Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp18 № 3 4–5 фф.
  • Хуыцау дыл тыхсы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау дыл тыхсы?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ХУЫЦАУ ЦЫ СФӔЛДЫСТА, УЫДӔТТӔМ КӔСГӔЙӔ ЦЫ ИС БАЗОНӔН?
  • ХУЫЦАУ НЫЛ КӔЙ ТЫХСЫ, УЫЙ ТЫХХӔЙ БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС?
  • «АФТӔ МӔМ КАСТ, ӔМӔ МӔ ЙЕГЪОВӔ НӔ УАРЗЫ»
  • Сывӕллон фӕивы бинонты цард
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Сывӕллон бинонты цард куыд аивы?
    Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
  • «Хуыцау у уарзондзинад»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • Кӕсджыты фарстатӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
wp18 № 3 4–5 фф.
Лӕг ӕмӕ ус парчы бадынц ӕмӕ цъиутӕм кӕсынц

«Сымах зынаргъдӕр стут» (МАТФЕЙЫ 10:31)

Хуыцау дыл тыхсы?

ХУЫЦАУ ЦЫ СФӔЛДЫСТА, УЫДӔТТӔМ КӔСГӔЙӔ ЦЫ ИС БАЗОНӔН?

Сывӕллон куы райгуыры, уӕд тынг ахсджиаг вӕййы, цӕмӕй йӕ царды фыццаг сахат йӕ мады фарсмӕ уа. Сывӕллоныл йӕ мад куы баузӕлы, уӕд ыл уый хорзырдӕм фӕзыны ӕмӕ хуыздӕр фӕрӕзыa.

Цымӕ ныййарӕг мад йӕ ноггуырд сывӕллоныл цӕмӕн фӕузӕлы? Профессор Жаннет Креншоу уый фӕдыл ныффыста, зӕгъгӕ, сылгоймагӕн сывӕллон куы райгуыры, уӕд йӕ туджы сбирӕ вӕййы гормон окситоцин, ӕмӕ йӕ уый фӕрцы фӕфӕнды йӕ сывӕллонмӕ ӕвналын, узӕлын, кӕсын ӕмӕ йын дзидзи дарын (The Journal of Perinatal Education). Уыцы рӕстӕг ма мады туджы сбирӕ вӕййы ӕндӕр гормон, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ сывӕллонмӕ йӕ хъус фӕдары ӕмӕ йыл ноджы ӕнувыддӕр вӕййы. Уый ахсджиаг цӕмӕн у?

Мад ӕмӕ сывӕллоны ’хсӕн ахӕм фидар тӕгтӕ кӕй фӕзыны, уый у нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕг Йегъовӕb Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ. Паддзах Давид Хуыцауы кадджын кодта, йӕ мады гуыбынӕй йӕ кӕй ракодта ӕмӕ йӕ мады хъӕбысы кӕй ницӕмӕй тарст, уый тыххӕй. Давид куывта: «Дӕ бар мӕ бакодтой мӕ райгуырдӕй. Мӕ мады гуыбыны куы уыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ ды дӕ мӕ Хуыцау» (Псалом 22:9, 10).

АХЪУЫДЫ КӔН: Кӕд Хуыцау сылгоймаджы афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй йӕ сывӕллоныл тыхса ӕмӕ йыл узӕла, уӕд цымӕ йӕхӕдӕг йӕ «цотыл», ома махӕй алкӕуылдӕр, нӕ тыхсы? (Хъуыддӕгтӕ 17:29).

ХУЫЦАУ НЫЛ КӔЙ ТЫХСЫ, УЫЙ ТЫХХӔЙ БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС?

Не Сфӕлдисӕджы Йесо Чырыстийӕ хуыздӕр ничи зоны, ӕмӕ Чырысти загъта: «Дыууӕ сырддонцъиуы лыстӕг ӕхцайыл нӕ уӕй кӕнынц? Фӕлӕ уыдонӕй иу дӕр зӕхмӕ, уӕ Фыд ӕй ма зона, афтӕмӕй не ’рхаудзӕн. Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр иууылдӕр нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут» (Матфейы 10:29–31).

Гыццыл цъиуты бирӕтӕ хъуыды дӕр не ’ркӕнынц, уӕдӕ, зӕхмӕ кӕй ӕрхауынц, уымӕ та сӕ хъус ӕппындӕр нӕ фӕдарынц. Фӕлӕ нӕ уӕларвон Фыд уыцы цъиутӕй алкӕй дӕр уыны! Цъиутӕ цыфӕнды бирӕ ма уой, уӕддӕр адӕймагӕй зынаргъдӕр не сты. Уӕдӕ «ма тӕрс» – Хуыцауӕй рох нӕ дӕ. Уый дыл тынг тыхсы!

Хуыцауы нӕ хорз фӕнды ӕмӕ ныл зӕрдиагӕй тыхсы

Библи нын зӕгъы

  • «Йегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса» (2 АЗФЫСТЫТЫ 16:9).

  • «Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ дзыназынмӕ» (ПСАЛОМ 34:15).

  • «Мӕ зӕрдӕ цинӕй райдзӕн ӕмӕ цин кӕндзынӕн де ’нувыд уарзтыл, уымӕн ӕмӕ мын федтай мӕ мӕстытӕ, базыдтай мын мӕ уды хъизӕмар» (ПСАЛОМ 31:7).

«АФТӔ МӔМ КАСТ, ӔМӔ МӔ ЙЕГЪОВӔ НӔ УАРЗЫ»

Хуыцау ныл зӕрдиагӕй кӕй тыхсы ӕмӕ нӕ кӕй уарзы, уый зонын исты пайда у? Куыннӕ! Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Английӕ иу сылгоймаг Аннӕйыc ныхӕстӕй.

«Бирӕ, тынг бирӕ хӕттыты мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мӕ Йегъовӕ нӕ уарзы ӕмӕ мын мӕ куывдтытӕ нӕ хъусы. Ӕнхъӕлдтон, афтӕ уымӕн у, ӕмӕ мӕм фаг уырнындзинад нӕй. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ Хуыцау ӕфхӕры кӕнӕ мӕ ницӕмӕ дары, уымӕн ӕмӕ мын нӕ аргъ кӕны. Хъуыды кодтон, Хуыцау мыл кӕй нӕ тыхсы».

Фӕлӕ ныр Аннӕ нал дызӕрдыг кӕны, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы ӕмӕ йыл кӕй тыхсы. Цымӕ цӕуылнӕ? Аннӕ загъта: «Сабыргай-сабыргай мӕ хъуыды аивтон. Хъуыды ма йӕ кӕнын, кӕддӕр мын Чырыстийы нывонды тыххӕй иу раныхас куыд баххуыс кодта. Уӕд мӕ бауырныдта, Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы. Йегъовӕ-иу мын мӕ куывдтытӕ куы фехъуыста, уӕд-иу арӕх мӕ цӕссыгтӕ нӕ баурӕдтон, уымӕн ӕмӕ-иу уӕд бамбӕрстон, тынг бирӕ мӕ кӕй уарзы. Стӕй ма Библи кӕй ахуыр кодтон ӕмӕ ӕмбырдтӕм кӕй цыдтӕн, уый фӕрцы хуыздӕр базыдтон Йегъовӕйы ӕмӕ нӕм цы зӕрдӕ дары, уый. Ныр ӕй зонын, Йегъовӕ не ’ппӕты дӕр кӕй уарзы ӕмӕ алкӕмӕ дӕр йӕ хъус кӕй дары».

Аннӕйы ныхӕстӕ нӕ ныфс уадзынц. Фӕлӕ куыд базонӕн ис, Хуыцау дӕ кӕй ӕмбары ӕмӕ дӕ кӕй уарзы, уый? Ууыл дзырд цӕуы иннӕ статьяйы.

a Иуӕй-иу сылгоймӕгтӕ сывӕллоны райгуырды фӕстӕ сӕхимӕ ныхъхъусынц, ома сын вӕййы послеродовая депрессия, ӕмӕ сын сӕ сывӕллонмӕ зилын зын вӕййы. Фӕлӕ хъуамӕ сӕхи ма аххосджын кӕной. Америкӕйы Иугонд Штатты Психиатрийы институт куыд зӕгъы, афтӕмӕй, сылгоймагмӕ депресси фӕзыны, «цыдӕр кӕй аразы кӕнӕ кӕй нӕ аразы, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ... буары цыдӕр ивындзинӕдтӕ кӕй ӕрцӕуы ӕмӕ уый нервытыл дӕр кӕй фӕзыны, уый тыххӕй». Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс 2003 азы 8 июны «Пробудитесь», статья «Диагноз: послеродовая депрессия».

b Библимӕ гӕсгӕ Хуыцауы ном у Йегъовӕ (Псалом 83:18).

c Ацы статьяты иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын