Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w14 1/12 16 ф.
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Кӕм ис царды ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуапп ссарӕн?
    Кӕм ис царды ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуапп ссарӕн?
  • Фылдӕр уынаффӕтӕ бинонтӕн
    Райхъал ут! 2018
  • Искуы адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон уыдзӕн?
    Искуы адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон уыдзӕн?
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
w14 1/12 16 ф.

БИБЛИ: ФАРСТАТӔ ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ

Дӕ бон куыд у дӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы бауарзой?

Ныййарӕг йӕ сывӕллоны ӕргом здахы Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм

Цӕмӕй дӕ сывӕллон Хуыцауы базона ӕмӕ йӕ бауарза, уый тыххӕй-иу ын йӕ хъус ӕрдар сфӕлдыстадмӕ

Дӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы бауарздзысты, кӕй ис ӕмӕ сӕ кӕй уарзы, уый куы бамбарой, ӕрмӕстдӕр уӕд. Цӕмӕй Хуыцауы бауарзой, уый тыххӕй хъуамӕ йемӕ базонгӕ уой (1 Иоанны 4:8). Зӕгъӕм, хъуамӕ зоной: Хуыцау адӕмы цӕмӕн сфӕлдыста? Адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы? Ӕмӕ сын фидӕны цы сараздзӕн? (Бакӕс Филиппӕгтӕм 1:9.)

Цӕмӕй дӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы уарзой, уый тыххӕй хъуамӕ уыной, дӕхӕдӕг ӕй кӕй уарзыс. Афтӕмӕй дӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хъуыддаджы фӕзмгӕ дӕр бакӕндзысты. (Бакӕс Дыккаг закъон 6:5–7; Ӕмбисӕндтӕ 22:6.)

Куыд ис сывӕллоны зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарӕн?

Хуыцауы Ныхасы ис стыр тых (Дзуттӕгтӕм 4:12). Уымӕ гӕсгӕ дӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕн, цӕмӕй йын йӕ сӕйраг ахуырӕдтӕ базоной. Йесо-иу адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг куыд ссардта? Фарстатӕ-иу сӕм лӕвӕрдта, хъуыста-иу сӕм ӕмӕ-иу сын Фыстад ӕмбарын кодта. Цӕмӕй дӕ сывӕллӕтты зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарай, уый тыххӕй сӕ ахуыр кӕн, Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта, афтӕ. (Бакӕс Лукайы 24:15–19, 27, 32.)

Уымӕй уӕлдай-ма, сывӕллӕттӕ Хуыцауы базондзысты ӕмӕ йӕ бауарздзысты, адӕмимӕ-иу куыд уыд, уый тыххӕй Библийы фыст хабӕрттӕ куы зоной, уӕд. Уымӕн та хорз публикацитӕ ссарӕн ис сайты www.jw.org/os. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:16.)

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын