Сӕргӕндтӕ
© 2015 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯТӔ
31 АВГУСТӔЙ 6 СЕНТЯБРМӔ
Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уымӕн йӕ арӕнтӕ уӕрӕхдӕр кӕн!
7 ФАРС
7–13 СЕНТЯБРЫ
14 ФАРС
14–20 СЕНТЯБРЫ
Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион у
22 ФАРС
21–27 СЕНТЯБРЫ
Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынат
27 ФАРС
АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯТЫ НЫСАН
▪ Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уымӕн йӕ арӕнтӕ уӕрӕхдӕр кӕн!
Хуыцауы организацийы зӕххон хайы чи лӕггад кӕны, уыдон абон дӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ дзӕнӕты цӕрынц, ома хайджын сты диссаджы фарнӕй. Уыцы хъуыддагӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый равдисын нӕ бон куыд у? Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уыцы «дзӕнӕты» арӕнтӕ уӕрӕхдӕр кӕна? Ацы фарстатыл дзырд цӕудзӕн ацы статьяйы.
▪ «Уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг»!
Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, фидӕны нӕм цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны тыххӕй. Базондзыстӕм ма, Хуыцауы адӕм стыр бӕллӕхы рӕстӕг ныфсджын цӕй фӕрцы уыдзысты, уый тыххӕй дӕр.
▪ Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион у
Хӕйрӕджы дунейы бирӕтӕ ӕнувыд сты сӕ бӕстӕйыл, се ’гъдӕуттыл кӕнӕ сӕ адӕмыхаттыл. Фӕлӕ мах дзырд радтам, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл кӕй уыдзыстӕм иузӕрдион. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, ацы дунейы змӕстыты цӕуылнӕ архайӕм ӕмӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй алцӕмӕ дӕр Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы цӕстӕй кӕсӕм.
▪ Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынат
Ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕйы адӕм Паддзахады залты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм бынӕтты ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй Хуыцауӕн бакувой. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ цалдӕр уагӕвӕрдмӕ ӕмӕ фендзыстӕм, уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ, Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынӕтты нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, стӕй сӕм куыд хъуамӕ зилӕм ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн ӕхцайӕ куыд хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм.
ӔНДӔР СТАТЬЯТӔ
3 Уыдон уыдысты цӕттӕ – Уӕрӕсе
12 Йегъовӕйӕн лӕггад кӕн «фыдбонты» рӕстӕг дӕр
20 Дӕ фыдӕбон дын исчи уыны ӕви нӕ, уый ахсджиаг у?
32 Зыдтай йӕ?
ӔДДАГ ЦЪАР: Сыбыры хъусынгӕнджыты къорд фӕндаджы был ӕрлӕууыд, цӕмӕй иу гыццыл баулӕфой ӕмӕ акомдзаг кӕной.