СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЦЫППАР БАРӔДЖЫ ЦӔМӔ АМОНЫНЦ?
Цыппар барӕджы дисы ӕфтауынц
Барджытӕ размӕ бырсынц, ӕмӕ сӕ бӕхты цӕфхӕдты хъӕр цӕуы! Цыппар тыхджын бӕхы ӕмӕ сӕ барджытӕ адӕймаджы цӕстыты раз афтӕ ирдӕй сыстынц, раст цыма ныртӕккӕ Библийы сыфтӕй рагӕпп кӕндзысты! Фыццаг бӕх у урс, йӕ барӕг та – кадджын ног паддзах. Йӕ фӕстӕ рацыд сырх-сырхид бӕх. Чи йыл бады, уый хъуамӕ зӕххӕй сабырдзинад айса. Ӕртыккаг бӕх у мӕйдар ӕхсӕвау сау. Йӕ барӕджы къухы ис барӕнтӕ, уыдон амонынц ӕххормаг рӕстӕгмӕ. Цыппӕрӕм бӕх у фӕлурс, чи йыл бады, «уымӕн йӕ ном у Мӕлӕт». Ӕмӕ йемӕ хӕссы фыднизтӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕллӕхтӕ. Йӕ фӕдыл та цӕуы ингӕн, ӕмӕ йӕ амӕттӕгты ӕмбырд кӕны! (Раргомад 6:1–8).
«Цыппар барӕджы тыххӕй фыццаг хатт куы бакастӕн, уӕд тынг фӕтарстӕн. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ Хуыцауы тӕрхоны бонмӕ цӕттӕ нӕ дӕн ӕмӕ нӕ аирвӕздзынӕн» (Кристал).
«Алыхуызон бӕхтыл цы цыппар барӕджы бадт, уыдон мӕ дисы бафтыдтой. Фӕлӕ куы базыдтон, уыцы цӕстылуайӕн цы нысан кӕны, уӕд бамбӕрстон, уыцы барджытӕ ахӕм хуызы ӕвдыст цӕмӕн сты, уый» (Эд).
Цыппар барӕджы тыххӕй куы бакастӕ, уӕд, мыййаг, Кристалау фӕтарстӕ, ӕви дӕ Эдау дисы бафтыдтой? Библийы фӕстаг чиныджы, Раргомады, цыппар барӕджы тыххӕй цы фыст ис, уый бирӕтӕ зонынц. Уыцы цӕстылуайӕн цы нысан кӕны, уый зонын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Цӕмӕн? Хуыцау зӕрдӕ ’вӕры, Раргомады чиныг куы кӕсай, куы йӕ иртасай ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый куы ’ххӕст кӕнай, уӕд ӕцӕг амондджын кӕй уыдзынӕ (Раргомад 1:1–3).
Кӕд ацы цӕстылуайӕн иуӕй-иутыл тас ӕфтауы, уӕддӕр уый тыххӕй фыст не ’рцыд. Милуангай адӕмӕн сӕ уырнындзинад бафидар кодта, ӕмӕ сын диссаджы фидӕнӕй ныфс фӕзынд. Уый гӕнӕн ис, цӕмӕй дӕу дӕр ахӕм фидӕнӕй ныфс уа! Дӕ хорзӕхӕй, иннӕ статья дӕр бакӕс.