Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w17 октябрь 32 ф.
  • Зыдтай йӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зыдтай йӕ?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кӕсджыты фарстатӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • «О» загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд «о»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ дын йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ пайда ӕрхӕссой
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
w17 октябрь 32 ф.

Зыдтай йӕ?

Йесо цӕмӕн дзырдта, сомы ма кӕнут, зӕгъгӕ?

Нӕлгоймаг кувӕндоны сомы кӕны

МОИСЕЙЫ ЗАКЪОНМӔ гӕсгӕ-иу дзуттӕгтӕн сӕ бон уыд цавӕрдӕр хъуыддӕгты тыххӕй сомы кӕнын. Фӕлӕ Йесойы рӕстӕджы дзуттӕгтӕм уыцы ӕгъдау афтӕ сарӕх, ӕмӕ-иу цыфӕнды ма загътаиккой, уӕддӕр сомы кодтой. Афтӕ уый тыххӕй кодтой, цӕмӕй сӕ ныхӕстыл фылдӕр ӕууӕнк уыдаид. Фӕлӕ Йесо бамбарын кодта, уый ӕнӕпайда кӕй уыд ӕмӕ дыууӕ хатты загъта, сомы ма кӕнут, зӕгъгӕ. Стӕй загъта: «„О“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“, „нӕ“ загътат, уӕд та – „нӕ“» (Матф. 5:33–37; 23:16–22).

Иу дзырдуаты фыст ис, Талмуды кӕй ис фенӕн, дзуттӕгтӕ-иу, сӕ ныхӕстӕ ӕцӕг кӕй сты, уый равдисыны тыххӕй арӕх кӕй сомы кодтой (Theological Dictionary of the New Testament). Талмуды тынг бӕстон фыст ис, ӕнӕмӕнг кӕцы сомытӕ хъуыди ӕххӕст кӕнын, кӕцытӕ та – нӕ.

Ӕрмӕст Йесо нӕ дзырдта, хъӕуа-нӕ хъӕуа сомы кӕнын раст кӕй нӕу. Зӕгъӕм, дзуттаг историк Иосиф Флавий иу сектӕйы тыххӕй фыста, сомы ӕппындӕр кӕй нӕ кодтой. Уыцы сектӕйы чи уыд, уыдоны хъуыдымӕ гӕсгӕ сомы кӕнын сайынӕй фыддӕр уыд. Афтӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, кӕд адӕймаг сомы кӕны, цӕмӕй йыл иннӕтӕ баууӕндой, уӕд сайӕгой у. Иу дзуттаг чиныджы фыст ис: «Сомы кӕнын ахуыр чи у, уыцы адӕймаг сӕрӕй-къӕхтӕм фыдгӕнӕг у» (Wisdom of Sirach). Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй Йесо бамбарын кодта, сомы кӕнынмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕй. Алы хатт дӕр, ӕцӕг цы у, уый куы дзурӕм, уӕд нын нӕ ныхӕстыл ӕнӕ сомыйӕ дӕр ӕууӕнддзысты.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын