Зӕххыл дзӕнӕты цӕрдзысты, фӕстаг бонты чи аирвӕза, уыдон
Библи цы дзуры?
Ӕцӕгдӕр «фӕстаг бонты» цӕрӕм?
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
О
Нӕ
Чи зоны
Библийы фыст ис
«Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг» (2 Тимофеймӕ 3:1). Абон цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон Библийы пехуымпарӕдтимӕ куы абарӕм, уӕд бамбардзыстӕм, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм.
Библийӕ ма цы ис базонӕн
Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый ма бӕрӕг у, хӕстытӕ, ӕххормагдзинад, зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ фыднизтӕ кӕй ис, уымӕй (Матфейы 24:3, 7; Лукайы 21:11).
Фӕстаг бонты адӕм уыдзысты ӕгъдаухӕлд ӕмӕ Хуыцауӕй дард уыдзысты (2 Тимофеймӕ 3:2–5).
Адӕммӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
Иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц... фӕстаг бонтӕ кӕй фӕуыдзысты, зӕхх ӕмӕ йыл чидӕриддӕр ис, уыдон куы фесӕфой, уӕд, иннӕтӕ та хъуыды кӕнынц, уавӕртӕ кӕй фӕхуыздӕр уыдзысты. Ды та куыд хъуыды кӕныс?
Библийы фыст ис
«Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29).
Библийӕ ма цы ис базонӕн
Фӕстаг бонтӕ фӕуыдзысты, Хуыцау фыддзинад куы фесафа, уӕд (1 Иоанны 2:17).
Зӕхх дзӕнӕт суыдзӕн (Исай 35:1, 6).