Зыдтай йӕ?
Йесо цӕмӕн дзырдта, сомы ма кӕнут, зӕгъгӕ?
МОИСЕЙЫ ЗАКЪОНМӔ гӕсгӕ-иу дзуттӕгтӕн сӕ бон уыд цавӕрдӕр хъуыддӕгты тыххӕй сомы кӕнын. Фӕлӕ Йесойы рӕстӕджы дзуттӕгтӕм уыцы ӕгъдау афтӕ сарӕх, ӕмӕ-иу цыфӕнды ма загътаиккой, уӕддӕр сомы кодтой. Афтӕ уый тыххӕй кодтой, цӕмӕй сӕ ныхӕстыл фылдӕр ӕууӕнк уыдаид. Фӕлӕ Йесо бамбарын кодта, уый ӕнӕпайда кӕй уыд ӕмӕ дыууӕ хатты загъта, сомы ма кӕнут, зӕгъгӕ. Стӕй загъта: «„О“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“, „нӕ“ загътат, уӕд та – „нӕ“» (Матф. 5:33–37; 23:16–22).
Иу дзырдуаты фыст ис, Талмуды кӕй ис фенӕн, дзуттӕгтӕ-иу, сӕ ныхӕстӕ ӕцӕг кӕй сты, уый равдисыны тыххӕй арӕх кӕй сомы кодтой (Theological Dictionary of the New Testament). Талмуды тынг бӕстон фыст ис, ӕнӕмӕнг кӕцы сомытӕ хъуыди ӕххӕст кӕнын, кӕцытӕ та – нӕ.
Ӕрмӕст Йесо нӕ дзырдта, хъӕуа-нӕ хъӕуа сомы кӕнын раст кӕй нӕу. Зӕгъӕм, дзуттаг историк Иосиф Флавий иу сектӕйы тыххӕй фыста, сомы ӕппындӕр кӕй нӕ кодтой. Уыцы сектӕйы чи уыд, уыдоны хъуыдымӕ гӕсгӕ сомы кӕнын сайынӕй фыддӕр уыд. Афтӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, кӕд адӕймаг сомы кӕны, цӕмӕй йыл иннӕтӕ баууӕндой, уӕд сайӕгой у. Иу дзуттаг чиныджы фыст ис: «Сомы кӕнын ахуыр чи у, уыцы адӕймаг сӕрӕй-къӕхтӕм фыдгӕнӕг у» (Wisdom of Sirach). Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй Йесо бамбарын кодта, сомы кӕнынмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕй. Алы хатт дӕр, ӕцӕг цы у, уый куы дзурӕм, уӕд нын нӕ ныхӕстыл ӕнӕ сомыйӕ дӕр ӕууӕнддзысты.