Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Махӕн нӕ бон нӕу... нӕ дзурын»
    Хъусын кӕныны хъуыддаг 2000 | июль
    • «Махӕн нӕ бон нӕу... нӕ дзурын»

      1 Йесо Чырысти йӕ хъус лӕмбынӕг дары, хъусын кӕныны хъуыддаг куыд цӕуы, уымӕ (Мтф. 28:20; Мар. 13:10). Кӕд 234 бӕстӕйы ӕхсӕз милуан хъусынгӕнӕгмӕ ӕввахс зӕрдиагӕй хъусын кӕнынц, уӕддӕр нӕ бон нӕу зӕгъын, уыцы хъуыддаг йӕ кӕронмӕ кӕй ӕрхӕццӕ ис, уый. Цалынмӕ нын Хуыцау нӕ зӕгъа, ацы куыст фӕцис, зӕгъгӕ, уӕдмӕ нӕ бон нӕу, цы базыдтам, уый тыххӕй «нӕ дзурын» (Ап. к. 4:20).

      2 Уӕ ныфс Хуыцауы сыгъдӕг удыл дарут: Сайтан ӕппӕт тыхтӕй архайы, цӕмӕй нын нӕ ныфс асӕтта (Рарг. 12:17). Уымӕй уӕлдай ма нын нӕ ӕнӕххӕст буар дӕр ӕвзарын кӕны бирӕ зындзинӕдтӕ. Уыдӕттӕ нын, гӕнӕн ис, не ’ргом аздахой ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддагӕй — хъусын кӕныны хъуыддагӕй. Фӕлӕ нӕ зӕрдӕ Иегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нын йӕ сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕндзӕн цыфӕнды цӕлхдурты сӕрты дӕр хизынӕн.

      3 Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты тынг куы сырдтой, уӕд уыдон куывтой Хуыцаумӕ, цӕмӕй сын йӕ ныхас уӕндонӕй дзурынӕн ӕххуыс кодтаид. Иегъовӕ сын сӕ куывд фехъуыста ӕмӕ сын радта йӕ сыгъдӕг уд, уыимӕ сӕ сразӕнгард кодта зӕрдиагӕй ӕмӕ фидарӕй хъусын кӕнынмӕ. Уӕд уыдон ӕнӕнцойӕ дарддӕр дӕр хорз уацхъуыд уӕндонӕй хъусын кодтой (Ап. к. 4:29, 31; 5:42).

      4 Ӕфхӕрӕн ныхӕстӕй ма тӕрсут: Адӕмы цӕстӕнгӕстӕ кӕнӕ нӕ сӕ хахуыр ныхӕстӕ, чи зоны, тас уадзой. Фӕлӕ ма ӕрхъуыды кӕнӕм, Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ синедрионы раз куыд ныфсджынӕй дзырдтой, уый. Уыцы хабар ис фыст Куыстыты 5:29—32-ӕм стихты. Закъонамонӕг Гамалиил загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауы хъуыддаг нӕй фехалӕн. Уый махӕй кӕнгӕ нӕу. Ацы стыр хъуыддаджы фӕстӕ лӕууы Хуыцау, ӕмӕ йӕ уый йедтӕмӕ никӕй бон у бакӕнын! (Зах. 4:6).

      5 Уӕдӕ алы бон дӕр Иегъовӕйӕ курӕм, цӕмӕй нын йӕ сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕна хорз уацхъуыд зӕрдиагӕй хъусын кӕнынӕн. Мах дӕр Иеремийау зӕгъӕм, зӕгъгӕ, Паддзахады тыххӕй уацхъуыд у, раст цыма не стджыты мидӕг пиллон арт ис, уыйау (Иер. 20:9). Махӕн нӕ бон нӕу хъусӕй лӕууын!

  • «Алцыдӕр уӕд уӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн»
    Хъусын кӕныны хъуыддаг 2000 | июль
    • «Алцыдӕр уӕд уӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн»

      1 Не ’фсымӕртимӕ нӕхи куыд дарӕм, уымӕй сӕ хъуамӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕнӕм. Уый нысан кӕны, сӕ уырнындзинадыл сын кӕй хъуамӕ хъуыды кӕнӕм. Алыхуызон дзауматӕ кӕнӕ лӕггӕдтӕ кӕм рекламӕ кӕнынц, ахӕм ран куы кусӕм, уӕд хъуамӕ афтӕ архайӕм, цӕмӕй не ’фсымӕртӕй цӕлхдур макӕмӕн суӕм (2 Кор. 6:3; Фил. 1:9, 10).

      2 Ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕ хайад фӕисынц тӕссаг хъуыддӕгты ӕмӕ се ’мчырыстӕттӕм фӕкӕсынц, куыд ӕлхӕнджытӕм. Дзауматӕ чи уӕй кӕны, уыцы организацитӕй иуӕй-иутӕ сӕ минӕвӕртты разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй уыдон алы адӕймаджы дӕр, уыимӕ се ’мдингӕнӕг адӕмы дӕр, нымайой ӕлхӕнджытыл. Ӕфсымӕртӕй иутӕ ӕрӕмбырд кӕнынц Ӕвдисӕнты, цӕмӕй сӕ сразӕнгард кӕной сӕ хъуыддаджы хайад райсынмӕ. Иннӕтӕ та рекламӕ кӕнынц, се ’муырнджытӕн лӕвар цавӕрдӕр буклеттӕ, брошюрӕтӕ кӕнӕ видеокассетӕтӕ ӕмӕ аудиокассетӕтӕ кӕй дӕттынц, уымӕй, стӕй ма Интернеты уылты дӕр. Цымӕ раст уыдзӕн, чырыстон йӕ хъуыддаджы йӕ чырыстон ӕфсымӕртӕй ахӕм хуызы куы пайда кӕна? Нӕ! (1 Кор. 10:23, 24, 31—33).

      3 Ӕфсымӕртӕ хъуамӕ сӕхи хъахъхъӕной: Уый нӕ нысан кӕны, чырыстонӕн йӕ бон кӕй нӕу йе ’муырнӕгимӕ цавӕрдӕр хъуыддаг аразын. Уый алкӕмӕн дӕр йӕхи хъуыддаг у. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ райдайынц, кӕрӕфдзинадмӕ чи разӕнгард кӕны, ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕмӕ се ’муырнджыты фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй семӕ хайад райсой кӕнӕ цӕмӕй се ’хца бавӕрой. Арӕх уыцы хъуыддӕгтӕй ницы рауайы, ӕмӕ сӕ хайад чи фӕисы, уыдон бирӕ ӕхца фесафынц. Чи зоны, иуӕй-иутӕ хайад уый тыххӕй райсынц, цӕмӕй цыбыр рӕстӕгмӕ бирӕ ӕхца райсой. Фӕлӕ уӕддӕр хъуыддаг чи райдыдта, уый хъуамӕ ма ӕнхъӕла, хъуыддаг куы фехӕла, уӕд дзуапп кӕй нӕ дӕтдзӕн. Хъуамӕ рагацау ахъуыды кӕна, хъуыддагӕй куы ницы рауайа, уӕд уый йе ’фсымӕрты уырнындзинад ӕмӕ ӕнӕниздзинадыл куыд бандавдзӕн, ууыл. Уӕлдайдӕр та ӕмбырды бӕрн кӕуыл ис, уыцы ӕфсымӕртӕ исты хъуыддаг аразгӕйӕ хъуамӕ хъавгӕйӕ архайой, уымӕн ӕмӕ иннӕты цӕсты сты кадджын ӕмӕ сыл тынг ӕууӕндынц. Хорз нӕ уаид уымӕй хи тыххӕй спайда кӕнын. Ӕфсымӕр йӕ хорз ном иннӕты раз куы фесафа, уӕд ма, гӕнӕн ис, фесафа йӕ бартӕ дӕр ӕмбырды.

      4 Мах хъуамӕ тырнӕм, цӕмӕй «алцыдӕр уа нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн» (1 Кор. 14:26, НД). Уӕй кӕныны кӕнӕ ӕлхӕныны хъуыддӕгтӕм цыдӕриддӕр хауы, ӕмӕ ма уыдон рекламӕ кӕнынӕн хъуамӕ ӕмбырды бынат ма уа. Цӕмӕн ӕмбырд кӕнӕм, уый тыххӕй Фыстады цы фыст ис, уымӕн ахӕм хъуыддӕгтимӕ иумӕйагӕй ницы ис (Дзут. 10:24, 25).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын