Сӕргӕндтӕ
© 2014 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯТӔ
2014 АЗЫ 27 ОКТЯБРӔЙ 2 НОЯБРМӔ
Рӕстдзинад кӕй ссардтай, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?
7 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 28, 107
2014 АЗЫ 3–9 НОЯБРЫ
Кӕд дын «бирӕ зындзинӕдтӕ» ис, уӕддӕр Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕн
12 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 135, 133
2014 АЗЫ 10–16 НОЯБРЫ
Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн хорз «фыййӕуттӕ» ут
17 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 88, 24
2014 АЗЫ 17–23 НОЯБРЫ
Сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг – мӕлӕт
23 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 111, 109
24–30 НОЯБРЫ
Ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдоны уӕ зӕрдыл дарут
28 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 95, 100
АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯТЫ НЫСАН
▪ Рӕстдзинад кӕй ссардтай, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?
Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, абон бирӕты фидарӕй цӕмӕн уырны, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй сты, уый. Базондзыстӕм ма, Ӕвдисӕнтӕн сӕхи дӕр фидарӕй цӕмӕн уырны, рӕстдзинады фӕндагыл кӕй цӕуынц, уый.
▪ Кӕд дын «бирӕ зындзинӕдтӕ» ис, уӕддӕр Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕн
Хӕйрӕджы дунейы кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй ӕмбӕлӕм алыхуызон зындзинӕдтыл. Хӕйрӕг кӕм ӕргомӕй, кӕм та хинӕй фӕархайы, цӕмӕй нын нӕ уырнындзинад фӕцудын кӕна. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Хӕйрӕг цавӕр мадзӕлттӕй фӕархайы ӕмӕ нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй йӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм.
▪ Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн хорз «фыййӕуттӕ» ут
Ныййарджыты хӕс у, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты «хъомыл кӕной, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразой» (Еф. 6:4). Ацы статьяйы цы ӕртӕ хъуыддаджы кой ис, уыдоны фӕрцы ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн уыдзысты хорз «фыййӕуттӕ» ӕмӕ сын Йегъовӕйы бауарзынӕн баххуыс кӕндзысты.
▪ Сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг – мӕлӕт
Адӕм цӕмӕн мӕлынц? «Фӕстаг знаг», мӕлӕт, сӕфт куыд ӕрцӕудзӕн? (1 Кор. 15:26). Ацы фарстатӕн дзуапп куы базонай, уӕд фендзынӕ, Йегъовӕ йӕ рӕстдзинад, йӕ зонд ӕмӕ уӕлдайдӕр та йӕ уарзондзинад уыцы хъуыддаджы куыд равдыста, уый.
▪ Ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдоны уӕ зӕрдыл дарут
Рагзамантӕй фӕстӕмӕ чырыстӕттӕй бирӕтӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕныны тыххӕй сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынц. Уыцы лӕггадгӕнджытӕн сӕ уырнындзинадӕй чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ сӕ уарзондзинад кӕмӕ разӕнгард кӕны, уыцы фыдӕбон нӕ зӕрдыл дарын нӕ бон куыд у? (1 Фес. 1:3).
ӔДДАГ ЦЪАР: горӕт Негомбойы (Шри-Ланкайы ныгуылӕн денджызгӕрон) дыууӕ ӕфсымӕры хорз хабар хъусын кӕнынц кӕсагахсӕгӕн.