Пионертӕ Джордж Роллстон ӕмӕ Артур Уиллис сӕ машинӕйы радиаторы дон кӕнынц (Цӕгат территори, 1933 аз)
НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ
«Сӕ фӕндӕгтӕ нӕдӕр ӕгӕр зынцӕуӕн сты, нӕдӕр – ӕгӕр даргъ»
1937 азы 26 мартъийы дыууӕ нӕлгоймаджы дард балцӕй сӕ рыгӕйдзаг машинӕйыл ӕрбаздӕхтысты горӕт Сиднеймӕ (Австрали). Иу азы размӕ Сиднейӕ рацыдысты, ӕмӕ Австралийы кӕм нӕ балӕууыдысты, иу ахӕм къуым дӕр нал баззад. Фӕндӕгтыл фӕцыдысты 19 300 километрӕй фылдӕр. Уыцы дыууӕ нӕлгоймаджы, ӕрдзы рӕсугъд нывтӕ фенынмӕ кӕнӕ ног бынӕттӕ басгарынмӕ чи ацӕуы, ахӕм бӕлццӕттӕ нӕ уыдысты. Уыдон уыдысты зынгзӕрдӕ пионертӕ – Артур Уиллис ӕмӕ Билл Ньюлендс. Сӕ нысан уыд Хуыцауы Паддзахады хабар, Австралийы бирӕ адӕм кӕм нӕ цӕры, ахӕм дард рӕтты фехъусын кӕнын.
1920-ӕм азты кӕронмӕ Библииртасджытыa гыццыл къорд фылдӕр хъусын кодта, Австралийы доны былгӕрӕтты цы горӕттӕ ис, уым. Австралийӕн йӕ фылдӕр хай у хурсыгъд ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ дзы цӕрджытӕ бирӕ нӕй. Уыцы хайы территори у Иугонд Штатты территорийӕ дыууӕ хатты къаддӕр. Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ ӕмбӕрстой, кӕй хъуамӕ сӕххӕст кӕной Чырыстийы фӕдзӕхст, зӕгъгӕ, хорз хабар фӕхӕццӕ кӕнут «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Ӕмӕ сӕ хъуыди ӕнӕхъӕн Австралийыл аххӕссын. Фӕлӕ уыцы стыр куыст сӕ къухы куыд бафтыд? Сӕ бон цыдӕриддӕр уыди, уый арӕзтой ӕмӕ сӕ фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ сын сӕ фыдӕбонӕн кӕй раарфӕ кӕндзӕн.
ФЫЦЦӔГТӔ УЫДЫСТЫ ПИОНЕРТӔ
1929 азы, штаттӕ Квинсленд ӕмӕ Ныгуылӕн Австралийы цы ӕмбырдтӕ уыди, уыдон цалдӕр автофургоны сарӕзтой, цӕмӕй уыцы штаттыл ӕрзылдаиккой. Шофыртӕй равзӕрстой, зын уавӕрты чи бафӕрӕзтаид ӕмӕ машинӕтӕ аразын чи зыдта, ахӕм пионерты. Уыцы пионертӕ бахӕццӕ сты, адӕм уый размӕ рӕстдзинад кӕм нӕма фехъуыстой, бирӕ ахӕм рӕттӕм.
Машинӕтӕ кӕмӕн нӕ уыд, уыцы пионертӕ та хъусын кӕнынмӕ цыдысты велосипедтыл. Зӕгъӕм, 1932 азы 23-аздзыд ӕфсымӕр Беннетт Брикелл фондз мӕймӕ хъусын кӕнынмӕ Рокгемптонӕй ацыд, штат Квинсленды цӕгат фарс цы дард хъӕутӕ уыди, уырдӕм. Йӕ велосипедыл цынӕ сӕвӕрдта, ахӕмӕй ницыуал баззад: хъӕццултӕ, дзаумӕттӕ, хӕринаг ӕмӕ дуне чингуытӕ. Йӕ велосипеды цӕлхытӕ куы баихсыдысты, уӕд дӕр йӕ фӕндагыл размӕ цыд, уымӕн ӕмӕ фидарӕй зыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн. Йӕ фӕндаг ӕй дарддӕр акӕнын хъуыд, бӕлццӕттӕй-иу чидӕртӕ дойныйӕ кӕм амардысты, ахӕм хурсыгъд зӕххытыл. Гъемӕ фистӕгӕй фӕцыди 320 километры, йӕ велосипед йӕ разӕй тардта, афтӕмӕй. Уый фӕстӕ ма ӕфсымӕр Брикелл Австралийы фӕндӕгтыл 30 азӕй фылдӕр фӕцыди сӕдӕгай мин километртӕ велосипедыл, мотоциклыл ӕмӕ машинӕйыл. Аборигентӕн хорз хабар фыццаг уый фехъусын кодта ӕмӕ бирӕ бафыдӕбон кодта, цӕмӕй уыцы рӕтты ӕмбырдтӕ фӕзындаид. Ӕфсымӕр Брикеллы уымыты чи нӕ зыдта, ахӕм нал баззад, стӕй йӕ иууылдӕр тынг бауарзтой.
ЗЫНДЗИНӔДТӔ СӔ НӔ БАУРӔДТОЙ
Австралийы, иннӕ бӕстӕтимӕ абаргӕйӕ, бирӕ адӕм нӕ цӕры. Уӕлдайдӕр та дард рӕтты уыйбӕрц цӕрӕг нӕй. Уымӕ гӕсгӕ уӕд Йегъовӕйы адӕм сӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрдтой, цӕмӕй хорз хабар фӕхӕццӕ кодтаиккой, уыцы рӕтты цы иугай-дыгай адӕймӕгтӕ царди, уыдонмӕ.
Сӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрдтой пионертӕ Стьюарт Келти ӕмӕ Уильям Торрингтон дӕр. 1933 азы ацыдысты горӕт Алис-Спрингсмӕ. Уыцы горӕт ис Австралийӕн йӕ тӕккӕ астӕу. Цӕуын сӕ бахъуыд ӕнӕкӕрон змисджын ӕдзӕрӕг быдырыл, Симпсоны ӕдзӕрӕг быдырыл. Сӕ гыццыл машинӕ куы асаст, уӕд ӕй фӕндагыл ныууадзын бахъуыд. Ӕфсымӕр Келтийӕн хъӕдын къах кӕй уыд, уый тыххӕй йын фистӕгӕй цӕуын зын уыди. Гъемӕ теуайыл сбадти, ӕмӕ афтӕмӕй сӕ фӕндаг адарддӕр кодтой! Уыцы пионертӕн сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕци. Дард ран чи уыд, иу ахӕм ӕфсӕнвӕндаджы станцӕйы, Уильям Крик, зӕгъгӕ, базонгӕ сты иу уазӕгдзӕрӕны хицауимӕ, Чарлз Бернхардтимӕ. Уыцы нӕлгоймаг фӕстӕдӕр рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ айста, йӕ уазӕгдзӕрӕн ауӕй кодта ӕмӕ 15 азы иунӕгӕй пионерӕй фӕлӕггад кодта Австралийы хурсыгъд ӕмӕ тынг дард рӕтты.
Артур Уиллис йӕхи цӕттӕ кӕны, цӕмӕй Австралийы дард рӕттӕм хъусын кӕнынмӕ ацӕуа (Перт, штат Ныгуылӕн Австрали, 1936 аз)
Уыцы рӕстӕг пионертӕ хъуамӕ уыдаиккой хъӕбатыр ӕмӕ фидар, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ хъуыд бирӕ зындзинӕдты сӕрты ахизын. Статьяйы райдианы кӕй кой цыд, уыцы ӕфсымӕртӕ, Артур Уиллис ӕмӕ Билл Ньюлендс, иу ранмӕ 32 километры фӕцыдысты. Фӕндагыл бахъуыдысты дыууӕ къуырийы бӕрц, уымӕн ӕмӕ уарынтӕй ӕдзӕрӕг быдырыл цъыфӕй ахизӕнтӕ нал уыд. Хатт-иу сӕ судзгӕ хурмӕ сӕ хид калгӕйӕ сӕ машинӕ тъӕпп кӕнын бахъуыд, цӕмӕй-иу стыр змисджын къуыбырты сӕрты ахызтаиккой. Сӕ машинӕ тӕрын-иу сӕ бахъуыди дурджын кӕмтты ӕмӕ, чи бахус, ахӕм цӕугӕдӕтты сӕрты. Куы-иу сын фехӕлд (ахӕм хабар та-иу сыл арӕх ӕрцыд), уӕд-иу цалдӕр боны кӕм фистӕгӕй, кӕм та велосипедтыл хӕстӕгдӕр горӕтмӕ фӕцыдысты. Ӕмӕ-иу къуыригӕйттӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, сӕ машинӕйӕн ивӕн хӕйттӕ кӕд ӕрӕрвитдзысты, уымӕ. Кӕд-иу сыл ахӕм хабӕрттӕ ӕрцыд, уӕддӕр-иу сӕ ныфс асӕттын никуы бауагътой. Кӕддӕр журнал «Сызгъӕрин ӕнус»-ы цы хъуыдытӕ уыд, уыдон фӕстӕдӕр Артур Уиллис йӕхи ныхӕстӕй афтӕ загъта: «Йе ’вдисӕнтӕн сӕ фӕндӕгтӕ нӕдӕр ӕгӕр зынцӕуӕн сты, нӕдӕр – ӕгӕр даргъ».
Бирӕ рӕстӕг пионерӕй чи фӕлӕггад кодта, иу ахӕм ӕфсымӕр, Чарлз Харрис, куыд радзырдта, афтӕмӕй дард рӕтты хъусын кӕнгӕйӕ бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлд. Фӕлӕ уыцы зындзинӕдты фӕрцы Йегъовӕимӕ ноджы ӕнгомдӕр сси. Чарлз ма ноджыдӕр загъта: «Цас къаддӕр дзаумӕттӕ дӕм уа, уыйас дӕ цард уыдзӕн ӕнцондӕр. Кӕд-иу хатт Йесойы ӕхсӕвы ӕддейӕ сбон кӕнын бахъуыд, уӕд мах дӕр уымӕ хъуамӕ цӕттӕ уӕм». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, уымӕ пионертӕй бирӕтӕ уыдысты цӕттӕ. Ӕнӕзивӕг кӕй уыдысты, уый руаджы хорз хабар Австралийы алы къуыммӕ дӕр фӕхӕццӕ кодтой, ӕмӕ тынг бирӕ адӕм Хуыцауы Паддзахады фарс слӕууыдысты.