Фарн. Цӕй фӕрцы дзы схайджын уыдзынӕ?
АЦЫ змӕст дунейы цӕргӕйӕ адӕймаг фарнӕй афтӕ ӕнцонтӕй не схайджын вӕййы. Ӕмӕ кӕд нӕ бон афтӕ зӕгъын у, ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фарн ис, уӕддӕр нӕ арӕх фӕхъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй уыцы фарн бахъахъхъӕнӕм. Цымӕ Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, ӕцӕг фарнӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзыстӕм, уый фӕдыл? Ӕмӕ нӕ бон куыд у иннӕтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр ахӕм фарн ссарой?
ЦЫ ХЪӔУЫ, ЦӔМӔЙ ӔЦӔГ ФАРНӔЙ ХАЙДЖЫН УӔМ?
Нӕ зӕрдӕйы ӕцӕг фарн уыдзӕн, фыдбылызӕй куы нӕ тӕрсӕм ӕмӕ ӕгӕр куы ницӕуыл мӕт кӕнӕм, стӕй иннӕтимӕ хӕларӕй куы цӕрӕм, уӕд. Сӕйрагдӕр та, ӕцӕг фарнӕй хайджын уыдзыстӕм, Хуыцауы ӕввахс хӕлӕрттӕ куы уӕм, уӕд. Цымӕ уый нӕ къухы куыд бафтдзӕн?
Царды сагъӕсты тыххӕй бирӕтӕн сӕ зӕрдӕйы фарн нал вӕййы
Йегъовӕйы рӕстаг закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ куы ’ххӕст кӕнӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, нӕ зӕрдӕ йыл кӕй дарӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды йемӕ фӕрнӕй цӕрын (Йер. 17:7, 8; Иак. 2:22, 23). Ӕмӕ нӕм уӕд уый дӕр ӕввахсдӕр кӕндзӕн ӕмӕ нӕ хайджын кӕндзӕн зӕрдӕйы фарнӕй. Исайы 32:17 стихы фыст ис: «Ӕцӕг рӕстдзинадӕн йӕ фыдӕбон уыдзӕн фарн, ӕцӕг рӕстдзинад ӕрхӕсдзӕн сабыр ӕмӕ ӕдас цард ӕнустӕм дӕр». Уӕдӕ ӕцӕг фарнӕй хайджын уыдзыстӕм, Йегъовӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы хъусӕм, уӕд (Ис. 48:18, 19).
Ӕцӕг фарнӕй ма хайджын уыдзыстӕм, нӕ уӕларвон Фыд нын цы диссаджы лӕвар дӕтты, уый фӕрцы дӕр – йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы (Хъуыд. 9:31).
ХУЫЦАУЫ СЫГЪДӔГ ТЫХЫ ФӔРЦЫ ФАРНӔЙ ХАЙДЖЫН УЫДЗЫСТӔМ
Апостол Павел, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдон куы ранымадта, уӕд дзы ӕртыккаг бынаты сӕвӕрдта фарн (Гал. 5:22, 23). Уӕдӕ иугӕр ӕцӕг фарн Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ хауы, уӕд хъуамӕ сыгъдӕг тыхӕн бар дӕттӕм, цӕмӕй нын уыцы миниуӕг нӕ удыхъӕды фидар кӕнынӕн ӕххуыс кӕна. Ӕркӕсӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тых нын ӕцӕг фарн ссарынӕн цы дыууӕ хъуыддаджы фӕрцы баххуыс кӕндзӕн, уыдонмӕ.
Фыццаг: фарнӕй хайджын уыдзыстӕм, Хуыцауы Ныхас ӕдзухдӕр куы кӕсӕм, уӕд (Пс. 1:2, 3). Библийы цы фыст ис, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕндзӕн, Йегъовӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый ӕмбарынӕн. Зӕгъӕм, афтӕмӕй-иу базондзыстӕм, Йегъовӕ-иу фарн куыд бахъахъхъӕдта ӕмӕ фарнӕн афтӕ тынг цӕмӕн аргъ кӕны, уый. Ӕмӕ йӕ мах дӕр уыцы хъуыддаджы куы фӕзмӕм, уӕд нӕ фарн фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзӕн (Ӕмб. 3:1, 2).
Дыккаг: хъуамӕ Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых курӕм (Лук. 11:13). Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, ӕххуыс дзы куы курӕм, уӕд нын йӕ фарн, «зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн, Йесо Чырыстийы фӕрцы [кӕй] бахъахъхъӕндзӕн» нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд (Фил. 4:6, 7). Хуыцаумӕ ӕдзухдӕр куы кувӕм ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг тых куы курӕм, уӕд нын нӕ зӕрдӕтӕ фарнӕй байдзаг кӕндзӕн. Уыцы фарнӕй хайджын вӕййынц ӕрмӕстдӕр Хуыцауы ӕввахс хӕлӕрттӕ (Ром. 15:13).
Ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ чи фӕархайы ӕмӕ уый фӕрцы хуыздӕрырдӕм чи фӕивы, уыдон схайджын вӕййынц ӕцӕг фарнӕй – Йегъовӕимӕ ӕмӕ иннӕтимӕ фӕрнӕй фӕцӕрынц, стӕй сӕхи зӕрдӕйы дӕр вӕййы фарн. Афтӕ кӕй у, уымӕн ис бирӕ цӕвиттонтӕ.
ӔЦӔГ ФАРНӔЙ КУЫД СХАЙДЖЫН СТЫ?
Не ’мбырдты ис, раздӕр «йӕ маст чи нӕ урӕдта», фӕлӕ ныр хӕларзӕрдӕa ӕмӕ фӕразон чи у, стӕй иннӕтимӕ фӕрнӕй чи цӕры ӕмӕ сыл чи тыхсы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ (Ӕмб. 29:22). Ӕркӕсӕм, раздӕр мӕстыгӕр чи уыд, фӕлӕ уый фӕстӕ иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын чи сахуыр, дыууӕ ахӕм чырыстоны хабармӕ.
Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайӕм ӕмӕ Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых куы курӕм, уӕд фарнӕй хайджын уыдзыстӕм
Дэйвид ӕвзӕр зондыл хӕст кӕй уыд, уый-иу йӕ ныхӕстыл дӕр фӕзынд. Цалынмӕ рӕстдзинады фӕндагыл не слӕууыд, уӕдмӕ-иу арӕх иннӕты фаудта ӕмӕ-иу йӕ бинонтимӕ схуыст ныхас кодта. Цасдӕры фӕстӕ Дэйвид бамбӕрста, кӕй хъуамӕ фӕива ӕмӕ иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрын кӕй хъуамӕ сахуыр уа. Цымӕ уый йӕ къухы цӕй фӕрцы бафтыд? Мӕнӕ цы загъта йӕхӕдӕг: «Мӕ цард Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аразын кӕй райдыдтон, уый фӕрцы мӕ бинонтимӕ кӕрӕдзийӕн тынгдӕр аргъ кӕнын райдыдтам».
Рейчел цы уавӕрты схъомыл, уый йӕ уагахастыл тынг фӕзынд. Уый дзуры: «Ахӕм бинонты ’хсӕн схъомыл дӕн, ӕмӕ сӕ йӕ маст уромын ничи зыдта. Ӕмӕ мӕ уый тыххӕй ныр дӕр ма фӕхъӕуы тох кӕнын, цӕмӕй-иу мӕ маст бауромон». Цымӕ йын цы ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йын иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын ӕнцондӕр уа? Рейчел загъта: «Йегъовӕмӕ ӕдзухдӕр фӕкувын ӕмӕ дзы ӕххуыс фӕкурын».
Дэйвид ӕмӕ Рейчелы цӕвиттонтӕй, стӕй ма бирӕ ӕндӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты цӕвиттонтӕй дӕр бӕрӕг у, адӕймаг Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕархайы ӕмӕ Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых куы фӕкуры, уӕд фарнӕй кӕй схайджын вӕййы. Дзырд дӕр ыл нӕй, ацы змӕст дунейы дӕр уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фарн уа ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бинонтимӕ ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрӕм. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ нын Йегъовӕ дзуры, «цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрӕм» (Ром. 12:18). Цымӕ уымӕн гӕнӕн ис? Ӕмӕ фарнмӕ куы тырнӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?
ФАРНМӔ ТЫРНӔМ
Адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы сын ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй фарнӕй схайджын уой (Ис. 9:6, 7; Матф. 24:14). Ӕмӕ сӕ бирӕтӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Уый фӕрцы, сӕ алыварс цы ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕуы, уыдоны тыххӕй ӕгӕр нал фӕмӕсты кӕнынц кӕнӕ сӕхимӕ нал ныхъхъусынц. Уыдонӕн ныр фидӕнӕй ис диссаджы ныфс, стӕй «архайынц иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл ӕмӕ уымӕ тырнынц» (Пс. 34:14).
Цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ алчи хорз цӕстӕй нӕ ракӕсы, кӕд сӕ фӕстӕдӕр чидӕртӕ сӕ хъуыды аивынц, уӕддӕр (Иоан. 3:19). Фӕлӕ нын уӕддӕр Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фарнмӕ тырнӕм ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ адӕмимӕ уӕзданӕй дзурӕм. Афтӕ куы фӕкӕнӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ фӕархайӕм, Йесо хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕдыл цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ: «Хӕдзармӕ бацӕугӕйӕ та-иу хӕдзаронтӕн арфӕ ракӕнут, фарн ацы хӕдзары, зӕгъгӕ. Ӕмӕ кӕд хӕдзар аккаг уа, уӕд ын уӕ зӕрдӕ цы фарн зӕгъы, уый йыл ӕрцӕуӕд. Кӕд нӕ уа аккаг, уӕд та уӕ фарн уӕхимӕ раздӕхӕд» (Матф. 10:11–13). Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы фарн бахъахъхъӕндзыстӕм ӕмӕ, кӕимӕ ныхас кодтам, уыцы адӕймаг та, чи зоны, ӕндӕр хатт хорз хабармӕ байхъуса.
Хицауады кусджытимӕ, суанг нӕ ныхмӕ чи фӕцӕуы, уыдонимӕ дӕр, уӕзданӕй куы фӕдзурӕм, уӕд уымӕй дӕр бӕрӕг вӕййы, фарнмӕ кӕй тырнӕм, уый. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Африкӕйы бӕстӕтӕй иуы хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕй каст, уый тыххӕй сын бар нӕ лӕвӕрдта Паддзахады залтӕ аразынӕн. Уыцы бӕстӕйы раздӕр миссионерӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм ӕфсымӕрӕн бахӕс кодтой, цӕмӕй Лондоны, Английы, уыцы африкӕйаг бӕстӕйы посольствомӕ бацыдаид ӕмӕ хъуыддаг банывыл кӕныныл бацархайдтаид. Хъуамӕ посольствойы сӕйраг минӕварӕн радзырдтаид, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йӕ бӕстӕйы цы куыст кӕнынц, уый тыххӕй ӕмӕ йын бамбарын кодтаид, фарнуарзаг адӕм кӕй сты. Цымӕ хабар куыд рауад?
Уыцы ӕфсымӕр радзырдта: «Посольствомӕ куы бацыдтӕн, уӕд дзы бахизӕны цы сылгоймаг куыста, уымӕн йӕ дарӕсмӕ гӕсгӕ бамбӕрстон, цы адӕмыхатты ӕвзаг сахуыр кодтон, уыдонӕй кӕй у. Ӕмӕ йын йӕхи ӕвзагыл салам радтон. Уыцы сылгоймаг дисы бафтыд, ӕмӕ мӕ бафарста: „Цавӕр хъуыддаджы фӕдыл ӕрбацыдтӕ?“ Ӕз ын уӕзданӕй загътон, сӕйраг минӕваримӕ мӕ аныхас кӕнын кӕй фӕнды. Сылгоймаг ӕм телефонӕй бадзырдта, ӕмӕ мӕм уый дӕр рацыд ӕмӕ мын йӕхи ӕвзагыл салам радта. Уый фӕстӕ йын радзырдтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы куыст кӕнынц, уый тыххӕй ӕмӕ йын бамбарын кодтон, фарнуарзаг адӕм кӕй сты. Ӕмӕ мӕм уый дӕр лӕмбынӕг байхъуыста».
Уыцы хицау Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй хабӕрттӕ бӕлвырд кӕй нӕ зыдта, уый тыххӕй сӕм ӕвзӕр цӕстӕй каст. Фӕлӕ йын ӕфсымӕр алцыдӕр уӕзданӕй кӕй бамбарын кодта, уый фӕрцы, цы куыст кӕнӕм, уымӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй ракаст. Цасдӕры фӕстӕ нын уыцы африкӕйаг бӕстӕйы хицауад Паддзахады залтӕ аразыны бар радта. Хъуыддаг афтӕ кӕй ахицӕн, ууыл ӕфсымӕртӕ тынг цин кодтой. Уӕдӕ бӕрӕг у: иннӕтӕн куы фӕаргъ кӕнӕм, уӕд уый ӕрхӕссы хорз тыллӕг, уыимӕ фарн дӕр.
ӔНУСТӔМ ДӔР ФАРНӔЙ ХАЙДЖЫН УЫДЗЫСТӔМ
Абон Йегъовӕйы адӕм, зӕгъӕн ис, ӕмӕ дзӕнӕты цӕрынц – се ’хсӕн ис ӕцӕг фарн. Ӕмӕ нӕ алчидӕр фарнмӕ куы тырна, уӕд уыцы фарнӕн ахъаз кӕндзыстӕм. Сӕйраджыдӕр та, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм ӕмӕ ног дунейы ӕнӕкӕрон фарнӕй схайджын уыдзыстӕм (2 Пет. 3:13, 14).
a Хӕларзӕрдӕдзинадыл дзырд цӕудзӕн, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдоны фӕдыл ма цы статьятӕ уыдзӕн, уыдонӕй иуы.