Разныхас
КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫС?
Бирӕтӕ зонынц, Библийы Раргомады чиныджы цыппар барӕджы тыххӕй цы фыст ис, уый. Ӕмӕ уый кӕйдӕрты тас уадзы, кӕйдӕрты та базонын фӕнды, цӕмӕ амонынц, уый. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Библийы ахӕм пехуымпарӕдты тыххӕй цы фыст ис, уымӕ:
«Амондджын у, ацы пехуымпар-ныхӕстӕ хъӕрӕй чи кӕсы, уый, стӕй сӕм чи хъусы» (Раргомад 1:3).
Ацы брошюрӕ ӕмбарын кӕны, уыцы цыппар барӕджы кӕй рацыдысты, уый хорз хабар цӕмӕн у, уый.