Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • hf 3 сӕр 1–3 хӕйттӕ
  • Зындзинӕдты сӕрты куыд ис хизӕн?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зындзинӕдты сӕрты куыд ис хизӕн?
  • Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • 1 АНЫХАС-ИУ КӔНУТ
  • 2 КӔРӔДЗИМӔ-ИУ БАЙХЪУСУТ ӔМӔ-ИУ КӔРӔДЗИ БАМБАРУТ
  • 3 ЦЫ УЫНАФФӔ РАХАСТАТ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙУТ
  • Кӕрӕдзи бамбарӕн куыд ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Дӕ цардӕмбалӕн аргъ кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Кӕрӕдзийыл иузӕрдион ут
    Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
  • Хуыцаумӕ хъусут, ӕмӕ амондджын уат
    Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
Фылдӕр фенын
Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
hf 3 сӕр 1–3 хӕйттӕ
Лӕг лӕмбынӕг хъусы, йӕ бинойнаджы цы тыхсын кӕны, уымӕ

3 ХАЙ

Зындзинӕдты сӕрты куыд ис хизӕн?

«Кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны» (1 Петры 4:8)

Дыууӕ адӕймаджы иумӕ цӕрын куы райдайынц, уӕд сын фӕзыны алыхуызон зындзинӕдтӕ. Афтӕ уымӕн вӕййы, ӕмӕ иухуызон нӕ фӕхъуыды кӕнынц ӕмӕ цардмӕ ӕмхуызон цӕстӕй нӕ фӕкӕсынц. Кӕнӕ сын зындзинӕдтӕ фӕзыны ӕндӕр истӕй аххосӕй, йе та исты ӕнӕнхъӕлӕджы хабӕртты тыххӕй.

Ахӕм уавӕры адӕймаджы, чи зоны, мацы фӕнда аразын, фӕлӕ Библи зӕгъы, зындзинӕдтӕй лидзын кӕй нӕ хъӕуы (Матфейы 5:23, 24). Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайат, уӕд уын уый уыдзӕн ӕппӕты стырдӕр ӕххуыс.

1 АНЫХАС-ИУ КӔНУТ

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Ис... рӕстӕг дзурынӕн» (Екклесиаст 3:1, 7). Цы зындзинадыл сӕмбӕлдыстут, ууыл-иу бӕстон аныхас кӕнут. Цы хъуыды кӕныс ӕмӕ, дӕ зӕрдӕйы мидӕг цы ис, уый-иу дӕ цардӕмбалӕн ӕргом зӕгъ. Кӕрӕдзийӕн алкӕддӕр дзурут, «ӕцӕг цы у, уый» (Ефесӕгтӕм 4:25). Куы-иу смӕсты уай, уӕддӕр-иу хъӕр ныхас ма кӕн. Сабырӕй куы дзурай, уӕд уӕ ныхас хылмӕ нӕ асайдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 15:4; 26:20).

Дӕ цардӕмбалимӕ разы куы нӕ уай, уӕддӕр-иу йемӕ фӕлмӕнӕй дзур ӕмӕ бӕрӕг уӕд, кӕй йӕ уарзыс ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕныс (Колоссӕгтӕм 4:6). Фарста цас тагъддӕр аскъуыддзаг кӕнат, уыйас хуыздӕр. Стӕй-иу кӕрӕдзиимӕ мадзуратӕ ма кӕнут (Ефесӕгтӕм 4:26).

Лӕг ӕмӕ ус цавӕрдӕр зын фарстайы фӕдыл ныхас кӕнынц

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Исты зын фарстайыл уӕ аныхас кӕнын куы хъӕуа, уӕд-иу уымӕн рӕстӕг равзарут.

  • Дӕ цардӕмбалмӕ-иу лӕмбынӕг байхъус ӕмӕ йын-иу йӕ ныхас ӕрдӕгыл ма аскъуын. Дӕуӕн дӕр дӕ хъуыды зӕгъынӕн фадат уыдзӕн.

2 КӔРӔДЗИМӔ-ИУ БАЙХЪУСУТ ӔМӔ-ИУ КӔРӔДЗИ БАМБАРУТ

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Кӕрӕдзи уарзут... фӕлмӕн уарзтӕй. Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ-иу иу иннӕйы разӕй фӕуӕд» (Ромӕгтӕм 12:10). Куыд хъусыс, уый тынг ахсджиаг у. Дӕ цардӕмбалы хъуыды-иу бамбар, йӕ «рыст дӕм хъарӕд... у сӕрныллӕг» (1 Петры 3:8; Иаковы 1:19). Лӕмбынӕг-иу ӕм хъус. Исты куы аразай, уӕддӕр-иу дӕ куыст ныууадз кӕнӕ йын-иу зӕгъ, фӕстӕдӕр аныхас кӕнӕм, зӕгъгӕ. Дӕ цардӕмбал дӕ ныхмӕ кӕй нӕу, фӕлӕ дӕ фарс кӕй у, уый куы нӕ рох кӕнай, уӕд-иу ӕм гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр нӕ фӕтӕргай уыдзынӕ (Екклесиаст 7:9).

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Кӕд, цы дзуры, уый дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, уӕддӕр ӕм байхъус ӕмӕ бацархай, цӕмӕй йӕ бамбарай.

  • Цы дзуры, ӕрмӕст уымӕ ма хъус, фӕлӕ цы зӕгъынмӕ хъавы, уый бамбар. Дӕ хъус дар йӕ хъӕлӕсыуагмӕ ӕмӕ, йӕхи куыд дары, уымӕ.

3 ЦЫ УЫНАФФӔ РАХАСТАТ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙУТ

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Цыфӕнды фыдӕбонӕй дӕр ис пайда, ӕрмӕст ныхӕстӕ кӕм ис, уым та ис мӕгуырдзинад» (Ӕмбисӕндтӕ 14:23). Ӕрмӕст хорз уынаффӕ рахӕссын фаг нӕу. Уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ ма фӕхъӕуы архайын дӕр. Уымӕн та хатт бахъӕуы бирӕ тыхтӕ, фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у (Ӕмбисӕндтӕ 10:4). Иумӕ куы архайат, уӕд уӕ «фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн» (Екклесиаст 4:9).

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Аныхас-иу кӕнут, алкӕмӕн дӕр уӕ йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уӕ фарста аскъуыддзаг кӕнат.

  • Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу аныхас кӕнут, цы уын бантыст, ууыл.

ЗЫН ФАРСТАТӔ ИУМӔ СКЪУЫДДЗАГ КӔНУТ

Алы фарста дӕр иумӕ куы скъуыддзаг кӕнат, уӕд уыдзыстут амондджын ӕмӕ фидар бинонтӕ (Ӕмбисӕндтӕ 24:3). Раздӕр цы уыди, ууыл-иу мауал дзурут, фӕлӕ уӕ фидӕныл хъуыды кӕнут (Ӕмбисӕндтӕ 17:9). Иумӕ куы архайат ӕмӕ уӕ цард Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы аразат, уӕд цыфӕнды зын фарста дӕр аскъуыддзаг кӕндзыстут.

АХЪУЫДЫ КӔН...

  • Мӕ цардӕмбалимӕ мӕ тынгдӕр цавӕр фарстайыл фӕнды аныхас кӕнын?

  • Цы фарста нӕм сӕвзӕрд, уый фӕдыл мӕ цардӕмбал цы хъуыды кӕны, уый мӕ бон куыд у базонын?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын