӕйдӕр куыд хорз зоны, афтӕ ничи. Псаломзарӕггӕнӕг Давид загъта: «Мӕ мады гуыбыны мӕ хъахъхъӕдтай. Сусӕг ран мӕ куы скодтай... уӕд ме стджытӕ дӕуӕй ӕмбӕхст нӕ уыдысты. Ды мӕ федтай, гуырдз йеддӕмӕ куы ницыма уыдтӕн, уӕд. Дӕ чиныджы фыст уыди, ме уӕнгтӕ иууылдӕр кӕд фӕзындысты» (Псалом 139:13, 15, 16). Ӕрмӕстдӕр Хуыцау зоны, куыд конд стӕм, уый ӕмӕ ӕмбары, царды ныл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон ныл куыд фӕзындысты, уый. Хуыцау нын не сконд хорз кӕй зоны, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ алы хъуыддаджы дӕр хорз ӕмбары.

ХУЫЦАУ НӔ ХОРЗ КӔЙ ЗОНЫ, УЫЙ ТЫХХӔЙ БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС?

Давид куывта: «О Йегъовӕ, ды мын басгӕрстай мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ зоныс. Ды йӕ зоныс, кӕд ӕрбадын ӕмӕ кӕд сыстын. Мӕ хъуыдытӕ мын дардӕй дӕр базоныс. Нырма зӕгъгӕ дӕр ницы фӕкӕнын, афтӕ йӕ ды фӕзоныс, о Йегъовӕ, цы зӕгъинаг дӕн, уый» (Псалом 139:1, 2, 4). Йегъовӕ ма нын зоны не ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ нын суанг нӕ «алы хъуыды ӕмӕ нӕ алы фӕнд дӕр базоны» (1 Азфыстыты 28:9; 1 Самуилы 16:6, 7). Ацы ныхӕстӕй Хуыцауы тыххӕй цы базонӕн ис?

Кӕд Хуыцаумӕ кувгӕйӕ нӕ бон нӕ вӕййы не ’ппӕт хъуыдытӕ ӕмӕ не ’нкъарӕнты тыххӕй зӕгъын, уӕддӕр не Сфӕлдисӕг фӕуыны, цы аразӕм, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма фӕзоны, цӕмӕн ӕй аразӕм, уый дӕр. Стӕй ма ӕмбары, зӕрдиагӕй нӕ кӕй фӕфӕнды хорзӕй цыдӕр саразын, фӕлӕ, нӕ бон алцы кӕй нӕу, уый тыххӕй кӕй нӕ бафты уый нӕ къухы. Хуыцау нын нӕ зӕрдӕты фыццаджыдӕр уарзондзинад кӕй бавӕрдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ тынг фӕнды, цӕмӕй уына, хорз хъуыдытӕ ӕмӕ нӕм фӕндтӕ кӕй ис (1 Иоанны 4:7–10).

Хуыцау алцыдӕр уыны ӕмӕ зоны. Уый фӕзоны, зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарӕм, уый иннӕтӕ куы нӕ фӕзонынц, йе та нӕ куы нӕ фембарынц, суанг уӕд дӕр

Библи нын зӕгъы

  • «Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ зӕрдиаг куывдтытӕм» (1 ПЕТРЫ 3:12).

  • Хуыцау нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Ӕмбаргӕдзинад дын ратдзынӕн ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараздзынӕн. Ратдзынӕн дын уынаффӕ ӕмӕ дӕм мӕ цӕст дардзынӕн» (ПСАЛОМ 32:8).

ХУЫЦАУ У ТЫНГ ТӔРИГЪӔДГӔНАГ

Хуыцау нын нӕ уавӕр кӕй ӕмбары, уый куы зонӕм, уӕд нын уый зын уавӕрты куыд ӕххуыс кӕндзӕн? Ӕркӕсӕм-ма, Нигерийӕ иу сылгоймаг Аннӕйыл цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Аннӕ загъта: «Тынг зын уавӕры куы уыдтӕн, уӕд хъуыды кодтон, цымӕ цӕмӕн цӕрын, зӕгъгӕ. Идӕдзӕй баззадтӕн ӕмӕ мӕ 9-аздзыд чызджы иунӕгӕй хъомыл кодтон. Мӕ чызгӕн уыд гидроцефалия (йӕ сӕрымагъзы дон ӕмбырд кодта) ӕмӕ рынчындоны хуыссыд. Мӕхицӕн та мӕ риуы рак ссардтой. Хъуамӕ мын операци скодтаиккой, стӕй та радио- ӕмӕ химиотерапи. Рынчындоны мын куыд зын уыди, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг мӕ чызджы дӕр ӕххуыс хъуыди».

Аннӕйӕн зын уавӕр сфӕразынӕн цы баххуыс кодта? Аннӕ загъта: «Хъуыды-иу кодтон Библийы стихтыл, зӕгъӕм, Филиппӕгтӕм 4:6, 7 стихты ныхӕстыл, зӕгъгӕ, Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн, бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд. Ацы ныхӕстӕ-иу мӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууыдысты, уӕд-иу бамбӕрстон, Йегъовӕ мӕм куыд ӕввахс у ӕмӕ мӕ мӕхицӕй хуыздӕр кӕй ӕмбары. Стӕй ма мӕ ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр тынг фидар кодтой.

Кӕд нырма мӕ низимӕ тох кӕнын, уӕддӕр нын гыццыл фенцондӕр. Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕ гӕсгӕ сахуыр стӕм зындзинӕдтӕм раст цӕстӕй кӕсын. Иаковы 5:11 стихы фыст ис: „Мах амондджын хонӕм, кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууыд, уыдоны. Сымах фехъуыстат, Иов куыд фидар разынд, уый тыххӕй, ӕмӕ зонут, Йегъовӕ хъуыддаг куыд ахицӕн кодта, уый дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы базыдтат, Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у“». Йегъовӕ ӕмбӕрста, Иов цы уавӕры уыд, уый. Ӕмӕ мах дӕр фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ нӕ цыфӕнды зын уавӕры дӕр кӕй ӕмбардзӕн.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын