24 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Уӕ бон у уӕ зондахаст аивын!
«[Мах] басӕттӕм рӕдыд хъуыдытӕ ӕмӕ, Хуыцауы тыххӕй цы зонӕм, уый ныхмӕ цыдӕриддӕр цӕлхдуртӕ лӕууы, уыдон» (2 КОР. 10:5).
124 ЗАРӔГ Алкӕд ӕнувыд, иузӕрдион уӕм
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫa
1. Апостол Павел сӕрст чырыстӕтты цӕмӕй фӕдзӕхста?
«АЦЫ дуне мауал фӕзмут» (Ром. 12:2). Апостол Павел ацы ныхӕстӕ ныффыста фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм. Хуыцауӕн йӕхи чи снывонд кодта ӕмӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи уыд, уыцы нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты уымӕй фӕдзӕхсын цӕмӕн хъуыд? (Ром. 1:7).
2, 3. Хӕйрӕг куыд архайы, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйы ныхмӕ скӕна? Нӕ бон куыд у, нӕ зонды цы ’взӕр хъуыдытӕ ныффидар, уыдон ӕдбындзар стонын?
2 Павел чырыстӕттыл мӕт кодта, уымӕн ӕмӕ дзы иуӕй-иутыл, ӕвӕццӕгӕн, ӕндӕвтой Хӕйрӕджы дунейы зианхӕссӕг хъуыдытӕ ӕмӕ философитӕ (Еф. 4:17–19). Ӕмӕ уымӕй тӕссаг у махӕй алкӕмӕн дӕр. Хӕйрӕг, ацы цардӕвӕрды хицау, йӕ уд скъуыны, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ адард кӕна, ӕмӕ уый тыххӕй пайда кӕны алыхуызон мадзӕлттӕй. Зӕгъӕм, кӕд кадмӕ бӕллӕм, уӕд Хӕйрӕг уымӕй спайда кӕндзӕн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ма спайда кӕна, раздӕр куыд цардыстӕм, цавӕр ӕгъдӕуттыл хӕст стӕм ӕмӕ нӕм цавӕр ахуырад ис, уыдӕттӕй, цӕмӕй, уый куыд фӕнды, афтӕ хъуыды кӕнӕм.
3 Цымӕ нӕ бон у, нӕ зонды арф чи ныффидар, уыцы хъуыдытӕ ӕдбындзар стонын? (2 Кор. 10:4). Ӕркӕсӕм-ма, ацы фарстайӕн Павел цавӕр дзуапп дӕтты, уымӕ: «[Мах] басӕттӕм рӕдыд хъуыдытӕ ӕмӕ, Хуыцауы тыххӕй цы зонӕм, уый ныхмӕ цыдӕриддӕр цӕлхдуртӕ лӕууы, уыдон, ӕмӕ алы хъуыды дӕр уацары исӕм ӕмӕ йӕ кӕнӕм Чырыстийӕн коммӕгӕс» (2 Кор. 10:5). Йегъовӕйы ӕххуысӕй нӕ бон у фервӕзын, цы ’взӕр хъуыдытӕ нӕм ис, уыдонӕй. Маргӕй чи фӕхъӕстӕ, ахӕм адӕймагӕн хос куыд баххуыс кӕны, афтӕ махӕн та Хуыцауы Ныхас баххуыс кӕндзӕн, Хӕйрӕджы дунейы зондӕй куы фӕхъӕстӕ уӕм, уӕд.
«УӔ ЗОНД НОГ КӔНУТ»
4. Библи ӕцӕгӕй цы дзуры, уый куы базыдтам, уӕд нӕ бирӕты цавӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын бахъуыд?
4 Библи ӕцӕгӕй цы дзуры, уый куы базыдтай ӕмӕ дӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы бафӕндыд, уӕд дӕ цавӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын бахъуыд, ууыл-ма ахъуыды кӕн. Цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккам, уый тыххӕй нӕ бирӕты бахъуыд не ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын (1 Кор. 6:9–11). Ӕмӕ куыд тынг бузныг стӕм Йегъовӕйӕ, уыцы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй фервӕзынӕн нын кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй!
5. Ромӕгтӕм 12:2 стихы дзырд цавӕр дыууӕ хъуыддагыл цӕуы?
5 Фӕлӕ хъуамӕ афтӕ макуы ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ ницыуал хъӕуы ивын. Кӕд, донаргъуыды размӕ цы стыр тӕригъӕдтӕ кодтам, уыдон нал кӕнӕм, уӕддӕр хъуамӕ нӕхи хизӕм, ногӕй нӕ нӕ раздӕры тӕригъӕдтӕ аразынмӕ цы сцыбӕл кӕнид, уыдӕттӕй. Куыд? Павел загъта: «Ацы дуне мауал фӕзмут, фӕлӕ уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут» (Ром. 12:2). Уӕдӕ нӕ хъӕуы дыууӕ хъуыддаджы аразын. Фыццаг: хъуамӕ ацы дуне «мауал фӕзмӕм». Дыккаг: хъуамӕ нӕ «удыхъӕд ивӕм», нӕ зонд ног кӕнӕм, афтӕмӕй.
6. Матфейы 12:43–45 стихты цы фыст ис, уымӕй нӕ бон цы у базонын?
6 Павел, уӕ удыхъӕд ивут, зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд ӕй уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ хъуамӕ ног кӕнӕм нӕ зонд – ивӕм нӕ зӕрдӕйы арф хъуыдытӕ, нӕ миниуджытӕ ӕмӕ нӕ фӕндтӕ. (Кӕс рамкӕ «Нӕ удыхъӕд аивтам ӕви нӕхи афтӕ ӕвдисӕм?».) Уӕдӕ нӕ алкӕй дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Цӕмӕй Чырыстийы хуызӕн уон, уый тыххӕй ӕрмӕст уӕлӕнгай ивындзинӕдтӕ кӕнын ӕви ӕцӕгдӕр мӕ удыхъӕд ӕмӕ мӕ зонд ивын?» Матфейы 12:43–45 стихты Йесо ӕмбарын кӕны, цы аразын нӕ хъӕуы, уый. (Бакӕс сӕ.) Йӕ ныхӕстӕй нӕ бон у иу ахсджиаг хъуыды базонын: не ’взӕр хъуыдытӕй фервӕзӕм, уый фаг нӕу, хъуамӕ-иу сӕ баивӕм, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм хъуыдытӕй.
«НОГ КӔНУТ, УӔ ЗОНД УЫН ЧИ РАЗӔНГАРД КӔНЫ, УЫЦЫ ТЫХ»
7. Нӕ бон куыд у нӕ удыхъӕд ӕмӕ нӕ зонд аивын?
7 Уый гӕнӕн ис, цӕмӕй нӕ удыхъӕд ӕмӕ нӕ зонд аивӕм? Ацы фарстайӕн дзуапп ис Хуыцауы Ныхасы: «Хъуамӕ дарддӕр дӕр ног кӕнат, уӕ зонд уын чи разӕнгард кӕны, уыцы тых ӕмӕ хъуамӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ раиват – уыцы удыхъӕд конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ» (Еф. 4:23, 24). О, нӕ бон у аивын. Фӕлӕ уый ӕнцон нӕу. Фаг нӕу, цӕмӕй-иу не ’взӕр фӕндты хурхыл ныххӕцӕм ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ма кӕнӕм. Мах хъӕуы ивын, нӕ зонд нын чи разӕнгард кӕны, уыцы тых, ома нӕ зондахаст. Бӕлвырдӕй та хъуамӕ ивӕм нӕ фӕндтӕ, нӕ хъуыдытӕ, стӕй хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ ууыл та хъӕуы ӕдзух кусын.
8, 9. Нӕ зондахаст ивын нӕ кӕй хъӕуы, уый иу ӕфсымӕры хабарӕй куыд зыны?
8 Ӕркӕсӕм иу ӕфсымӕры хабармӕ. Уыцы ӕфсымӕр раздӕр уыд тынг мӕстыгӕр, кодта фыднозт ӕмӕ-иу арӕх хылтӕ кодта. Фӕлӕ стӕй уыцы хъуыддӕгтӕ ныууагъта ӕмӕ донаргъуыд райста. Кӕй аивта, уымӕй Йегъовӕйы скадджын кодта, кӕм цард, уыцы гыццыл горӕты цӕрджыты цӕсты. Фӕлӕ донаргъуыд куы райста, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕмӕй йӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцыд, ӕнхъӕл куыд нӕ уыд, афтӕ. Иу изӕр йӕ хӕдзары размӕ иу расыг лӕг бацыд ӕмӕ хыл къахын райдыдта. Ӕфсымӕр фыццаг йӕхи урӕдта, фӕлӕ лӕг Йегъовӕйӕ ӕвзӕр куы загъта, уӕд ӕм нал фӕлӕууыд – ӕддӕмӕ йӕм рагӕпп кодта ӕмӕ йӕ фӕнадта. Афтӕ цӕмӕн бакодта? Библи кӕй ахуыр кодта, уый йын баххуыс кодта, цӕмӕй мауал хылтӕ кодтаид. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр нырма хъуыди йӕ зондахаст аивын.
9 Кӕд не ’фсымӕрыл ахӕм хабар ӕрцыд, уӕддӕр йӕ къухтӕ не ’руагъта (Ӕмб. 24:16). Хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуысӕй йӕхиуыл куыста ӕмӕ йӕ удыхъӕд ивта, ӕмӕ йын уый хорз уад. Ӕппынфӕстаг ӕй хистӕр нӕлгоймагӕй снысан кодтой. Уымӕй цасдӕры фӕстӕ та иу изӕр уыцы ӕфсымӕр ногӕй сӕмбӕлд, цалдӕр азы размӕ цы фӕлварӕныл сӕмбӕлд, ахӕм фӕлварӕныл. Тӕккӕ дӕр Паддзахады залы раз иу расыг лӕг, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иуы фӕнадтаид. Ӕмӕ уӕд не ’фсымӕр куыд бакодта? Расыг лӕгимӕ фӕлмӕнӕй аныхас кодта ӕмӕ йӕ ӕрсабыр кодта. Стӕй ма йӕ суанг йӕ хӕдзармӕ дӕр фӕхӕццӕ кодта. Ацы хатт ӕфсымӕр афтӕ цӕмӕн бакодта? Уымӕн ӕмӕ йӕ зондахаст аивта. Йӕ зӕрдӕйы ӕрцард ӕцӕг фарн ӕмӕ сси сӕрныллӕг адӕймаг. Ӕмӕ уымӕй кад ӕрхаста Йегъовӕйӕн.
10. Цӕмӕй нӕ зондахаст аивӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?
10 Адӕймаг афтӕ иу бонмӕ ӕмӕ ӕнӕ фыдӕбонӕй нӕ аивы. Цӕмӕй аивӕм, уый тыххӕй нӕ, чи зоны, бахъӕуа «ӕппӕт хъарутӕй» архайын бирӕ азты дӕргъы (2 Пет. 1:5). Аивтам ӕви нӕ, уый, рӕстдзинады цас рӕстӕг стӕм, уымӕй кӕнгӕ нӕу. Уый тыххӕй нӕ хъӕуы нӕ тых, нӕ бонӕй архайын. Нӕ зондахаст аивынӕн нын баххуыс кӕндзысты цалдӕр ахсджиаг хъуыддаджы. Ӕркӕсӕм дзы ӕртӕмӕ.
ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН НӔ ЗОНДАХАСТ АИВЫНӔН?
11. Куы кувӕм, уӕд нын уый нӕ зондахаст аивынӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?
11 Фыццаг ахсджиаг хъуыддаг у кувын. Мах хъӕуы кувын, псаломзарӕггӕнӕг куыд куывта, афтӕ: «Скӕн мын мӕ мидӕг сыгъдӕг зӕрдӕ, о Хуыцау, ӕмӕ мын ратт ног зонд, цӕмӕй ӕнӕфӕцудгӕ уон» (Пс. 51:10). Хъуамӕ ’мбарӕм, нӕ зондахаст ивын нӕ кӕй хъӕуы, ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм. Фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, кӕй нын баххуыс кӕндзӕн, уый? Йегъовӕ Йезекилы заманты хивӕнд израилӕгтӕн цы загъта, уый нын нӕ ныфсыл ныфс бафтаудзӕн: «Ӕз [сын] ратдзынӕн иу зӕрдӕ ӕмӕ ног зонд. ...Ӕмӕ сын ратдзынӕн фӕлмӕн зӕрдӕ [ома ахӕм зӕрдӕ, цӕмӕй Хуыцауы разамындмӕ хъусой]» (Йез. 11:19). Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй уыцы израилӕгтӕн баххуыс кодтаид, ӕмӕ аивтаиккой. Ӕмӕ йӕ махӕн дӕр фӕнды баххуыс кӕнын.
12, 13. а) 119-ӕм псаломы 59-ӕм стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ-иу цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм? б) Цавӕр фарстатыл нӕ фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын?
12 Дыккаг ахсджиаг хъуыддаг та у хъуыды кӕнын. Алы бон дӕр Хуыцауы Ныхас куы фӕкӕсӕм, уӕд-иу хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цы кӕсӕм, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнынӕн, цӕмӕй-иу бамбарӕм, цавӕр хъуыдытӕй ӕмӕ нӕ цавӕр миниуджытӕй хъӕуы фервӕзын, уый. (Бакӕс Псалом 119:59; Дзут. 4:12; Иак. 1:25.) Хъуамӕ-иу сбӕрӕг кӕнӕм, мыййаг нын ацы дуне нӕ хъуыдытыл ӕмӕ нӕ миниуджытыл нӕ бандӕвта. Цы лӕмӕгъдзинӕдтӕ нӕм ис, уыдоныл-иу хъуамӕ басӕттӕм, ӕмӕ-иу стӕй ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй сыл фӕуӕлахиз уӕм.
13 Зӕгъӕм, дӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Цымӕ мӕ зӕрдӕйы мидӕг искӕмӕ хӕлӕг кӕнын?» (1 Пет. 2:1). «Кӕцӕй дӕн, цавӕр ахуырад мӕм ис кӕнӕ мӕм цас ӕхца ис, уый тыххӕй, мыййаг, мӕхи иннӕтӕй хуыздӕр нӕ хонын?» (Ӕмб. 16:5). «Мӕнмӕ цы ис, уыдӕттӕ кӕмӕ нӕй кӕнӕ, мӕ адӕмыхаттӕй чи нӕу, уыдонмӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ нӕ кӕсын?» (Иак. 2:2–4). «Хӕйрӕджы дунейы цы ис, уыдӕттӕй мӕ зӕрдӕмӕ исты цӕуы?» (1 Иоан. 2:15–17). «Ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ тыхми кӕм ис, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ уарзын?» (Пс. 97:10; 101:3; Амос 5:15). Ацы фарстатӕн дзуапп куы раттӕм, уӕд бамбардзыстӕм, цӕуыл нӕ хъӕуы кусын, уый. Нӕ зонды цы ’взӕр хъуыдытӕ ныффидар, уыдоныл куы фӕуӕлахиз уӕм, уӕд нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ барухс кӕндзыстӕм (Пс. 19:14).
14. Хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзарын тынг ахсджиаг цӕмӕн у?
14 Хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзарын та у ӕртыккаг ахсджиаг хъуыддаг. Ӕмбарӕм ӕй ӕви нӕ, уӕддӕр ныл не ’мбӕлттӕ тынг фӕзынынц (Ӕмб. 13:20). Кӕимӕ кусӕм кӕнӕ скъолайы кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон нын, ӕвӕццӕгӕн ӕмӕ, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнынӕн не ’ххуыс кӕнынц. Фӕлӕ нӕ бон у нӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ ӕмбырды ссарын. Уым нӕ разӕнгард кӕнынц «уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» (Дзут. 10:24, 25).
УЫРНЫНДЗИНАДЫ ФИДАР УТ
15, 16. Хӕйрӕг цӕмӕй пайда кӕны, цӕмӕй нын нӕ зондахаст аива?
15 Рох кӕнын нӕ хъӕуы, Хӕйрӕджы тынг кӕй фӕнды, цӕмӕй нын нӕ зондахаст аива. Уый пайда кӕны алыхуызон хъуыдытӕй ӕмӕ ахуырӕдтӕй, цӕмӕй нын, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый нӕ зондахастыл хуыздӕрырдӕм ма ӕндава.
16 Хӕйрӕг абон дӕр пайда кӕны, Едемы цӕхӕрадоны Евӕмӕ цы фарста радта, уыцы фарстайӕ: «Хуыцау... ӕцӕгдӕр загъта...?» (Райд. 3:1). Хӕйрӕджы дунейы арӕх ахӕм фарстатӕ фехъусӕм, ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндӕм, ууыл, гӕнӕн ис, дызӕрдыг кӕнын райдайӕм. Зӕгъӕм, ахӕмтӕ: «Хуыцауы зӕрдӕмӕ ӕцӕгдӕр нӕ цӕуы, дыууӕ нӕлгоймаджы кӕнӕ дыууӕ сылгоймаджы лӕг ӕмӕ усы цард куы фӕкӕнынц, уый? Хуыцауы ӕцӕгдӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ гуырӕнбонтӕ бӕрӕг кӕнат? Уӕ Хуыцауы ӕцӕгдӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй туг уадзыныл разы кӕнат? Бирӕ уӕ чи уарзы, уыцы Хуыцауы ӕцӕгдӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй, уӕ хӕстӕджытӕй кӕнӕ уын уе ’мбӕлттӕй ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонимӕ дзурат?»
17. Исчи нӕм ахӕм фарстатӕ куы дӕтта, цӕмӕй, цӕуыл ӕууӕндӕм, ууыл дызӕрдыг кӕнын райдайӕм, уӕд цы хъуамӕ аразӕм? Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын, Колоссӕгтӕм 2:6, 7 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ цы бантысдзӕн?
17 Хуыцауы Ныхасӕй цы базыдтам, ууыл хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм. Нӕ уырнындзинадмӕ чи хауы, уыцы ахсджиаг фарстатӕн дзуаппытӕ куы нӕ агурӕм, уӕд дызӕрдыг кӕнын райдайдзыстӕм, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый раст кӕй у, ууыл. Ӕмӕ нын ӕппынфӕстаг уыцы дызӕрдыг хъуыдытӕ нӕ зонд сдзӕгъӕл кӕндзысты ӕмӕ Хуыцауыл нал ӕууӕнддзыстӕм. Уӕдӕ нӕ уӕд цы аразын хъӕуы? Хуыцауы Ныхас нын дзуры, нӕ зонд кӕй хъуамӕ ног кӕнӕм, цӕмӕй-иу нӕхицӕн сбӕлвырд кӕнӕм, «цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (Ром. 12:2, фип.). Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ ӕдзух куы иртасӕм, уӕд, Библийӕ цы базыдтам, уыдӕттӕ нӕхицӕн бӕлвырд кӕндзыстӕм ӕмӕ фидарӕй зондзыстӕм, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ раст кӕй сты. Уӕд, бӕлас арф уидӕгтӕ куыд ауадзы, афтӕ мах дӕр рӕстдзинады арф уидӕгтӕ ауадздзыстӕм ӕмӕ уырнындзинады фидар уыдзыстӕм. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 2:6, 7.)
18. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хӕйрӕджы дунейы зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм?
18 Уӕ уырнындзинад уын уӕ бӕсты ничи фидар кӕндзӕн. Уӕдӕ дарддӕр дӕр уӕ зондахаст ивут. Ӕдзух кувут ӕмӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тыхы ӕххуыс курут. Библийыл арф хъуыды кӕнут ӕмӕ-иу уӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсут, цӕмӕй-иу сбӕрӕг кӕнат, фервӕзын уӕ кӕмӕй хъӕуы, ахӕм хъуыдытӕ ӕмӕ уӕм миниуджытӕ ис ӕви нӕ. Уӕ зондахаст уын хуыздӕрырдӕм ивынӕн чи ӕххуыс кӕндзӕн, ахӕм хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзарут. Афтӕ куы кӕнат, уӕд Хӕйрӕджы дунейы зондахастӕй нӕ фӕхъӕстӕ уыдзыстут ӕмӕ уӕ бон уыдзӕн басӕттын «рӕдыд хъуыдытӕ ӕмӕ, Хуыцауы тыххӕй цы зонӕм, уый ныхмӕ цыдӕриддӕр цӕлхдуртӕ лӕууы, уыдон» (2 Кор. 10:5).
50 ЗАРӔГ Мӕхи дӕуӕн нывонд кӕнын
a Уый хорз у ӕви ӕвзӕр, фӕлӕ нӕ зондахастыл ӕндавы, раздӕр куыд цардыстӕм, цавӕр ӕгъдӕуттыл хӕст стӕм ӕмӕ нӕм цавӕр ахуырад ис, уый. Чи зоны, бамбӕрстам, цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыдытӕ нӕ зонды тынг кӕй ныффидар сты. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, нӕ бон куыд у ахӕм хъуыдытӕй фервӕзын.