Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w17 февраль 13–17 фф.
  • Хуыцау нын цӕрӕнбонты йе стыр хорзӕхӕй хай кодта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау нын цӕрӕнбонты йе стыр хорзӕхӕй хай кодта
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • МӔ ФЫДЫ ФӔЗМЫДТОН
  • ЛӔГГАД КӔНӔМ БРАЗИЛИЙЫ
  • ПОРТУГАЛИМӔ АЦЫДЫСТӔМ
  • ХОРЗ ХАБАРЫ СӔРЫЛ ТӔРХОНДОНЫ ДЗУРӔМ
  • ИУЗӔРДИОН ӔФСЫМӔРТӔЙ БИРӔ ЦӔУЫЛДӔРТЫ САХУЫР СТӔМ
  • Ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кӕнын, уый мын бирӕ хорздзинӕдтӕ ӕрхаста
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
w17 февраль 13–17 фф.

БИОГРАФИ

Хуыцау нын цӕрӕнбонты йе стыр хорзӕхӕй хай кодта

Радзырдта йӕ Дуглас Гест

МӔ ФЫДЫ ном хуынди Артур. Ӕрыгонӕй йӕ тынг фӕндыди, цӕмӕй методистты аргъуаны сауджын суыдаид. Фӕлӕ Библииртасджыты литературӕ куы бакаст ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд йӕ фӕнд фӕивта. 1914 азы 17-аздзыдӕй донаргъуыд райста. Уыцы рӕстӕг цыди Фыццаг дунеон хӕст, ӕмӕ йӕм ӕфсадмӕ фӕсидтысты. Фӕлӕ мӕ фыды йӕ къухмӕ хӕцӕнгарз райсын кӕй нӕ фӕндыди, уый тыххӕй йӕ горӕт Кингстоны (провинци Онтарио, Канадӕ) ахӕстоны сбадын кодтой, ӕмӕ дзы фӕбадт дӕс мӕйы. Ахӕстонӕй куы рацыд, уӕд сси чиныгхӕссӕг (раздӕр афтӕ хуыдтам пионерты).

1926 азы мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад сӕ цард баиу кодтой. Мӕ мад хуынди Хейзл Уилкинсон. Мӕ мадымад рӕстдзинад базыдта 1908 азы. Ӕз райгуырдтӕн 1931 азы 24 апрелы. Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мадӕн уыди цыппар сывӕллоны, ӕмӕ ӕз уыдтӕн хистӕры кӕстӕр. Нӕ бинонтӕн царды сӕйрагдӕр уыди Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Мӕ фыд Библи кӕсын бирӕ уарзта, ӕмӕ уый руаджы мах дӕр цӕрӕнбонтӕм Хуыцауы Ныхас бауарзтам. Стӕй-иу нӕ бинонтӕ ӕдзухдӕр хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодтой (Хъуыд. 20:20).

МӔ ФЫДЫ ФӔЗМЫДТОН

1939 азы райдыдта Дыккаг дунеон хӕст. Уымӕй иу аз куы рацыд, уӕд Канадӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддаг сӕхгӕдтой. Уыцы рӕстӕг-иу скъолаты сывӕллӕттӕн тырысайӕн табу кӕнын кодтой ӕмӕ-иу сын гимн зарын кодтой. Ӕмӕ-иу нын нӕ ахуыргӕнджытӕ мӕ хистӕр хо Доротиимӕ бар радтой, цӕмӕй-иу къласӕй рацыдаиккам. Фӕлӕ мын иухатт ӕнӕнхъӕлӕджы мӕ ахуыргӕнӕг фидистӕ кӕнын райдыдта, зӕгъгӕ, дам, тӕппуд дӕ. Ахуыры фӕстӕ мӕ ме ’мкъласӕгтӕ ӕрцахстой ӕмӕ мӕ зӕххыл сфӕлдӕхтой. Тӕрсгӕ нӕ фӕкодтон, фӕлӕ мӕхицӕн фидарӕй загътон, Хуыцаумӕ кӕй хъусдзынӕн, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ (Хъуыд. 5:29).

Дуглас Гесты фыд 1918–1919 азы; йӕ ныййарджытӕ 1926 азы; Дуглас Гест пионерӕй лӕггад кӕны ӕмӕ йӕ фыццаг раныхас дзуры

1942 азы июлы фермӕйы, йӕ мидӕг дон кӕмӕн уыд, ахӕм цуайнаджы донаргъуыд райстон. Уӕд мыл цыди 11 азы. Сӕрдыгон каникулты рӕстӕг уарзтон ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Иухатт ӕртӕ ӕфсымӕримӕ ацыдыстӕм цӕгат Онтариомӕ, иу ӕмбырдмӕ дӕр чи нӕ хауд, ахӕм территоримӕ, ӕмӕ уым хъӕддзаутӕн хъусын кодтам.

1949 азы 1 майы лӕггад кӕнын райдыдтон пионерӕй. Уыцы рӕстӕг Канадӕйы Вефилы арӕзтой ног агъуыстытӕ, ӕмӕ мӕ уырдӕм фӕхуыдтой, цӕмӕй ӕз дӕр баххуыс кодтаин. 1 декабры та уым лӕггад кӕнын райдыдтон типографийы. Ӕз сахуыр дӕн мыхуыргӕнӕн станокыл кусын. Цалдӕр къуырийы фӕкуыстон, ӕхсӕвы чи куыста, уыцы сменӕйы – мыхуыр кодтам буклет, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Канадӕйы куыд ӕфхӕрдтой, уый тыххӕй.

Фӕстӕдӕр Вефилы лӕггад кӕнын райдыдтон уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайады. Иухатт филиалмӕ ӕрбацыдысты, Квебекмӕ хъусын кӕнынмӕ чи цыд, цалдӕр ахӕм пионеры, ӕмӕ мын бахӕс кодтой, цӕмӕй семӕ аныхас кодтаин. Уыцы рӕстӕг Квебекы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты карзӕй ӕфхӕрдтой. Пионертӕй сӕ иу уыди Мэри Зазулӕ, горӕт Эдмонтонӕй (провинци Альбертӕ). Йӕ ныййарджытӕ цыдысты православон аргъуанмӕ. Мэри ӕмӕ йӕ хистӕр ӕфсымӕр Джо Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтой, уӕд сын сӕ мад ӕмӕ сӕ фыд загътой, цӕмӕй мауал ахуыр кӕной. Фӕлӕ уыдон не сразы сты, ӕмӕ сӕ хӕдзарӕй ратардтой. 1951 азы июны дыууӕйӕ дӕр донаргъуыд райстой, ӕмӕ ӕрдӕг азы фӕстӕ райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын. Мэриимӕ куы ныхас кодтон, уӕд бамбӕрстон, Хуыцауы тынг кӕй уарзы. Уӕд мӕхицӕн загътон, зӕгъын, кӕд ӕцӕгдӕр ахӕм хорз чызг у, уӕд мын ӕй ӕнӕракургӕ нӕй. Гъемӕ фараст мӕйы фӕстӕ 1954 азы 30 январы нӕ цард баиу кодтам. Иу къуырийы фӕстӕ мын ӕфсымӕртӕ загътой, кӕй сӕ фӕнды, цӕмӕй мӕ районон цӕстдарӕджы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ бацӕттӕ кӕной. Ӕмӕ уый фӕстӕ дыууӕ азы дӕргъы бӕрӕг кодтам, Онтариойы цӕгатырдыгӕй цы ӕмбырдтӕ уыди, уыдон.

Ӕгас дунейы дӕр хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ кӕй цыд, уымӕ гӕсгӕ хъуыди фылдӕр миссионертӕ. Мах нӕхицӕн загътам, зӕгъгӕ, кӕд Канадӕйы хъызт зымӕгӕн фӕрӕзтам ӕмӕ сӕрдыгон та къогъотӕн быхстам, уӕд ӕндӕр ран дӕр цыфӕнды ӕвзӕр уавӕртӕн дӕр бафӕраздзыстӕм. Гъемӕ 1956 азы июлы каст фестӕм Галаады скъолайы 27-ӕм кълас. Снысан нӕ кодтой Бразилимӕ, ӕмӕ ноябры уым лӕггад кӕнын райдыдтам.

ЛӔГГАД КӔНӔМ БРАЗИЛИЙЫ

Бразилийы филиалмӕ куы ’рцыдыстӕм, уӕд райдыдтам португайлаг ӕвзаг ахуыр кӕнын. Уыцы ӕвзагыл сахуыр кодтам, куыд ис адӕймагӕн салам раттӕн, стӕй иу минутмӕ ныхас райдайӕн ӕмӕ йын журнал раттӕн. Ӕмӕ уый фӕстӕ хъусын кӕнын райдыдтам. Адӕймаджы-иу байхъусын куы фӕндыд, уӕд-иу ын хъуамӕ Библийӕ бакастаиккам, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цард цавӕр уыдзӕн, уый тыххӕй. Фыццаг бон нӕм иу сылгоймаг хорз байхъуыста, ӕмӕ йын Раргомады 21:3, 4 стихтӕ бакастӕн. Фӕлӕ ӕнӕнхъӕлӕджы бавзӕр дӕн, уымӕн ӕмӕ Бразилийы тӕвд ӕмӕ уымӕл климӕтыл нӕма сахуыр дӕн, ӕмӕ мын уый уыди фӕлварӕн.

Дуглас Гест Вефилы лӕггад кӕны, ус ракуырдта, йӕ бинойнагимӕ Галаады скъола фӕци, Бразилийы лӕггад кӕны ӕмӕ йӕ телевизоры ӕвдисынц

Миссионертӕй лӕггад кодтам горӕт Кампосы. Ныр уыцы горӕты ис 15 ӕмбырды. Фӕлӕ дзы уӕд та иу къорд йеддӕмӕ нӕ уыд. Уыди ма дзы миссионерты хӕдзар дӕр, ӕмӕ дзы цард цыппар миссионер-хойы: Эстер Трейси, Рамонӕ Бауер, Луизӕ Шварц ӕмӕ Лоррейн Брукс (ныр Уоллен). Уыцы хӕдзары ӕххуыс кодтон, гӕрзтӕ кӕм ӕхсадтой, уым, стӕй хӕринаг кӕнынӕн сугтӕ амал кодтон. Иухатт ныл къуырисӕры изӕрӕй, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыры фӕстӕ, иу хабар ӕрцыд. Мӕ бинойнаг йӕхи диваныл ӕруагъта ӕмӕ ныхӕстӕ кодтам. Куыд фӕцӕйстади, афтӕ дын йӕ базы бынӕй калм куы рабырид. Мӕ бинойнаг бӕстӕ йӕ сӕрыл систа, ӕмӕ цалынмӕ калмы нӕ амардтон, уӕдмӕ не ’рсабыр!

Португайлаг ӕвзаг иу аз куы фӕахуыр кодтам, уӕд мӕ районон цӕстдарӕгӕй снысан кодтой. Иу хъӕуӕй иннӕмӕ цыдыстӕм ӕмӕ кодтам хуымӕтӕг цард: рухс нӕм нӕ уыди, хуыссыдыстӕм пъолыл ӕмӕ цыдыстӕм бӕхтыл ӕмӕ бӕхуӕрдӕттыл. Иухатт поездыл ацыдыстӕм, иу ӕмбырдмӕ дӕр чи нӕ хауд, ахӕм территорийы хъусын кӕнынмӕ. Ӕмӕ уым уазӕгдзӕрӕны иу къомнӕт баххуырстам. Филиал нын рарвыста 800 журналы, ӕмӕ къоппытӕ уыдысты почтӕйы. Гъемӕ дыууӕрдӕм фӕкодтам, цӕмӕй уыцы къоппытӕ иууылдӕр раластаиккам.

1962 азы Бразилийы алы рӕтты ауагътой Бӕрнон ӕфсымӕрты скъола, ӕмӕ дзы миссионер-хотӕ дӕр ахуыр кодтой. Бабар мын кодтой, цӕмӕй ӕхсӕз мӕйы дӕргъы иу горӕтӕй иннӕ горӕтмӕ цыдаин ӕмӕ уыцы скъола уагътаин. Фӕлӕ Мэри мемӕ нӕ уыди. Скъола уагътон Манаусы, Белены, Форталезӕйы, Ресифийы ӕмӕ Сальвадоры. Иухатт спълан кодтам горӕт Манаусы зындгонд оперӕйы театры облӕстон конгресс ауадзын. Фӕлӕ бирӕ кӕй фӕуарыд, уый тыххӕй, нуазынӕн чи бӕззыдаид, ахӕм дон бирӕ нал баззад. Стӕй дзы, конгресдзаутӕ сихорафон кӕм бахордтаиккой, ахӕм бынат дӕр нӕ уыд (уыцы рӕстӕг-иу конгрессты хӕринаг кодтой). Уӕд бынӕттон ӕфсады хистӕртӕн хабар бамбарын кодтон, ӕмӕ иу офицер ахӕм хӕларзӕрдӕ разынд, ӕмӕ нын алкӕй фаг дӕр нуазыны дон радта. Стӕй салдӕтты рарвыста, ӕмӕ нын дыууӕ стыр цатыры сӕвӕрдтой: иу – хӕринаг кӕнынӕн, иннӕ та – сихор хӕрынӕн.

Мэри дӕр йӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ сӕфта – португайлӕгтӕ кӕм куыстой, уыцы районы-иу хъусын кодта. Адӕмӕн дзы сӕ мӕт ӕрмӕстдӕр ӕхцайыл кӕй уыди, уый тыххӕй Мэрийӕн ӕнцон нӕ уыд искӕимӕ Библийыл ныхас кӕнын райдайын. Иухатт вефилӕгтӕй кӕмӕндӕрты загъта: «Кӕмфӕнды дӕр цӕрин, ӕрмӕст Португалийы нӕ». Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ райстам иу писмо. Португалимӕ нӕ кӕй ӕрвитынц, уый дзы куы бакастыстӕм, уӕд Мэри хорзау нал фӕци. Португалийы уыцы рӕстӕг нӕ хъуыддаг ӕхгӕд уыди, фӕлӕ уӕддӕр сразы стӕм.

ПОРТУГАЛИМӔ АЦЫДЫСТӔМ

Португалимӕ, горӕт Лиссабонмӕ, ацыдыстӕм 1964 азы августы. Португалийы сусӕг пъӕлицӕ ӕдзухдӕр не ’фсымӕртӕн сӕ фӕдыл зылди. Мах уый зыдтам, ӕмӕ нӕхи ӕфсымӕртӕн нӕ рахъӕр кодтам. Ӕрлӕууыдыстӕм иу гыццыл уазӕгдзӕрӕны ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, Португалийы цӕрыны бар нын кӕй ис, уый тыххӕй нын нӕ гӕххӕттытӕ кӕд скӕндзысты, уымӕ. Нӕ визӕтӕ куы райстам, уӕд фатер баххуырстам. 1965 азы январы филиалӕн нӕхи схъӕр кодтам. Фондз мӕйы фӕстӕ фыццаг хатт ӕмбырдмӕ куы бахаудыстӕм, уӕд нӕ цинӕн кӕрон нал уыд!

Базыдтам, пъӕлицӕ алы бон дӕр ӕфсымӕрты хӕдзӕрттыл кӕй зылди. Паддзахады залтӕ кӕй сӕхгӕдтой, уый тыххӕй ӕмбырдтӕ уагътой хӕдзӕртты. Сӕдӕгай хотӕ ӕмӕ-иу ӕфсымӕрты акодтой пъӕлицӕйы участокмӕ. Хъусынгӕнджытӕ бӕрнон ӕфсымӕрты нӕмттӕ кӕй нӕ хъӕр кодтой, уый тыххӕй-иу сӕ карзӕй бафхӕрдтой. Уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзимӕ сӕ мыггӕгтӕй нал дзырдтой, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр сӕ нӕмттӕй, зӕгъӕм, Жозе кӕнӕ Пауло. Ӕмӕ мах дӕр афтӕ кодтам.

Дуглас Гест Португалийы 1964 азы, тӕрхондоны раз 1966 азы, ӕмбырды 1974 азы, йӕ бинойнаг Мэри Гестимӕ

Нӕ бон цы уыд, уый арӕзтам, цӕмӕй не ’фсымӕртӕм фаг литературӕ уыдаид. Мэри-иу «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыргӕнӕн статьятӕн ӕмӕ ӕндӕр публикацитӕн трафареттӕ скодта, цӕмӕй-иу сӕ мимеографыл ныммыхуыр кодтаиккам.

ХОРЗ ХАБАРЫ СӔРЫЛ ТӔРХОНДОНЫ ДЗУРӔМ

1966 азы июны горӕт Лиссабоны тӕрхондоны ӕвзӕрстой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддаг. «Фейжо» чи хуынд, уыцы ӕмбырд ӕнӕхъӕнӕй, 49 адӕймаджы, фӕаххосджын кодтой, кӕмӕдӕр хӕдзары кӕй ӕмбырд кодтой, уый тыххӕй, зӕгъгӕ сын закъонмӕ гӕсгӕ уый бар нӕй. Ӕз сӕ уыцы тӕрхонмӕ бацӕттӕ кодтон: цыма прокурор дӕн, афтӕ сӕм фарстатӕ лӕвӕрдтон. Мах ӕй зыдтам, кӕй нӕ рамбулдзыстӕм, фӕлӕ йӕ ӕмбӕрстам, уыцы хъуыддаг дӕрдтыл кӕй айхъуысдзӕн. Нӕ адвокат ма тӕрхоны рӕстӕг йӕ раныхасы кӕрон ныфсджынӕй загъта фыццаг ӕнусы цӕрӕг Гамалиилы ныхӕстӕ (Хъуыд. 5:33–39). Уый фӕстӕ газетты уыцы тӕрхоны йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕй кой кодтой. Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй ахӕстоны чи мӕй ӕмӕ ӕрдӕг фӕбадт, чи та – ӕрдӕг азы бӕрц. Тынг ӕхсызгон нын уыди, уыцы хъӕбатыр адвокат Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын кӕй райдыдта.

1966 азы декабры мӕ снысан кодтой филиалы цӕстдарӕгӕй. Мӕ куыст баст уыди юридикон хъуыддӕгтимӕ. Бирӕ бафыдӕбон кодтам, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Португалийы сӕрибарӕй архайыны бар радтаиккой (Фил. 1:7). Ӕмӕ уый нӕ къухы бафтыд 1974 азы 18 декабры. Уыцы цины хабары фӕдыл нӕм сӕйраг хайадӕй ӕрцыдысты ӕфсымӕртӕ Нейтан Норр ӕмӕ Фредерик Френц. Порту ӕмӕ сын Лиссабоны цы раныхӕстӕ уыди, уыдонмӕ байхъуыста 46 870 адӕймаджы.

Йегъовӕйы фӕндӕй хорз хабар апарахат, португайлаг ӕвзагыл кӕм дзурынц, уыцы сакъадӕхты: Азоры сакъадӕхты, Кабо-Вердейы, Мадейрӕйы, Сан-Томе ӕмӕ Принсипийы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кодтой, уый тыххӕй бахъуыд Вефил фестырдӕр кӕнын. 1988 азы ног агъуыстытӕ арӕзт фесты, ӕмӕ сӕ уыцы аз 23 апрелы снывонд кодтой. Раныхас уыд ӕфсымӕр Милтон Хеншелӕн, ӕмӕ йӕм байхъуыста 45 522 адӕймаджы. Се ’хсӕн уыди, Португалийы раздӕр миссионертӕй чи лӕггад кодта ӕмӕ ныр ӕндӕр бӕстӕты чи цард, дыууын ахӕм хо ӕмӕ ӕфсымӕры.

ИУЗӔРДИОН ӔФСЫМӔРТӔЙ БИРӔ ЦӔУЫЛДӔРТЫ САХУЫР СТӔМ

Бирӕ азтӕ лӕггад кӕнгӕйӕ Мэриимӕ алыхуызон иузӕрдион ӕфсымӕртимӕ базонгӕ стӕм. Сӕ иу уыд ӕфсымӕр Теодор Ярач. Уый лӕггад кодта зоналон цӕстдарӕгӕй. Ӕмӕ иухатт иу филиал куы бӕрӕг кодта, уӕд ын ӕз дӕр ӕххуыс кодтон. Уый фӕрцы бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Уыцы филиалы ӕфсымӕртӕ цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты. Филиалы комитеты ӕфсымӕртӕ, сӕ бон цы уыд, уый сарӕзтой, фӕлӕ уӕддӕр бирӕ ницы аивта. Ӕмӕ сӕ уӕд ӕфсымӕр Ярач ахӕм ныхӕстӕй ныфс бауагъта: «Ныр сыгъдӕг тыхӕн дӕр архайыны бар раттӕм». Уымӕй бирӕ азтӕ куы рацыд, уӕд иухатт Мэриимӕ уыдыстӕм Бруклины ӕмӕ иу изӕр нӕ рӕстӕг арвыстам ӕфсымӕр Френцимӕ ӕмӕ ма цалдӕр ӕфсымӕримӕ. Фӕстагмӕ ӕфсымӕр Френцы бафарстам, уал азы Йегъовӕйӕн кӕй фӕлӕггад кодтай, уый тыххӕй дӕ бон цы у зӕгъын, зӕгъгӕ. Ӕфсымӕр Френц нын загъта: «Йегъовӕйы организаци макуы ныууадзут, цыфӕнды куы ’рцӕуа, уӕддӕр. Ӕрмӕстдӕр уыцы организаци кӕны, Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын».

Ӕмӕ мах дӕр Мэриимӕ уыцы ныхӕстӕ никуы рох кодтам. Филиалтӕ бӕрӕг кӕнын нӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд, ӕмӕ уыцы рӕстӕг нӕ зӕрдыл ӕхсызгонӕй ӕрлӕууы. Ӕрыгон ӕмӕ-иу ацӕргӕ вефилӕгтӕн сӕ иузӕрдион лӕггады тыххӕй фӕарфӕтӕ кодтам ӕмӕ-иу сӕ разӕнгард кодтам, цӕмӕй дарддӕр дӕр филиалы Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаиккой.

Азтӕ аивгъуыдтой, ӕмӕ нӕ дыууӕйыл дӕр ныр цӕуы 80 азӕй фылдӕр. Мэрийӕн йе ’нӕниздзинад тынг фӕцудыдта (2 Кор. 12:9). Фӕлварӕнты фӕрцы нӕ уырнындзинад фӕфидар, ӕмӕ нӕ тынг фӕнды Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Нӕ цардмӕ фӕстӕмӕ куы акӕсӕм, уӕд ӕй фенӕм, Йегъовӕ нын цӕрӕнбонты йе стыр хорзӕхӕй куыд хай кодта, уыйa.

a Ацы статья мыхуырмӕ куы цӕттӕ кодтам, уӕд Дуглас Гест амард, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад, афтӕмӕй. Ӕфсымӕр Гест амард 2015 азы 25 октябры.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын