Кӕсджыты фарстатӕ
Библийы сомы кӕныны тыххӕй цы фыст ис?
Адӕймаг сомы ракӕны, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй. Арӕх ма фӕзӕгъы, «Хуыцау мын ӕвдисӕн», зӕгъгӕ. Иуӕй-иу хатт уыцы сомы фыст дӕр ӕрцӕуы.
Йесо цы загъта, уый тыххӕй кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, ӕмӕ сомы кӕнӕн нӕй. Уый загъта: «Сомы ӕппындӕр ма кӕнут... [...] „О“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“, „нӕ“ загътат, уӕд та – „нӕ“. Уымӕй уӕлдай цы зӕгъат, уый та у Фыдбылызӕй» (Матф. 5:33–37). Йесо куыннӕ зыдта, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ дӕр-иу кӕй хъуыди цавӕрдӕр хъуыддӕгты тыххӕй расомы кӕнын кӕнӕ-иу Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр цӕйдӕр тыххӕй кӕй расомы кодтой (Райд. 14:22, 23; Рац. 22:10, 11). Уымӕй уӕлдай ма зыдта, Йегъовӕ дӕр-иу иуӕй-иу хатт цӕйдӕр тыххӕй кӕй расомы кодта (Дзут. 6:13–17). Уӕдӕ Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ сомы кӕнӕн ӕппындӕр нӕй. Фӕлӕ йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ хъӕуа-нӕ хъӕуа кӕнӕ цыфӕнды хуымӕтӕг хъуыддаджы тыххӕй дӕр сомы кӕнын нӕ хъӕуы. Дзырд куы раттӕм, уӕд уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу нӕ ныхасӕн хицау разынӕм.
Уӕдӕ дын исчи куы зӕгъа, цӕмӕй цӕйдӕр тыххӕй расомы кӕнай, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай? Фыццаг уал ахъуыды кӕн, уыцы сомы сӕххӕст кӕнын дӕ бон бауыдзӕн ӕви нӕ. Кӕд дызӕрдыг кӕныс, уӕд фӕлтау ма расомы кӕн. Хуыцауы Ныхас нӕ фӕдзӕхсы: «Цӕйнӕфӕлтау дзырд раттай ӕмӕ йӕ ма сӕххӕст кӕнай, фӕлтау дзырд ӕппындӕр ма ратт» (Еккл. 5:5). Уый фӕстӕ ахъуыды кӕн Библийы уагӕвӕрдтыл, ӕмӕ стӕй архай уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ дын де ’фсарм куыд дзуры, уымӕ гӕсгӕ. Кӕцы уагӕвӕрдтыл ис ахъуыды кӕнӕн?
Кӕцыдӕр сомытӕ Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ не сты. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм ис ахӕм ӕгъдау, ӕмӕ дыууӕ уды сӕ цард куы баиу кӕнынц, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырд раттынц. Ӕмӕ уый дӕр ис сомы схонӕн. Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз ӕмӕ адӕмы раз дзырд раттынц, кӕрӕдзи кӕй уарздзысты, кӕрӕдзийӕн аргъ ӕмӕ кад кӕй кӕндзысты, цалынмӕ а-зӕххыл цӕрынц, уӕдмӕ. (Чидӕртӕ, чи зоны, раст ахӕм ныхӕстӕ нӕ фӕзӕгъынц, фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы раз дзырд раттынц.) Ӕмӕ уӕд нымад ӕрцӕуынц лӕг ӕмӕ усыл. Ӕмӕ Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ хъуамӕ иумӕ уой цӕрӕнбонты (Райд. 2:24; 1 Кор. 7:39). Уӕдӕ дыууӕ уды кӕрӕдзийӕн ахӕм дзырд кӕй раттынц, уый у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ.
Кӕцыдӕр сомытӕ сты Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ. Ӕцӕг чырыстонӕн куы зӕгъой, цӕмӕй расомы кӕна, йӕ бӕстӕ бахъахъхъӕныны сӕраппонд хӕцӕнгарзимӕ кӕй хӕцдзӕн кӕнӕ Хуыцауыл кӕй нал ӕууӕнды, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, афтӕ никуы расомы кӕндзӕн. Афтӕ куы бакӕнид, уӕд ахизид Хуыцауы закъӕтты сӕрты. Чырыстӕттӕ «ацы дунейӕ не сты», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хӕстыты ӕмӕ алы змӕстыты нӕ фӕархайынц (Иоан. 15:19; Ис. 2:4; Иак. 1:27).
Кӕцыдӕр уавӕрты сомы ракӕндзынӕ ӕви нӕ, уый кӕнгӕ уыдзӕн, де ’фсарм дын цы дзуры, уымӕй. Иуӕй-иу хатт, цалынмӕ цӕйдӕр тыххӕй расомы кӕнӕм, уӕдмӕ ахъуыды кӕнын фӕхъӕуы Йесойы уынаффӕйыл: «Паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Лук. 20:25).
Зӕгъӕм, чырыстоны фӕнды гражданство кӕнӕ паспорт райсын. Ӕмӕ базыдта, фыццаг уал ард кӕй хъуамӕ бахӕра, уыцы бӕстӕйыл ӕнувыд кӕй уыдзӕн, кӕй йӕ хъахъхъӕндзӕн, стӕй йын йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йе ’гъдӕуттӕ кӕй ӕххӕст кӕндзӕн. Фӕлӕ кӕд афтӕмӕй Хуыцауы закъӕттӕ фехалдзӕн, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ууыл не сразы уыдзӕн. Фӕлӕ йын, чи зоны, хицауад бар ратта, цӕмӕй, ард хӕргӕйӕ цы ныхӕстӕ хъуамӕ зӕгъа, уыдоны цыдӕртӕ фӕива.
Ромӕгтӕм 13:1 стихы фыст ис: «Алы адӕймаг дӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд». Ӕмӕ чырыстон, гӕнӕн ис, ахъуыды кӕна: «Хуыцау афтӕ зӕгъы, ӕмӕ хъуамӕ хицӕуттӕм хъусон. Ӕмӕ мын иугӕр бар радтой, цӕмӕй, ард хӕргӕйӕ цы ныхӕстӕ хъуамӕ зӕгъон, уыдоны цыдӕр фӕивон, цӕмӕй мӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, уӕд мӕ бон у ахӕм ард бахӕрын».
Иуӕй-иу хатт сомы кӕнгӕйӕ фӕхъӕуы, зӕгъӕм, къух хӕрдмӕ сисын кӕнӕ фӕхъӕуы исты дзаумайӕ ард бахӕрын. Ӕмӕ ахӕм уавӕрты дӕр хъӕуы, де ’фсарм дын цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ архайын. Рагон ромӕгтӕ ӕмӕ скифтӕ ард хордтой сӕ хъаматӕй. Афтӕмӕй-иу равдыстой, хӕсты хуыцауӕй ард кӕй хӕрынц, зӕгъгӕ, цы дзурын, уый ӕцӕг у. Грекъӕгтӕ та-иу сомы кӕнгӕйӕ сӕ къух арвмӕ сдардтой. Афтӕмӕй-иу равдыстой, кӕй сӕ уырны, уӕлӕрвты чидӕр кӕй ис, цы дзурынц ӕмӕ цы аразынц, уый кӕй уыны ӕмӕ адӕм йӕ разы дзуапп кӕй дӕттынц.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг тырысайӕн йе та, мӕнг динимӕ баст чи у, ӕндӕр ахӕм дзаумайӕн нӕ пъатӕ кӕндзӕн ӕмӕ йын нӕ табу кӕндзӕн. Фӕлӕ дын, зӕгъӕм, тӕрхондоны куы зӕгъой, цӕмӕй дӕ къух Библийыл ӕрӕвӕрай ӕмӕ афтӕмӕй расомы кӕнай, ӕцӕг цы у, ӕрмӕстдӕр уыдӕттӕ кӕй дзурдзынӕ, уӕд та куыд хъуамӕ бакӕнай? Гӕнӕн ис, ӕмӕ сразы уай. Библийы дӕр иуӕй-иу иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тыххӕй фыст ис, сомы кӕнгӕйӕ-иу сӕ къух хӕрдмӕ кӕй систой кӕнӕ-иу сӕ къух адӕймагӕн йӕ быны кӕй бакодтой (Райд. 24:2, 3, 9; 47:29–31). Фӕлӕ хъуамӕ дӕ зӕрдыл дарай: тӕрхондоны афтӕ куы расомы кӕнай, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ Хуыцауы раз расомы кодтай, ӕцӕг цы у, ӕрмӕстдӕр уый кӕй дзурдзынӕ, ӕмӕ иу фарстайӕн дӕр дзуапп дӕтгӕйӕ хъуамӕ сайгӕ ма кӕнай.
Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый нын тынг зынаргъ у. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, цалынмӕ истӕй тыххӕй расомы кӕнӕм, уӕдмӕ хъуамӕ Йегъовӕмӕ скувӕм ӕмӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕнӕм, цӕмӕй йӕ разы нӕ цӕсгом сыгъдӕг уа ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ ма фехалӕм. Истӕй тыххӕй куы расомы кӕнӕм, уӕд та-иу хъуамӕ нӕ ныхасӕн хицау разынӕм (1 Пет. 2:12).