Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • hf 5 сӕр 1–2 хӕйттӕ
  • Уӕ кӕрӕдзийы бинонтимӕ фӕрнӕй цӕрут

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕ кӕрӕдзийы бинонтимӕ фӕрнӕй цӕрут
  • Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • 1 УӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔН АРГЪ КӔНУТ
  • 2 КУЫ ХЪӔУА, УӔД-ИУ ФИДАР ФӔЛӔУУ
  • Кӕрӕдзийыл иузӕрдион ут
    Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
  • Хуыцаумӕ хъусут, ӕмӕ амондджын уат
    Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
  • Дӕ цардӕмбалӕн аргъ кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Зындзинӕдты сӕрты куыд ис хизӕн?
    Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
Фылдӕр фенын
Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
hf 5 сӕр 1–2 хӕйттӕ
Ӕфсины зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, чындз хӕринаг куыд цӕттӕ кӕны, уый

5 ХАЙ

Уӕ кӕрӕдзийы бинонтимӕ фӕрнӕй цӕрут

«Ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон» (Колоссӕгтӕм 3:12)

Адӕймаг йӕ цард искӕимӕ куы баиу кӕны, уӕд дыууӕйӕ свӕййынц ног бинонтӕ. Ӕмӕ кӕд дӕ ныййарджыты уарзыс, уӕддӕр дын ныр зӕххы цъарыл дӕ цардӕмбалӕй зынаргъдӕр ничи ис. Ууыл, чи зоны, уӕ ныййарджытӕ тагъд ма сахуыр уой. Фӕлӕ уын Библийы уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уӕ кӕрӕдзийы ныййарджытимӕ дӕр фӕрнӕй цӕрат ӕмӕ дӕ цардӕмбалимӕ дӕр кӕрӕдзийыл ноджы ӕнувыддӕр уат. Ацы статьяйы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй пайда кӕнӕн ис, дзырд иннӕ хиуӕттыл куы цӕуа, уӕд дӕр.

1 УӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔН АРГЪ КӔНУТ

Лӕг ӕмӕ ус сӕ рӕстӕг сӕ ныййарджытимӕ ӕрвитынц

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады» (Ефесӕгтӕм 6:2). Цасфӕнды дыл куы цӕуа, уӕддӕр хъуамӕ дӕ ныййарджытӕн кад кӕнай ӕмӕ сӕ нымайай. Стӕй дӕ цардӕмбалӕн дӕр йӕ хӕс у, цӕмӕй йӕ ныййарджытыл тыхса. «Уарзондзинад хӕлӕг нӕ кӕны» (1 Коринфӕгтӕм 13:4; Галатӕгтӕм 5:26). Уӕдӕ дӕм афтӕ ма кӕсӕд, ӕмӕ дӕ цардӕмбал йӕ ныййарджытимӕ ӕнгом куы уа, уӕд дӕуӕй адард уыдзӕн.

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Уӕхи хизут ахӕм ныхӕстӕй: «Дӕ бинонтӕ мӕ ӕдзух ӕфхӕргӕ кӕнынц». Кӕнӕ: «Цыфӕнды ма аразон – дӕ мады зӕрдӕмӕ никуы фӕцӕуы».

  • Архай, дӕ цардӕмбал хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый бамбарыныл.

2 КУЫ ХЪӔУА, УӔД-ИУ ФИДАР ФӔЛӔУУ

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» (Райдиан 2:24). Адӕймаг бинонтӕ куы скӕны, уӕд дӕр ма йӕ ныййарджытӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма ныр дӕр сывӕллон у ӕмӕ ӕнӕ уыдоны уынаффӕтӕй цӕрын нӕ базондзӕн.

Дӕ цардӕмбалимӕ-иу баныхас кӕнут, уӕ ныййарджытимӕ ӕрмӕстдӕр цавӕр хъуыддӕгты фӕдыл уынаффӕ кӕндзыстут, ӕмӕ-иу сын уый фӕстӕ уӕ хъуыды уӕзданӕй бамбарын кӕнут. Семӕ-иу ӕргом, фӕлӕ фӕлмӕн ныхас кӕнут (Ӕмбисӕндтӕ 15:1). Сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ фӕразон куы уат, уӕд уӕ бинонтимӕ хӕларӕй цӕрдзыстут ӕмӕ «уарзондзинады фӕрцы кӕрӕдзийӕн бардзыстут» (Ефесӕгтӕм 4:2).

Лӕг ӕмӕ ус ныхас кӕнынц; сӕ ныййарджытӕн хуын ӕрбахастой

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уын уӕ ныййарджытӕ ӕгӕр бирӕ уынаффӕтӕ дӕттынц, уӕд дӕ цардӕмбалимӕ аныхас кӕн, ӕрмӕст мӕстыйӕ нӕ.

  • Ахӕм уавӕрты куыд кӕндзыстут, уый фӕдыл иу хъуыдымӕ ӕрцӕут.

УӔ НЫЙЙАРДЖЫТЫ БАМБАРУТ

Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй уӕ ныййарджыты зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ цы хъуыды кӕнынц, уый бамбарат. Кӕй уыл тыхсынц, уынаффӕтӕ дӕр уын уый тыххӕй дӕттынц. Ныййарджытӕн зын вӕййы бамбарын, сӕ сывӕллӕттӕн ныр сӕхи бинонтӕ кӕй ис, уый. Чи зоны, сӕм афтӕ дӕр фӕкӕсы, ӕмӕ уӕ нал хъӕуынц. Фӕлӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайат ӕмӕ уӕ ныййарджытимӕ ӕргом ныхас куы кӕнат, уӕд уыдонӕн дӕр кад кӕндзыстут ӕмӕ уӕ кӕрӕдзиимӕ дӕр «а» ӕмӕ «о»-йӕ цӕрдзыстут.

АХЪУЫДЫ КӔН...

  • Мӕ цардӕмбалы ныййарджытӕ нын уынаффӕтӕ цӕмӕн фӕдӕттынц?

  • Мӕ бон цы у аразын, цӕмӕй мын мӕ цардӕмбалӕй зынаргъдӕр мачи уа, фӕлӕ уыимӕ мӕ ныййарджытӕн дӕр аргъ кӕнон?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын