Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp17 № 3 3 ф.
  • Цыппар барӕджы дисы ӕфтауынц

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цыппар барӕджы дисы ӕфтауынц
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цыппар барӕджы чи сты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • Разныхас
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • Цыппар барӕджы рацыдысты
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
  • Ӕгас дунейы дӕр Украинӕйы хӕсты аххосӕй хӕринаджы уавӕр фыддӕр кӕны
    Ӕндӕр темӕтӕ
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
wp17 № 3 3 ф.
Цыппар бӕхы размӕ бырсынц

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЦЫППАР БАРӔДЖЫ ЦӔМӔ АМОНЫНЦ?

Цыппар барӕджы дисы ӕфтауынц

Барджытӕ размӕ бырсынц, ӕмӕ сӕ бӕхты цӕфхӕдты хъӕр цӕуы! Цыппар тыхджын бӕхы ӕмӕ сӕ барджытӕ адӕймаджы цӕстыты раз афтӕ ирдӕй сыстынц, раст цыма ныртӕккӕ Библийы сыфтӕй рагӕпп кӕндзысты! Фыццаг бӕх у урс, йӕ барӕг та – кадджын ног паддзах. Йӕ фӕстӕ рацыд сырх-сырхид бӕх. Чи йыл бады, уый хъуамӕ зӕххӕй сабырдзинад айса. Ӕртыккаг бӕх у мӕйдар ӕхсӕвау сау. Йӕ барӕджы къухы ис барӕнтӕ, уыдон амонынц ӕххормаг рӕстӕгмӕ. Цыппӕрӕм бӕх у фӕлурс, чи йыл бады, «уымӕн йӕ ном у Мӕлӕт». Ӕмӕ йемӕ хӕссы фыднизтӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕллӕхтӕ. Йӕ фӕдыл та цӕуы ингӕн, ӕмӕ йӕ амӕттӕгты ӕмбырд кӕны! (Раргомад 6:1–8).

«Цыппар барӕджы тыххӕй фыццаг хатт куы бакастӕн, уӕд тынг фӕтарстӕн. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ Хуыцауы тӕрхоны бонмӕ цӕттӕ нӕ дӕн ӕмӕ нӕ аирвӕздзынӕн» (Кристал).

«Алыхуызон бӕхтыл цы цыппар барӕджы бадт, уыдон мӕ дисы бафтыдтой. Фӕлӕ куы базыдтон, уыцы цӕстылуайӕн цы нысан кӕны, уӕд бамбӕрстон, уыцы барджытӕ ахӕм хуызы ӕвдыст цӕмӕн сты, уый» (Эд).

Цыппар барӕджы тыххӕй куы бакастӕ, уӕд, мыййаг, Кристалау фӕтарстӕ, ӕви дӕ Эдау дисы бафтыдтой? Библийы фӕстаг чиныджы, Раргомады, цыппар барӕджы тыххӕй цы фыст ис, уый бирӕтӕ зонынц. Уыцы цӕстылуайӕн цы нысан кӕны, уый зонын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Цӕмӕн? Хуыцау зӕрдӕ ’вӕры, Раргомады чиныг куы кӕсай, куы йӕ иртасай ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый куы ’ххӕст кӕнай, уӕд ӕцӕг амондджын кӕй уыдзынӕ (Раргомад 1:1–3).

Кӕд ацы цӕстылуайӕн иуӕй-иутыл тас ӕфтауы, уӕддӕр уый тыххӕй фыст не ’рцыд. Милуангай адӕмӕн сӕ уырнындзинад бафидар кодта, ӕмӕ сын диссаджы фидӕнӕй ныфс фӕзынд. Уый гӕнӕн ис, цӕмӕй дӕу дӕр ахӕм фидӕнӕй ныфс уа! Дӕ хорзӕхӕй, иннӕ статья дӕр бакӕс.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын