Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp17 № 1 5–6 фф.
  • Цы ис саразӕн, цӕмӕй Библи кӕсын бауарзай?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цы ис саразӕн, цӕмӕй Библи кӕсын бауарзай?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Чи адих кодта Библи сӕртыл ӕмӕ стихтыл?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Уынаффӕтӕ. Цы ис раиртасӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Библи дын фылдӕр пайда кӕд ӕрхӕсдзӕн?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Бамбарӕн кӕй ис, ахӕм чиныг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
wp17 № 1 5–6 фф.
Библи кӕсгӕйӕ сылгоймаг пайда кӕны, Библи иртасынӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы ӕрмӕгӕй

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ ДЫН ФЫЛДӔР ПАЙДА КӔД ӔРХӔСДЗӔН?

Цы ис саразӕн, цӕмӕй Библи кӕсын бауарзай?

Библи кӕсгӕйӕ-иу дӕ хуыссӕг ӕрцахсдзӕн ӕви-иу де уӕнг фӕрогдӕр уыдзӕн? Бирӕ кӕнгӕ у, дӕхи куыд бацӕттӕ кӕнай, уымӕй. Цӕй ӕмӕ базонӕм, дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дын Библи кӕсын ӕхсызгон уа.

Равзар, раст чи у ӕмӕ йе ’взаг ӕнцонӕмбарӕн кӕмӕн у, ахӕм тӕлмац. Цы кӕсай, уым бирӕ зынӕмбарӕн кӕнӕ зӕронд ныхӕстӕ куы уа, уӕд тыхсгӕ цы скӕнай, ӕндӕр ницы. Уӕдӕ-иу Библи ӕвзаргӕйӕ кӕс, цӕмӕй ӕнцонӕмбарӕн ӕвзагӕй фыст уа ӕмӕ зӕрдӕмӕ хъара. Стӕй-иу кӕс, цӕмӕй йӕ тӕлмац раст уаa.

Пайда кӕн ног технологитӕй. Абон Библи ӕрмӕст мыхуыргондӕй нӕй. Иуӕй-иу Библитӕ ис кӕсӕн онлайн кӕнӕ та сӕ ис рафыссӕн компьютермӕ, планшетмӕ кӕнӕ смартфонмӕ. Иуӕй-иу программӕты ис ахӕм функцитӕ, ӕмӕ цавӕрдӕр темӕйы фӕдыл уайтагъд бакӕнӕн ис цалдӕр стихы Библийы алы рӕтты кӕнӕ ис цалдӕр тӕлмацы кӕрӕдзиимӕ абарӕн дӕр. Кӕцыдӕр ӕвзӕгтыл Библийӕн ис аудиозапись дӕр. Ӕмӕ кӕд кӕсынӕй хъусын фылдӕр уарзыс, уӕд ӕй дӕ бон у рафыссын. Бирӕтӕ йӕм фӕхъусынц транспорты цӕугӕйӕ кӕнӕ ӕндӕр истытӕ аразгӕйӕ. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у уыцы мадзӕлттӕй искӕцыйӕ спайда кӕнын.

Пайда кӕн, Библи ахуыр кӕнынӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм ӕрмӕгӕй. Библи ахуыр кӕнынӕн цы ӕрмӕг ис, уый фӕрцы дын Библи кӕсын фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн. Библийы кӕй кой ис, уыцы бӕстӕты картӕты-иу дӕ бон уыдзӕн ссарын, цы бынаты тыххӕй кӕсай, уый. Афтӕмӕй дын ӕнцондӕр уыдзӕн хабӕрттӕ дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын. Кӕцыдӕр стихтӕ бамбарынӕн дын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты, зӕгъӕм, ацы брошюрӕйы цы статьятӕ ис, уыдон кӕнӕ, нӕ сайты чи ис, уыцы статьятӕ.

Ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ Библи райдианӕй кӕсын райдайай. Кӕд Библи райдианӕй кӕронмӕ кӕсынмӕ зивӕг кӕныс, уӕд ӕй кӕсын райдай, дӕ зӕрдӕмӕ дзы тынгдӕр чи цӕуы, уыцы чиныгӕй. Кӕд дӕ фӕнды, Библийы кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы адӕймӕгты тыххӕй базонын, уӕд-иу бакӕс, сӕ кой кӕм ис, ӕрмӕстдӕр уыцы скъуыддзӕгтӕ. Уымӕн дын баххуыс кӕндзӕн рамкӕ «Библи лӕмбынӕг иртас – цы адӕмы кой дзы ис, уыдоны тыххӕй фылдӕр базон». Библи ма кӕсӕн ис темӕтӕм гӕсгӕ кӕнӕ, хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл куыд цыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Уӕдӕ дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр куыд цӕуы, афтӕ йӕ райдай кӕсын.

a Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, «Библи – Ног дунейы тӕлмац» у раст тӕлмац ӕмӕ у тынг ӕнцонкӕсӕн. Ацы Библи рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ ис 130 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Кӕд дӕ фӕнды, уӕд ӕй нӕ сайтӕй рафысс кӕнӕ та Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн зӕгъ, ӕмӕ дын Библи хӕдзармӕ ’рбахӕсдзысты.

БИБЛИ ЛӔМБЫНӔГ ИРТАС – ЦЫ АДӔМЫ КОЙ ДЗЫ ИС, УЫДОНЫ ТЫХХӔЙ ФЫЛДӔР БАЗОН

Иуӕй-иу иузӕрдион сылгоймӕгтӕ

Авигейӕ

1 Самуилы, 25 сӕр

Есфир

Есфир, 2–5, 7–9 сӕртӕ

Аннӕ

1 Самуилы, 1, 2 сӕртӕ

Марийӕ

(Йесойы мад) Матфейы, 1, 2 сӕртӕ; Лукайы, 1, 2 сӕртӕ; ноджыдӕр кӕс Иоанны 2:1–12; Хъуыддӕгтӕ 1:12–14; 2:1–4

Раав

Йесо Навин, 2, 6 сӕртӕ; ноджыдӕр кӕс Дзуттӕгтӕм 11:30, 31; Иаковы 2:24–26

Ревеккӕ

Райдиан, 24–27 сӕртӕ

Саррӕ

Райдиан, 17, 18, 20, 21, 23 сӕртӕ; ноджыдӕр кӕс Дзуттӕгтӕм 11:11; 1 Петры 3:1–6

Иуӕй-иу зындгонд нӕлгоймӕгтӕ

Авраам

Райдиан, 11–24 сӕртӕ; ноджыдӕр кӕс 25:1–11

Давид

1 Самуилы, 16–30 сӕртӕ; 2 Самуилы, 1–24 сӕртӕ; 1 Паддзӕхты, 1, 2 сӕртӕ

Йесо

Матфейы, Марчы, Лукайы ӕмӕ Иоанны Евангелитӕ

Моисей

Рацыд, 2–20, 24, 32–34 сӕртӕ; Нымӕцтӕ, 11–17, 20, 21, 27, 31 сӕртӕ; Дыккаг закъон, 34 сӕр

Ной

Райдиан, 5–9 сӕртӕ

Павел

Хъуыддӕгтӕ, 7–9, 13–28 сӕртӕ

Петр

Матфейы, 4, 10, 14, 16, 17, 26 сӕртӕ; Хъуыддӕгтӕ, 1–5, 8–12 сӕртӕ

ӔХХУЫС БИБЛИ АХУЫР КӔНЫНӔН

  • Сайт. Ис дзы, Библи ахуыр кӕнынӕн чи ӕххуыс кӕны, бирӕ ахӕм ӕрмӕг, уыимӕ хай «Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ».

  • «Посмотрите на „добрую землю“». Ацы брошюрӕйы ис, Библийы цы бынӕтты кой цӕуы, уыдоны картӕтӕ ӕмӕ къамтӕ.

  • «Понимание Писания». Ацы энциклопедийы ис информаци, Библийы цы адӕм ӕмӕ бынӕтты кой ис, уыдоны тыххӕй. Стӕй ма дзы ис базонӕн, цы дзырдтӕ дзы ӕмбӕлы, уыдоны нысаниуӕджы тыххӕй дӕр.

  • «Все Писание вдохновлено Богом и полезно». Ацы чиныг ӕмбарын кӕны, Библийы чингуытӕй алкӕцы дӕр кӕд, кӕм ӕмӕ цӕмӕн ӕрцыд фыст, уый. Стӕй ма дзы цыбыртӕй фыст ис, алы чиныджы дӕр дзырд цӕуыл цӕуы, уый.

  • «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн». Ацы гыццыл брошюрӕйы ис картӕтӕ ӕмӕ цымыдисаг хабӕрттӕ Израилы адӕмы ӕмӕ Йесойы рӕстӕджыты тыххӕй.

  • «Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?». Ацы 32-фарсон брошюрӕйы цыбыртӕй дзырд цӕуы Библийы сӕйраг темӕйыл.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын