6 ХАЙ
Сывӕллон бинонты цард куыд аивы?
«Фырттӕ сты бынтӕ Йегъовӕйӕ» (Псалом 127:3)
Сывӕллоны райгуырд ныййарджытӕн стыр циндзинад ӕрхӕссы, фӕлӕ ма сын уыимӕ ног хӕстӕ дӕр фӕзыны. Кӕд уын сывӕллон ӕрӕджы райгуырд, уӕд уӕм, чи зоны, тынг диссаг фӕкӕса, цас рӕстӕг ӕмӕ йыл цас тыхтӕ цӕуы. Ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕ кӕй фервитут ӕмӕ уӕ зӕрдӕйы ног ӕнкъарӕнтӕ кӕй фӕзыны, уый уӕ бинонты цардыл, гӕнӕн ис, ӕвзӕрырдӕм фӕзына. Ӕмӕ цӕмӕй уӕ сывӕллонмӕ дӕр кӕсат ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийӕ дӕр ма адард уат, уый тыххӕй уӕ дыууӕйы дӕр хъӕудзӕн исты аивын. Ацы хъуыддаджы уын Библийы уынаффӕтӕ куыд баххуыс кӕндзысты?
1 СЫВӔЛЛОН НЫЙЙАРДЖЫТЫ ЦАРД КУЫД АИВЫ
БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ», стӕй, «йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны, уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы» (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5). Сылгоймаг хъӕбулы ад фыццаг хатт куы бамбары, уӕд ын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ царды уымӕй сӕйрагдӕр ничиуал вӕййы. Фӕлӕ йӕ лӕгмӕ афтӕ кӕсын райдайы, цыма йӕ бинойнаджы нал хъӕуы. Уӕдӕ уый дӕр хъуамӕ рохуаты ма баззайа. Фӕразон ӕмӕ фӕлмӕн куы уай, уӕд ӕй ӕмбардзӕн, кӕй йӕ уарзыс ӕмӕ-иу дӕм сывӕллонмӕ фӕкӕсынӕн дӕр аххуыс кӕндзӕн.
«Лӕгтӕ, уӕ устытимӕ цӕрут, ӕмбарут сӕ, афтӕмӕй» (1 Петры 3:7). Хъуамӕ ӕмбарай, дӕ бинойнагӕн йӕ тыхтӕ иууылдӕр сывӕллоныл кӕй цӕудзысты. Ног хӕстӕ йын кӕй фӕзынд, уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, тыхса, мӕсты кӕна кӕнӕ суанг йӕхимӕ дӕр ныхъхъуса. Иуӕй-иу хатт дӕм-иу, гӕнӕн ис, мӕсты дӕр суа кӕнӕ-иу дыл йӕ пырх дӕр ныккала. Фӕлӕ-иу дӕхиуыл фӕхӕц, уымӕн ӕмӕ, «йӕ маст уромын чи зоны, уый тыхджын адӕймагӕй хуыздӕр у» (Ӕмбисӕндтӕ 16:32). Арфуынӕг у ӕмӕ-иу ын йӕ къух фӕрогдӕр кӕн (Ӕмбисӕндтӕ 14:29).
ЦЫ ИС САРАЗӔН?
Фыдӕлтӕн. Дӕ бинойнагӕн ӕххуыс кӕн уӕ сывӕллонмӕ кӕсынӕн, ӕхсӕвыгон-иу дӕ куы хъӕуа сыстын, уӕд дӕр. Ӕндӕр хъуыддӕгтыл къаддӕр рӕстӕг хардз кӕн, цӕмӕй дӕ бинойнаг ӕмӕ дӕ хъӕбулимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитай.
Мадӕлтӕн. Дӕ лӕг дын куы зӕгъа, сывӕллонмӕ фӕкӕсынӕн дын аххуыс кӕнон, зӕгъгӕ, уӕд-иу ӕй бауадз. Исты йын бынтон хорз куы нӕ уайа, уӕд дӕр-иу ӕй ма фау, фӕлӕ-иу ын ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй бацамон, куыд кӕнын ӕй хъӕуы, уый.
2 КӔРӔДЗИМӔ ӔНГОМДӔР КӔНУТ
БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» (Райдиан 2:24). Кӕд ныр дыууӕ нӕ, фӕлӕ ӕртӕ стут, уӕддӕр ды ӕмӕ дӕ цардӕмбал стут «иу буар». Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй кӕрӕдзийӕ ма адард уат.
Сылгоймӕгтӕ, уӕ сӕрыхицӕуттӕ уӕ фарсмӕ кӕй балӕууынц ӕмӕ уын кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕн аргъ кӕнут. Се ’ххуысы тыххӕй сӕ бузныг кӕй стут, уый сын куы дзурат, уӕд сын уый уыдзӕн «ӕвдадзы хос» (Ӕмбисӕндтӕ 12:18). Нӕлгоймӕгтӕ, уӕ бинойнӕгтӕн дзурут, куыд тынг сӕ уарзут ӕмӕ сын куыд тынг аргъ кӕнут. Ӕппӕлут сӕ, бинонты тыххӕй сӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрдынц, уый тыххӕй (Ӕмбисӕндтӕ 31:10, 28).
«Алчидӕр хъуыды кӕнӕд иннӕйы пайдайыл, йӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ» (1 Коринфӕгтӕм 10:24). Алкӕддӕр архай, цӕмӕй дӕ цардӕмбалӕн хорз уа. Рӕстӕг-иу ссарут аныхас кӕнынӕн, кӕрӕдзийӕн ныфсы ныхӕстӕ зӕгъынӕн ӕмӕ кӕрӕдзимӕ байхъусынӕн. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, дзырд ууыл куы цӕуа, уӕд иу иннӕйы пайдайыл хъуыды кӕнӕд. Ацы хъуыддаджы дын сӕйрагдӕр уӕд дӕхи нӕ, фӕлӕ дӕ цардӕмбалы фӕндон. Библийы фыст ис: «Уыцы хъуыддаджы уӕ кӕрӕдзийӕн „нӕ“ ма дзурут» (1 Коринфӕгтӕм 7:3–5). Ацы хъуыддагыл ӕргом ныхас кӕнут. Фӕразон куы уат ӕмӕ кӕрӕдзи куы ӕмбарат, уӕд ӕнгомдӕр кӕндзыстут.
ЦЫ ИС САРАЗӔН?
Уӕ кӕрӕдзийӕн-иу рӕстӕг ссарут.
Дӕ цардӕмбалӕн гыццыл хъуыддӕгтӕй дӕр ӕвдис, кӕй йӕ уарзыс, уый. Зӕгъӕм, цалдӕр ныхасы йӕм афысс кӕнӕ йын исты гыццыл лӕвар скӕн.
3 УӔ СЫВӔЛЛОНЫ АХУЫР КӔНУТ
БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Ды дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зоныс сыгъдӕг Фыстытӕ – уыдон дын ратдзысты ахӕм зонд, цӕмӕй фервӕзай» (2 Тимофеймӕ 3:15). Баныхас кӕнут уӕ сывӕллоны куыд ахуыр кӕндзыстут. Сывӕллоны магъз ахӕм диссаг у, ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнӕн ис, йӕ райгуырды размӕ дӕр. Нырма гуыбыны куы вӕййы, уӕд дӕр уын уӕ хъӕлӕстӕ февзары ӕмӕ, цы зӕрдӕйы уагыл вӕййут, уый фембары. Кӕд нырма гыццыл у, уӕд дӕр-иу ын истытӕ кӕсут. Цы йын кӕсут, уый куы нӕма ӕмбара, уӕддӕр уый фӕрцы кӕсын бауарздзӕн.
Сывӕллонӕн Хуыцауы тыххӕй дзурын ӕгӕр раджы никуы вӕййы. Уадз ӕмӕ дӕ сывӕллон хъуса, Йегъовӕмӕ куыд кувыс, уый (Дыккаг закъон 11:19). Йемӕ куы хъазай, уӕд дӕр-иу ын дзур, Хуыцау цы сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй (Псалом 78:3, 4). Уӕ сывӕллон куы фестырдӕр уа, уӕд ӕй ӕмбардзӕн, Йегъовӕйы куыд уарзут, уый, ӕмӕ йӕ уый дӕр уарздзӕн.
ЦЫ ИС САРАЗӔН?
Хуыцаумӕ кувут, цӕмӕй уын уӕ сывӕллоны хъомыл кӕнынӕн ӕмбарындзинад радта.
Цӕмӕй уӕ сывӕллон гыццылӕй ахуыр кӕнын райдайа, уый тыххӕй-иу ын сӕйраг ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыдытӕ цалдӕр хатты дӕр зӕгъут.