Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w15 1/3 13–15 фф.
  • Паддзахы аккаг лӕвӕрттӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Паддзахы аккаг лӕвӕрттӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • АРАВИЙЫ ӔРДӔГСАКЪАДАХЫ ӔДЗӔРӔГ БЫДЫРТЫ УЫЛТЫ
  • «УЫМӔЙ СТЫРДӔР СУСӔГДЗИНАД... ӔНУСТЫ ДӔРГЪЫ НИКУЫ УЫДИ»
  • Косметикӕ раджы заманты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
w15 1/3 13–15 фф.
Алыхуызон хӕрздӕфгӕнӕнтӕ

Паддзахы аккаг лӕвӕрттӕ

«Скӕсӕнӕй... ӕрцыдысты стъалыдӕснытӕ... [...] ...систой сӕ хӕзнатӕй ӕмӕ йын радтой лӕвӕрттӕ: сызгъӕрин, урс буд ӕмӕ миррӕ» (Матфейы 2:1, 11).

ЦАВӔР лӕвар равзарис тынг кадджын адӕймагӕн? Раджы заманты иуӕй-иу хӕрздӕфгӕнӕнтӕ сызгъӕринау кадджын уыдысты – ахӕм зынаргъ уыдысты, ӕмӕ сӕ паддзӕхтӕн дӕр лӕвар кодтойa. Уӕдӕ стъалыдӕснытӕ «дзуттӕгты... паддзахӕн» цы лӕвӕрттӕ ӕрбахастой, уыдонимӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ дӕр уымӕн уыди (Матфейы 2:1, 2, 11).

Бальзамы сой

Бальзамы сой

Библийы ма фыст ис, зӕгъгӕ, Савӕйы ус-паддзах Соломонмӕ куы ӕрцыд, уӕд ын «балӕвар кодта сӕдӕ дыууын таланты сызгъӕрин, тынг бирӕ бальзамы сой ӕмӕ зынаргъ дуртӕ. Паддзах Соломонӕн Савӕйы ус-паддзах цас бальзамы сой ӕрласта, уыйбӕрц ын никуы ничи ӕрласта» (2 Азфыстыты 9:9)b. Бальзамы сой ма Соломонӕн ӕрвыстой ӕндӕр паддзӕхтӕ дӕр. Уымӕй ӕвдыстой, кӕй йын аргъ кӕнынц, уый (2 Азфыстыты 9:23, 24).

Ахӕм хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ сӕ цы арӕзтой, уыдон раджы заманты афтӕ кадджын ӕмӕ зынаргъ цӕмӕн уыдысты? Уымӕн ӕмӕ сӕ пайда кодтой бирӕ хъуыддӕгты, зӕгъӕм, цӕсгом ӕмӕ буармӕ зилынӕн, дины ӕгъдӕутты, мард ныгӕнынмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн. (Кӕс рамкӕ «Раджы заманты хӕрздӕфгӕнӕнтӕй куыд пайда кодтой».) Фӕлӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ тынг зынаргъ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ уыдысты – сӕ аразын ӕмӕ сӕ ласын дӕр тынг зынаргъ лӕууыд.

АРАВИЙЫ ӔРДӔГСАКЪАДАХЫ ӔДЗӔРӔГ БЫДЫРТЫ УЫЛТЫ

Касси

Касси

Раджы заманты иуӕй-иу хӕрздӕфгӕнаг зайӕгойтӕ задысты Иорданы дӕлвӕзы. Иннӕтӕ та ласын хъуыди дард рӕттӕй. Библийы ис бирӕ алыхуызон хӕрздӕфгӕнӕнты кой. Хорз дзы кӕй зонӕм, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сты: шафран, алой, бальзам, корицӕ, урс буд ӕмӕ миррӕ. Уыдонӕй уӕлдай ма дзы ис, хӕринагыл кӕй фӕкӕнынц, ахӕм хъацӕнты кой, зӕгъӕм, зирӕ, битъына ӕмӕ хъонтхорайы кой.

Кӕцӕй ластой ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ? Алой, касси ӕмӕ корицӕ задысты, абон Китай, Инди ӕмӕ Шри-Ланкӕ кӕм сты, уыцы зӕххыты. Ахӕм хӕрздӕфгӕнӕнтӕ та, зӕгъӕм, миррӕ ӕмӕ урс буд, арӕзтой ӕдзӕрӕг быдырты зайӕг бӕлӕстӕ ӕмӕ къутӕртӕй. Уыцы быдыртӕ уыдысты Аравийы ӕрдӕгсакъадахы хуссар хайӕ Сомалийы онг (Африкӕ). Нард та ластой ӕрмӕстдӕр Индийӕ, Гималайтӕй.

Шафран

Шафран

Хӕрздӕфгӕнӕнтӕ Израилмӕ ластой Аравийы уылты. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй, уый уыди иу аххосаг, н. э. размӕ 2 ӕмӕ 1 миназты Скӕсӕнӕй Ныгуылӕнмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕйгӕнинӕгтӕ ласыны хъуыддаг сӕйраджыдӕр Аравийы къухы кӕй уыди, уымӕн (The Book of Spices). Негевы, Израилы хуссар хайы, ссардтой рагон горӕттӕ, фидаргонд горӕттӕ ӕмӕ-иу базаргӕнджытӕ сӕ теуатимӕ кӕм ӕрлӕууыдысты, ахӕм лӕууӕндӕттӕ. Уый фӕрцы нӕ бон базонын у, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ чи уӕй кодта, уыдон-иу кӕуылты цыдысты. Уыцы бынӕттӕ ма «ууыл дзурӕг сты, хуссар Аравийӕ Зӕххастӕу денджызы былгӕрӕттӕм кӕй ластой, уыцы урс буд ӕмӕ миррӕ уӕй кӕныны хъуыддаг хорз кӕй цыди» (World Heritage Centre of UNESCO).

«Адӕм алкӕддӕр ӕхсызгонӕй кӕй ӕлхӕдтой, уыцы хӕрздӕфгӕнӕнтӕн бирӕ бынат нӕ хъуыди, уыдысты зынаргъ ӕмӕ-иу сӕ ӕдзух зӕрдиагӕй агуырдтой» (The Book of Spices)

Хӕрздӕфгӕнӕнтӕ-иу теуатыл ластой Аравийы ӕрдӕгсакъадахы уылты. Цӕуын та-иу хъуыди 1 800 километры бӕрц (Иов 6:19). Библийы фыст ис, измаилӕгтӕ Галаадӕй Египетмӕ теуатыл кӕй ластой алыхуызон хӕрздӕфгӕнӕнтӕ: «хӕрздӕф чъиу, бальзам ӕмӕ чъиубӕласы цъар» (Райдиан 37:25). Ӕмӕ уыцы сӕудӕджертӕн Иаковы фырттӕ ауӕй кодтой се ’фсымӕр Иосифы.

«УЫМӔЙ СТЫРДӔР СУСӔГДЗИНАД... ӔНУСТЫ ДӔРГЪЫ НИКУЫ УЫДИ»

Хъонтхора

Хъонтхора

Араббаг сӕудӕджертӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ уӕй кӕныны хъуыддаг сӕ къухты уыди цалдӕр ӕнусы дӕргъы. Азийӕ уыдоны йеддӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ничи ласта, зӕгъӕм, корицӕ ӕмӕ касси. Араббӕгты нӕ фӕндыд, цӕмӕй Зӕххастӕу денджызы былгӕрӕтты цӕрджытӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ Скӕсӕн бӕстӕтӕй сӕхӕдӕг ласын райдыдтаиккой, ӕмӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ чи ласта, уыдоны тыххӕй мысыдысты ӕмӕ парахат кодтой, адӕймаджы хъуын-иу арц кӕмӕй сбадти, ахӕм хабӕрттӕ. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ сӕм хӕрздӕфгӕнӕнтӕ куыд ӕфтыдысты, уымӕй «стырдӕр сусӕгдзинад, ӕвӕццӕгӕн, ӕнусты дӕргъы никуы уыди» (The Book of Spices).

Зирӕ

Зирӕ

Цавӕр ӕрымысгӕ хабӕрттӕ дзырдтой араббӕгтӕ? Н. э. размӕ 5 ӕнусы цӕрӕг грекъаг историк, Геродот, фыста, уыцы ӕрымысгӕ хабӕртты цы тугдзых мӕргъты кой цыди, уыдоны тыххӕй, зӕгъгӕ, дам, цардысты къӕдзӕхты цъуппытыл ӕмӕ сӕ ахстӕттӕ арӕзтой корицӕйы бӕласы цъарӕй. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕн чи ӕмбырд кодта, уыдон-иу уыцы къӕдзӕхты бын ӕрӕвӕрдтой дзидзайы къуылдыхтӕ. Мӕргътӕ, дам-иу зыд кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ, дам-иу сӕ ахстӕттӕм уыйбӕрц дзидза схастой, ӕмӕ-иу сӕ уӕзӕй ахстӕттӕ зӕхмӕ ӕрхаудтой. Хъӕбатыр лӕгтӕ-иу корицӕйы бӕласы цъар тагъд-тагъд ӕмбырд кӕнын райдыдтой, цӕмӕй-иу ӕй стӕй сӕудӕджертӕн ауӕй кодтаиккой. Уыцы хабӕрттӕ чи нӕ зыдта, ахӕм нӕ уыд. Цы чиныджы кой кодтам, уым ма фыст уыд: «Корицӕ куыд ӕмбырд кодтой, уый фӕдыл ахӕм тасӕфтауӕг хабӕрттӕ кӕй дзырдтой, уымӕ гӕсгӕ йӕ туджы аргъӕй уӕй кодтой» (The Book of Spices).

Битъына

Битъына

Фӕстагмӕ араббӕгты сусӕгдзинад раргом, ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕрмӕст уыдон нал уӕй кодтой, фӕлӕ ма ӕндӕртӕ дӕр. Н. э. размӕ фыццаг ӕнусмӕ Александри (Египет) сси стыр наулӕууӕн горӕт ӕмӕ сӕйраг бынат хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕлхӕнынӕн ӕмӕ уӕй кӕнынӕн. Наутӕрджытӕ, Индийы океаны цы дымгӕтӕ дымынц, уыдонӕй пайда кӕнын куыд хъӕуы, уый куы базыдтой, уӕд Ромы наутӕ Египеты наулӕууӕндӕттӕй Индимӕ цӕуын райдыдтой. Уымӕ гӕсгӕ уыцы диссаджы хӕрздӕфгӕнӕнтӕй фылдӕр ласын райдыдтой ӕмӕ сӕ аргъ дӕр ӕрхауд.

Абон хӕрздӕфгӕнӕнтӕ сызгъӕринау зынаргъ не сты. Ӕмӕ сӕ паддзахы аккаг лӕварыл дӕр нал нымайынц. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр милуангай адӕм ӕнӕхъӕн дунейы дӕр пайда кӕнынц парфюмерийы, медицинӕйы ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хӕринӕгты ад фӕхуыздӕр кӕнынӕн дӕр. Ӕцӕгдӕр, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ мин азты размӕ куыд уарзтой, афтӕ сӕ уарзынц абон дӕр.

Корицӕйы баст

Корицӕ

a Библийы дзырдтӕй «хӕрздӕфгӕнӕнтӕ» кӕнӕ «хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕй» цы дзырдтӕ ратӕлмац кодтой, уыдон сӕйраджыдӕр амонынц, хӕрздӕфгӕнаг зайӕгойтӕй цы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ аразынц, уыдонмӕ, хӕринагыл цы хъацӕнтӕ ныккӕнынц, уыдонмӕ нӕ, фӕлӕ.

b «Бальзамы сой» хонынц, бӕлӕстӕй ӕмӕ къутӕртӕй цы хӕрздӕфгӕнӕн сойтӕ ӕмӕ чъиу исынц, уый.

Раджы заманты хӕрздӕфгӕнӕнтӕй куыд пайда кодтой

Сӕрмагонд сой ӕмӕ сыгъдӕг буд. Сӕрмагонд сой ӕмӕ сыгъдӕг буд куыд аразын хъуыди, уый Йегъовӕ Моисейӕн бамбарын кодта. Сӕ аразынӕн хъуыди фӕйнӕ цыппар алыхуызон хӕрздӕфгӕнӕны (Рацыд 30:22–25, 34–38). Сауджынтӕй иуӕй-иутӕн сӕ хӕс уыд сой аразын, стӕй ма хъуамӕ сӕ хъус дардтаиккой, цӕмӕй сой ӕмӕ буд ма фӕуд кодтаиккой (Нымӕцтӕ 4:16; 1 Азфыстыты 9:30).

Хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ сӕрдӕнтӕ. Хъӕздыг адӕм алыхуызон ссад хӕрздӕфгӕнӕнтӕй пайда кодтой, цӕмӕй сӕ буар, сӕ дзаума, сӕ хуыссӕнтӕ ӕмӕ сӕ хӕдзар хорз тӕф кодтаиккой (Есфир 2:12; Ӕмбисӕндтӕ 7:17; Соломоны зарӕг 3:6, 7; 4:13, 14). Лазӕры хо Марийӕ Йесойӕн йӕ сӕрыл ӕмӕ йӕ къӕхтыл рауагъта «сыгъдӕг нард – тынг зынаргъ хӕрздӕф сой». «Сыгъдӕг нарды» гыццыл дурыны аргъ уыди, кусӕг иу азмӕ цас бакуыстаид, уыйбӕрц (Марчы 14:3–5; Иоанны 12:3–5).

Мард ныгӕнынмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн. Никодим Йесойы мард ныгӕнынмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн ӕрбахаста «миррӕ ӕмӕ алойы тыхтон» (Иоанны 19:39, 40). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй та цалдӕр ӕрцӕттӕ кодтой «хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ ӕмӕ хӕрздӕф сойтӕ» ӕмӕ сӕ зӕппадзмӕ ӕрбахастой (Лукайы 23:56–24:1).

Хъацӕнтӕ. Израилӕгтӕ хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ, кӕнӕ хъацӕнтӕ, ӕвӕццӕгӕн, кодтой кӕсагӕй ӕмӕ дзидзайӕ конд хӕринӕгтыл, цӕмӕй-иу сӕ ад фӕхуыздӕр уыдаид. Ӕндӕр хӕрздӕфгӕнӕнтӕй та пайда кодтой, цӕмӕй-иу сӕн хъӕбӕрдӕр рауадаид (Соломоны зарӕг 8:2).

Йесойӕн цы дыууӕ хӕрздӕфгӕнӕны ӕрбахастой, уыдон

Урс буд ӕмӕ миррӕ уыдысты хӕрздӕф чъиутӕ. Ныллӕг бӕлӕсты ӕмӕ сындзы къутӕрты зӕнг-иу кӕм фӕлыг кодтой, уым-иу рахъардта чъиу.

Ладанбӕлас, ома урс буд кӕмӕй арӕзтой, уыцы бӕлас, зади Аравийы ӕрдӕгсакъадахы хуссар былгӕрӕтты, миррӕйы къутӕртӕ та задысты, абон Сомали ӕмӕ Йемен кӕм сты, уым цы ӕрдӕгӕдзӕрӕг быдыртӕ ис, уым. Дыууӕ хӕрздӕфгӕнӕны дӕр тынг кадджын уыдысты сӕ хорз тӕфы тыххӕй. Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта, цӕмӕй кувӕндоны уыдонӕй пайда кодтаиккой. Миррӕ ӕфтыдтой, цавӕрдӕр хъуыддагӕн-иу ӕвзӕрст чи ’рцыд, уый сӕрыл рауадзынӕн цы сӕрмагонд сой арӕзтой, уымӕ. Урс буд та кодтой сыгъдӕг будыл (Рацыд 30:23–25, 34–37). Фӕлӕ урс буд ӕмӕ миррӕйӕ иухуызон нӕ пайда кодтой.

Урс буды тӕф-иу ракалд, куы-иу ӕй ссыгътой, ӕрмӕстдӕр уӕд. Миррӕбӕлӕсты чъиу та ӕнӕуи дӕр хорз тӕф кодта. Йесойы царды хабӕртты миррӕйы кой ис ӕртӕ хатты: миррӕ уыд, Йесойӕн гыццылӕй кӕй ӕрбахастой, уыцы лӕвӕрттӕй иу (Матфейы 2:11), хъӕдыл ӕй куы ӕрцауыгътой, уӕд ын йӕ рыст ӕрсабыр кӕнынӕн радтой миррӕ сӕнимӕ хӕццӕйӕ (Марчы 15:23) ӕмӕ йын йӕ мард ныгӕнынмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн цы хӕрздӕфгӕнӕнтӕй спайда кодтой, уыдонӕй дӕр иу уыд миррӕ (Иоанны 19:39).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын