НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ
«Цымӕ та нын кӕд уыдзӕн конгресс?»
МЕХИКО. 1932 аз, ноябры кӕрон. Ацы горӕты цӕры иу милуан адӕймагӕй фылдӕр ӕмӕ дзы цард цӕджджинагау фыцы. Кӕд дзы иу къуырийы размӕ фыццаг светофор сӕвӕрдтой, уӕддӕр адӕмы уыцы хабар афтӕ нал цымыдис кӕны. Ныр се ’ргом здӕхт у ӕндӕр цӕмӕдӕр. Журналисттӕ сӕ камерӕтимӕ ӕрӕмбырд сты ӕфсӕнвӕндаджы станцӕйы ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц кадджын уазӕджы ӕрцыдмӕ. Цымӕ чи у? Джозеф Рутерфорд, Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ӕхсӕнады президент. Бынӕттон Ӕвдисӕнтӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕфсымӕр Рутерфордмӕ. Мехикойы ӕртӕ боны дӕргъы хъуамӕ уа конгресс, ӕмӕ Рутерфорд дӕр уыцы конгресмӕ ӕрцыд.
«Сызгъӕрин ӕнус»-ы фыст уыд: «Дзырд дӕр ыл нӕй, ацы конгресс Мексикӕйы историйы стыр фӕд ныууадздзӕн, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы Рӕстдзинад стыр къахдзӕфтӕй размӕ ацыд». Фӕлӕ уыцы конгрессы уыд ӕрмӕстдӕр 150 адӕймаджы бӕрц. Уӕдӕ афтӕ ахсджиаг цӕмӕй уыд?
Уыцы конгрессы размӕ Мексикӕйы хорз хабар афтӕ парахат нӕ уыд. 1919 азӕй фӕстӕмӕ-иу дзы гыццыл конгресстӕ уыди, фӕлӕ фӕстӕдӕр цалдӕр азмӕ ӕмбырдты нымӕц фӕкъаддӕр. 1929 азы горӕт Мехикойы байгом филиал, ӕмӕ ӕфсымӕрты ныфс бацыд, ныр уавӕр фӕхуыздӕр уыдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ма сын уӕддӕр цавӕрдӕр цӕлхдуртӕ уыд. Чиныгхӕсджытӕн афтӕ куы загътой, цӕмӕй хъусын кӕнгӕйӕ ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгтӕ ма арӕзтаиккой, уӕд сӕ иу афтӕ смӕсты, ӕмӕ рӕстдзинад ныууагъта ӕмӕ йӕхӕдӕг сарӕзта, Библи чи иртӕста, ахӕм къорд. Уыцы рӕстӕг ма ахӕм хабар дӕр уыд, ӕмӕ филиалы цӕстдарӕг Библийы уагӕвӕрдты сӕрты хызт ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзта, ӕмӕ йӕ бӕсты бахъуыди ӕндӕр ӕфсымӕры сӕвӕрын. Ӕмӕ Мексикӕйы иузӕрдион хоты ӕмӕ ’фсымӕрты хъуыди бафидар кӕнын.
Ӕфсымӕр Рутерфорд уыцы иузӕрдион Ӕвдисӕнты стыр ныфс бауагъта. Конгрессы радзырдта дыууӕ раныхасы, стӕй ма радиойӕ дӕр ноджыдӕр фондз раныхасы. Ӕнӕхъӕн Мексикӕйыл хорз хабар радиойӕ фыццаг хатт хъусын кодтой. Конгрессы фӕстӕ филиалӕн нысангонд ӕрцыд ног цӕстдарӕг, ӕмӕ уый уацамынды хъуыддаг, куыд ӕмбӕлд, афтӕ спълан кодта. Хъусынгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕты зынг ссыгъд, ӕмӕ Йегъовӕйы арфӕдзинады фӕрцы хъусын кӕнынмӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй бавнӕлдтой.
Конгресс Мехикойы, 1941 аз
1933 азы та Мексикӕйы ацыд дыууӕ конгрессы: иу горӕт Веракрусы, иннӕ – Мехикойы. Ӕфсымӕртӕн сӕ зӕрдиаг фыдӕбон тыллӕг дӕттын райдыдта. Зӕгъӕм, 1931 азы дзы уыд 82 хъусынгӕнӕджы. Фӕлӕ 1941 азы уыдысты дӕс хатты фылдӕр! Уыцы аз Мехикойы цы конгресс уыд, уым ӕрӕмбырд 1 000 адӕймаджы бӕрц.
«УЫНГТЫ АКЪАХДЗӔФ КӔНӔН НӔ УЫД»
1943 азы Мексикӕйы 12 горӕты хъуамӕ ацыдаиккой конгресстӕ, «Сӕрибар адӕм», зӕгъгӕ, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уый тыххӕй уынгты хъусын кодтой, сӕ уӕлӕ плакаттӕ, афтӕмӕйa. Плакаттӕ афтӕ конд уыдысты: дыууӕ плакаты уӕхсчыты ’рдыгӕй уыдысты кӕрӕдзийыл фидаргонд, ӕмӕ-иу сӕ адӕймаг йӕ уӕлӕ ӕркодта. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ахӕм плакаттӕй, конгресс кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй фӕхабар кӕнынӕн пайда кодтой 1936 азӕй фӕстӕмӕ.
1944 азы иу журналы чи уыд, уыцы къам: не ’фсымӕртӕ плакаттимӕ Мехикойы
Мехикойы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ плакатты фӕрцы адӕмы конгресмӕ кӕй хуыдтой, уый фӕрцы сӕ къухы бирӕ бафтыд. Конгрессы чи уыд, уыцы Ӕвдисӕнты тыххӕй журнал «Насьон»-ы (La Nación) ныффыстой: «Фыццаг бон сын фехъусын кодтой, цӕмӕй ноджы фылдӕр адӕмы фӕхоной. Дыккаг бон та дзы адӕмӕй къух бакӕнӕн дӕр нӕ уыд». Уый католикон сауджынты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ цӕуын райдыдтой. Фӕлӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нӕ фӕтарстысты. Уыдон дарддӕр дӕр адӕмы конгресмӕ хуыдтой. Журнал «Насьон»-ы ӕндӕр статьяйы фыст уыд: «Ӕнӕхъӕн горӕт дӕр сӕ федта. Сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй – иууылдӕр плакаттӕ фестадысты». Уыцы статьяйы ма уыди, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ плакаттимӕ куыд лӕууынц, ахӕм къам дӕр, йӕ бынмӕ та фыст уыд: «Уынгты акъахдзӕф кӕнӕн нӕ уыд».
СӔ «ХУЫССӔНТӔ» УЫДЫСТЫ «ЦЕМЕНТ ПЪОЛӔЙ ФӔЛМӔНДӔР ӔМӔ ХЪАРМДӔР»
Уыцы азты Мексикӕйы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй сӕ фылдӕрӕн ӕнцон нӕ уыд конгресстӕм бахауын. Ӕмӕ конгресстӕ цалдӕр йеддӕмӕ кӕй нӕ уыдысты, уый тыххӕй-иу цыфӕнды зынӕй дӕр бацархайдтой, цӕмӕй-иу сӕм ацыдаиккой. Бирӕтӕ сӕ цардысты дард хъӕуты, ӕмӕ сӕ рӕзты нӕдӕр ӕфсӕнвӕндаг цыди, нӕдӕр ӕнӕуи фӕндӕгтӕ. Гъемӕ-иу сӕ бахъуыд цалдӕргай бонтӕ кӕнӕ хӕрӕгыл, кӕнӕ къахӕй цӕуын, цӕмӕй-иу, конгресс кӕм уыд, уыцы горӕтмӕ цы поезд цыд, ууыл сбадтаиккой.
Ӕвдисӕнтӕн сӕ фылдӕр уыдысты мӕгуыр, ӕмӕ-иу иуырдӕм дӕр фӕндаггаджы фаг ӕхца тыххӕйты самал кодтой. Уырдӕм-иу куы ’рхӕццӕ сты, уӕд-иу дзы бирӕты бынӕттон Ӕвдисӕнтӕ зӕрдиагӕй суазӕг кодтой. Иннӕтӕ та-иу Паддзахады залты бахсӕвиуат кодтой. Иухатт 90 ӕфсымӕры бӕрц ӕхсӕв ӕрлӕууыдысты филиалы, фынӕй та кодтой чингуыты къоппытыл. «Ӕрвылазон чиныджы» фыст уыд, зӕгъгӕ, дам, нӕ уазджытӕ ахӕм «хуыссӕнты» тыххӕй тынг бузныг уыдысты, уыцы къоппытӕ, дам, уыдысты «цемент пъолӕй фӕлмӕндӕр ӕмӕ хъармдӕр».
Уыцы Ӕвдисӕнтӕ тынг аргъ кодтой, конгрессты-иу сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртимӕ иумӕ кӕй ӕрӕмбырд сты, уымӕн. Ӕмӕ сӕ кӕд уый тыххӕй цавӕрдӕр зындзинӕдты сӕрты ахизын хъуыд, уӕддӕр сӕм уыдӕттӕ нымады дӕр нӕ уыдысты. Ныртӕккӕ Мексикӕйы ис иу милуан Йегъовӕйы Ӕвдисӕны бӕрц, ӕмӕ уыдон дӕр тынг аргъ кӕнынц, иумӕ кӕй ӕрӕмбырд вӕййынц, уымӕнb. 1949 азы «Ӕрвылазон чиныджы» фыст уыд, зӕгъгӕ, кӕд ӕфсымӕртӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уӕддӕр сӕ зӕрдӕты зынг не ’рмынӕг. Алы конгрессы фӕстӕ дӕр ма-иу иуцасдӕр конгрессы кой кодтой, ӕмӕ та-иу загътой: «Цымӕ та нын кӕд уыдзӕн конгресс?» (Нӕ архивтӕй Централон Америкӕйы.)
a 1944 азы «Ӕрвылазон чиныджы» куыд фыст уыд, афтӕмӕй ацы конгрессы фӕрцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Мексикӕйы хорз базыдтой.
b 2016 азы Мексикӕйы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 2 262 646 адӕймаджы.