Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • hf 1 сӕр 1–3 хӕйттӕ
  • Хуыцаумӕ хъусут, ӕмӕ амондджын уат

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцаумӕ хъусут, ӕмӕ амондджын уат
  • Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • 1 ЙЕГЪОВӔ УЫЛ ЦЫ ХӔСТӔ СӔВӔРДТА, УЫДОН ӔХХӔСТ КӔНУТ
  • 2 ДӔ ЦАРДӔМБАЛЫЛ ХЪУЫДЫ КӔН
  • 3 ИУ ЗОНДЫЛ ХӔСТ УТ
  • Дӕ цардӕмбалӕн аргъ кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Кӕрӕдзийыл иузӕрдион ут
    Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
  • Уӕ кӕрӕдзийы бинонтимӕ фӕрнӕй цӕрут
    Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
  • Арӕхдӕр цӕмӕй фӕхъаст кӕнынц ӕмӕ цы ис бакӕнӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
hf 1 сӕр 1–3 хӕйттӕ
Лӕг ӕмӕ ус сӕ чындзӕхсӕвы бон

1 ХАЙ

Хуыцаумӕ хъусут, ӕмӕ амондджын уат

«Райдианы сӕ чи сфӕлдыста, уый сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй... сфӕлдыста» (Матфейы 19:4)

Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы цард баиу кодта Хуыцау Йегъовӕa. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцау сылгоймаджы сфӕлдыста ӕмӕ йӕ «адӕймагмӕ ӕрбакодта». Адамы цинӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ загъта: «Кӕдӕй-уӕдӕй! Ай у стӕг ме стӕгӕй, ӕмӕ буар мӕ буарӕй» (Райдиан 2:22, 23). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй абон дӕр бинонтӕ амондджын уой.

Адӕймаг йӕ цард искӕимӕ куы баиу кӕны, уӕд ӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йӕ цардӕмбалимӕ никуы ницӕмӕй фӕтыхсдзысты. Фӕлӕ лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи цыфӕнды тынг куы фӕуарзынц, уӕддӕр зындзинӕдтӕй хызт нӕ вӕййынц (1 Коринфӕгтӕм 7:28). Ацы брошюрӕйы Библийӕ цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы аразат уӕ цард, уӕд амондджын уыдзыстут (Псалом 19:8–11).

1 ЙЕГЪОВӔ УЫЛ ЦЫ ХӔСТӔ СӔВӔРДТА, УЫДОН ӔХХӔСТ КӔНУТ

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? Нӕлгоймаг у бинонты хистӕр (Ефесӕгтӕм 5:23).

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй лӕг йӕ усыл тыхса (1 Петры 3:7). Хуыцау сылгоймаджы сфӕлдыста, цӕмӕй нӕлгоймагӕн, йемӕ чи сфидауа, ахӕм ӕххуысгӕнӕг уа, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй лӕг йӕ усӕн кад кӕна ӕмӕ йӕ уарза (Райдиан 2:18). Лӕг хъуамӕ йӕ усы афтӕ тынг уарза, ӕмӕ йыл йӕхицӕй тынгдӕр хъуыды кӕна (Ефесӕгтӕм 5:25–29).

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ус йӕ лӕджы нымайа ӕмӕ йын йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн ӕххуыс кӕна (1 Коринфӕгтӕм 11:3; Ефесӕгтӕм 5:33). Нӕлгоймаг исты уынаффӕ куы рахӕсса, уӕд ыл сылгоймаг хъуамӕ сразы уа ӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй йӕ фарсмӕ балӕууа (Колоссӕгтӕм 3:18). Уӕд ын йӕ цардӕмбалы цӕсты дӕр ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты дӕр стыр кад уыдзӕн (1 Петры 3:1–6).

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Дӕ цардӕмбалы бафӕрс, цы у дӕ бон саразын, цӕмӕй йын хуыздӕр уай. Лӕмбынӕг ӕм байхъус, ӕмӕ дӕ аивын цы хъӕуа, уый-иу аив.

  • Фӕразон у. Цӕмӕй кӕрӕдзийӕн циндзинад хӕссын сахуыр уат, уый тыххӕй хъӕуы рӕстӕг.

2 ДӔ ЦАРДӔМБАЛЫЛ ХЪУЫДЫ КӔН

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? Хъуыды кӕн, дӕ цардӕмбалӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл (Филиппӕгтӕм 2:3, 4). Ахӕм цӕстӕй йӕм кӕс, цыма зынаргъ лӕвар у, ӕмӕ дӕ рох макуы уӕд, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ «алкӕимӕ дӕр уой фӕлмӕн» (2 Тимофеймӕ 2:24). «Ӕнӕрхъуыды адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕ сты карды цӕфау, зондджыны ӕвзаг та у ӕвдадзы хос». Уӕдӕ-иу исты зӕгъыны размӕ дӕ ныхӕстыл хорз ахъуыды кӕн (Ӕмбисӕндтӕ 12:18). Йегъовӕйы сыгъдӕг тых дын баххуыс кӕндзӕн дӕ цардӕмбалимӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй ныхас кӕнынӕн (Галатӕгтӕм 5:22, 23; Колоссӕгтӕм 4:6).

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Дӕ цардӕмбалимӕ уӕ исты ахсджиаг хъуыддӕгтыл аныхас кӕнын куы хъӕуа, уӕд-иу уый размӕ Йегъовӕмӕ скув, цӕмӕй фӕразон уай ӕмӕ-иу ын йӕ хъуыды бамбарай.

  • Цы зӕгъдзынӕ, стӕй йӕ куыд зӕгъдзынӕ, ууыл-иу хорз ахъуыды кӕн.

3 ИУ ЗОНДЫЛ ХӔСТ УТ

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? Уӕ цард куы баиу кодтат, уӕд систут «иу буар» (Матфейы 19:5). Фӕлӕ уӕддӕр стут дыууӕ алыхуызон адӕймаджы ӕмӕ, чи зоны, цӕмӕдӕрты ӕмхуызон цӕстӕй нӕ кӕсут. Уый тыххӕй хъуамӕ ӕмвӕнд ӕмӕ ӕмзондӕй архайын сахуыр уат (Филиппӕгтӕм 2:2). Иу зондыл хӕст куы уат, уӕд уын уынаффӕтӕ хӕссын ӕнцондӕр уыдзӕн. Библийы фыст ис: «Уынаффӕйы фӕрцы адӕймагӕн йӕ фӕндтӕ йӕ къухы бафтынц» (Ӕмбисӕндтӕ 20:18). Уӕдӕ ахсджиаг уынаффӕ хӕсгӕйӕ Библийы уагӕвӕрдтӕй пайда кӕнут (Ӕмбисӕндтӕ 8:32, 33).

Лӕг ӕмӕ ус алцыдӕр иумӕ аразынц: дзаумӕттӕ ауындзынц, къустӕ ӕхсынц

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Дӕ цардӕмбалӕн-иу ӕрмӕст дӕ хъуыдытӕ ма дзур, фӕлӕ-иу ын дӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ дӕр раргом кӕн.

  • Искӕмӕн исты дзырд раттыны размӕ-иу дӕ цардӕмбалимӕ аныхас кӕн.

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.

АЛЦӔМӔДӔР РАСТ ЦӔСТӔЙ КӔСУТ

Дӕ цардӕмбалӕй дӕр ӕмӕ дӕхицӕй дӕр ӕгӕр бирӕ ма дом, уымӕн ӕмӕ алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг нӕй (Псалом 103:14; Иаковы 3:2). Хъуыды кӕн, дӕ цардӕмбалмӕ цы хорз миниуджытӕ ис, уыдоныл. Ма дызӕрдыг кӕн, Библийы уагӕвӕрдтӕ уын кӕй баххуыс кӕндзысты, ууыл, ӕмӕ фӕразон у (2 Тимофеймӕ 3:16). Йегъовӕйы уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрыныл куы архайат, уӕд уын уӕ фыдӕбонӕн раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ, рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр кӕндзыстут (Галатӕгтӕм 6:9).

АХЪУЫДЫ КӔН...

  • Мӕ цардӕмбал ӕй уыны, мӕхицӕй йыл тынгдӕр кӕй тыхсын?

  • Мӕ цардӕмбалы кӕй уарзын ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕнын, уый йын абон истӕмӕй равдыстон?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын