Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 7/04 3 ф.
  • Фарстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
  • «Алцыдӕр уӕд уӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Дохтырты ӕххуыс дӕ куы бахъӕуа, уӕд цӕттӕ разындзынӕ?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, дарддӕр дӕр апостол Павелы фӕзмут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
km 7/04 3 ф.

Фарстыты асыкк

◼ Дохтырты ӕххуыс кӕнӕ сӕ уынаффӕтӕ райсыны тыххӕй ӕфсымӕрты ’хсӕн хи сӕрмагонд ӕрмӕг парахат кӕнӕн ис?

Апостол Павел ныффыста, ӕмбырд кӕй у «ӕцӕгады цӕджындз ӕмӕ фидардзинад» (1 Тим. 3:15). Ӕмбырд уый тыххӕй нӕу, цӕмӕй дзы исчи йӕхи сӕрмагонд ӕрмӕг парахат кӕна: хъусынгӕнджыты Паддзахады залы кӕнӕ та ӕндӕр искуы ӕмбырд кӕна, йе та сын мыхуыр ӕрмӕг, аудио- ӕмӕ видеокассетӕтӕ уара.

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы вӕййы тынг хорз статьятӕ алыхуызон низты тыххӕй, стӕй ма Хуыцау туджы тыххӕй цы закъон радта, уый ӕххӕст кӕныны фӕдыл дӕр. Афтӕ ма дзы вӕййы Фыстадыл бындуриуӕггӕнӕг статьятӕ нервыты низтӕ, алыхуызон фобитӕ ӕмӕ депрессийы тыххӕй. Ацы статьятӕ фыст ӕрцӕуынц, цӕмӕй фылдӕр зонӕм. Уым дзырд нӕ фӕцӕуы, куыд ис схос кӕнӕн кӕнӕ низ сбӕрӕг кӕнӕн, нӕ дзы вӕййы амынд кӕцы дохтыртӕм кӕнӕ кӕцы рынчындӕттӕм ис бацӕуӕн. Ахӕм фарстытӕ алы адӕймаг дӕр хъуамӕ йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕна (Кӕс g02 8.4. 21 ф., фиппаинаг, уыр.).

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу адӕймӕгтӕ, уыимӕ не ’фсымӕртӕ дӕр, сӕрмагондӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн райдыдтой уадзын статьятӕ, брошюрӕтӕ ӕмӕ кассетӕтӕ, цӕмӕй сӕ хъуыддаг размӕ цӕуа кӕнӕ, уыдон куыд хъуыды кӕнынц, иннӕтӕ дӕр афтӕ хъуыды кӕной. Гӕнӕн ис, уыцы ӕрмӕг цымыдисаг уа, фӕлӕ ма ахъуыды кӕн: цӕмӕн ӕй парахат кӕнынц? Цӕмӕй сӕхицӕн ног клиенттӕ ӕмӕ ӕлхӕнджытӕ ссарой. Ӕмӕ кӕд уыцы ӕрмӕджытӕ уый тыххӕй нӕ парахат кӕнынц, цӕмӕй сӕ ӕхца бакусой, уӕддӕр дзы, гӕнӕн ис, кӕмӕндӕр йӕхи сӕрмагонд хъуыдытӕ уа, нӕ литературӕйы цы ӕвзагӕй пайда кӕнынц, ахӕм ӕвзагӕй фыст куы уой ӕмӕ дзы Библийы стихтӕ куы уа, уӕд дӕр. Чифӕнды дӕр сӕ куы рауадза, суанг Ӕвдисӕн дӕр куы уа, уӕддӕр ахӕм хъуыдытӕ фылдӕр хатт ӕнцайынц, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Библимӕ гӕсгӕ цы разамынд дӕттынц, ууыл нӕ, фӕлӕ ацы дунейы философитӕ кӕнӕ уагӕвӕрдтыл (Кол. 2:8; 1 Тим. 6:20).

Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл хъуыды кодтой, ӕмӕ-иу уымӕн лӕвӕрдтой кӕрӕдзийӕн ахӕм ӕрмӕг, фӕлӕ-иу куыдфӕстагмӕ уый ӕркодта хъаугъатӕм. Не ’ппӕт дӕр хъуамӕ нӕхи хизӕм ахӕм хъуыддӕгтӕй, уӕлдайдӕр та хистӕр нӕлгоймӕгтӕ — «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъаримӕ» иумӕ чи кусы ӕмӕ уынаффӕ кӕмӕ фӕагурынц, уыдон (Матф. 24:45). Мах хъуамӕ ӕфсымӕрты ’хсӕн ахӕм ӕрмӕг ма парахат кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй ма ахъаз кӕнӕм искӕй куыстӕн кӕнӕ искӕй хъуыдытӕ ӕмӕ цӕстӕнгӕстӕ хӕлиу кӕнынӕн (Кӕс w94 15.12. 18 ф., уыр.; km 7/00 1 ф.).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын