Сӕргӕндтӕ
© 2015 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯТӔ
2–8 МАРТЪИЙЫ
Йегъовӕйӕн бузныг дзурут, ӕмӕ арфӕгонд уат!
8 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 2, 75
9–15 МАРТЪИЙЫ
Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр цӕмӕн фӕбӕрӕг кӕнӕм?
13 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 8, 109
16–22 МАРТЪИЙЫ
Уӕ бинонтӕ ӕнгом ӕмӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?
18 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 36, 51
23–29 МАРТЪИЙЫ
Йегъовӕ уын уӕ бинонты цард хъахъхъӕнӕд
23 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 87, 50
30 МАРТЪИЙӔ 5 АПРЕЛМӔ
Дыууӕ уды кӕрӕдзи цӕрӕнбонтӕм уарзой, уымӕн гӕнӕн ис?
28 ФАРС • ЗАРДЖЫТӔ: 72, 63
АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯТЫ НЫСАН
▪ Йегъовӕйӕн бузныг дзурут, ӕмӕ арфӕгонд уат!
Цӕмӕй хорздзинадӕн аргъ кӕнын зонӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ арфӕдзинӕдтыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн бузныг дзурӕм. Бузныгзӕрдӕ куы уӕм, уӕд нын тӕссаг нӕ уыдзӕн, хорздзинадӕн аргъ кӕнын куы нал зонӕм, уымӕй ӕмӕ нын фӕлварӕнты рӕстӕг дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн. 2015 азы стих нын уыцы хъуыддаг нӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзӕн.
▪ Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр цӕмӕн фӕбӕрӕг кӕнӕм?
Ацы статьяйы дзырд цӕуы, Чырыстийы мӕлӕт цӕмӕн хъуамӕ бӕрӕг кӕнӕм, ууыл. Ӕмбарын нын кӕны, Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕ – дзул ӕмӕ сӕн – цӕмӕ амонынц, ӕмӕ адӕймаг куыд хъуамӕ базона, уыцы нысӕнттӕй аходын ын ӕмбӕлы ӕви нӕ. Ацы статьяйӕ ма базондзыстӕм, нӕ бон куыд у Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕхи бацӕттӕ кӕнын.
▪ Уӕ бинонтӕ ӕнгом ӕмӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?
▪ Йегъовӕ уын уӕ бинонты цард хъахъхъӕнӕд
Абон бинонтӕ ӕмбӕлынц алыхуызон зындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтыл. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы сӕ бон у сӕ бинонты царды мӕсыг фидар кӕнын ӕмӕ амондджынӕй цӕрын. Фыццаг статьяйы дзырд цӕуы, бинонтӕ амондджын ӕмӕ ӕнгом кӕй фӕрцы уыдзысты, фондз ахӕм хъуыддагыл ӕмӕ ма, бинонты царды уарзондзинад куыд ахсджиаг у, ууыл дӕр. Дыккаг статьяйӕ базондзыстӕм, лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон куыд у сӕ бинонты цард хъахъхъӕнын.
▪ Дыууӕ уды кӕрӕдзи цӕрӕнбонтӕм уарзой, уымӕн гӕнӕн ис?
Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цавӕр уарзондзинад хъуамӕ уа? Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм кӕрӕдзи уарзой? Ӕцӕг уарзондзинад цӕмӕй бӕрӕг вӕййы? Цӕй ӕмӕ базонӕм, Соломоны зарӕджы чиныгӕй ӕнӕкӕрон уарзты тыххӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уый.
ӔНДӔР СТАТЬЯТӔ
ӔДДАГ ЦЪАР: Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнынц рӕсугъд ран, Гриндельвальды. Фӕстейӕ зынынц Берны Альптӕ.