Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 2/02 7 ф.
  • Фарстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Аудиозаписьтӕй куыд ис пайда кӕнӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2015
  • Фарстаты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
km 2/02 7 ф.

Фарстыты асыкк

◼ Аудиокассетӕтӕ Ӕхсӕнады уагъд куы нӕ уой, уӕд сӕм Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд хъуамӕ кӕсой?

Нӕ Ӕхсӕнад парахатӕй цӕттӕ кӕны алыхуызон монон хӕринаг, уырдӕм хауынц аудиокассетӕтӕ дӕр. Аудиокассетӕтыл фыст вӕййы Библи йӕхӕдӕг ӕмӕ Ӕхсӕнады уагъд публикацитӕ, зӕгъӕм: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», «Райхъал ут!», «Мӕ библион радзырдты чиныг» ӕмӕ «Хъусут Номдзыд Ахуыргӕнӕгмӕ». Аудиокассетӕтыл ма уадзынц Паддзахады мелодитӕ ӕмӕ иуӕй-иу драмӕтӕ дӕр. Фӕлӕ вӕййы афтӕ, ӕмӕ ӕмбырды къухӕй-къухмӕ фӕдӕттынц, афтӕ кӕмӕй фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, Ӕхсӕнады публикацитӕй ницӕмӕй хицӕн кӕнынц, ахӕм сӕрмагонд аудиокассетӕтӕ. Не ’фсымӕртыл кӕй ӕууӕндӕм, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу хатт, гӕнӕн ис, исчи искӕмӕй аудиокассетӕ райса ӕмӕ йӕм хъуса, кӕцӕй у ӕмӕ йыл цы ис фыст, уый нӕ базонгӕйӕ.

Иуӕй-иу хатт ӕмбырды къухӕй-къухмӕ ацӕуынц аудиокассетӕтӕ, кӕмӕндӕр йӕхи хатдзӕгтӕ кӕнӕ та дисы ’фтауӕг ӕнахуыр хъуыдытӕ кӕм вӕййы, ахӕм раныхӕстимӕ. Уымӕ гӕсгӕ растдӕр нӕ уаид, 2 Тимофеймӕ 3:14 стихы Павел цы уынаффӕ радта, уымӕ хъусын? Павел мӕнгдзурджытӕй куы бафӕдзӕхста, уӕд уыйфӕстӕ бахахх кодта, куыд ахсджиаг у, кӕмӕ хъусӕм, уыдоны зонын. Сыгъдӕг Фыстады «цы фыст ис» ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цы монон хӕринаг дӕтты, уымӕй чи хицӕн кӕны, ахӕмӕй хъуамӕ мацӕмӕ хъусӕм (1 Кор. 4:6, НД; Матф. 24:45—47).

Иуӕй-иу рӕтты рекламӕ кӕнынц ӕмӕ уӕй кӕнынц аудиокассетӕтӕ сывӕллӕттӕн Библи ахуыр кӕнынӕн. Иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ уыцы кассетӕтӕ ӕфсымӕрты уагъд сты, ӕмӕ сӕ иуӕй-иу ӕмбырдтыл парахат кӕнынц. Чи зоны, уыдонӕн сӕ хъуыдыйы ӕвзӕрӕй ницы ис, фӕлӕ афтӕ нӕ уайы, цыма сӕ се ’фсымӕртӕй ӕмӕ сӕ хотӕй сӕхицӕн цыдӕр пайда райсын фӕнды? Иегъовӕйы организаци фагӕй фылдӕр дӕтты библион ӕрмӕг нӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынӕн. Уымӕ гӕсгӕ, ахӕм кассетӕтӕ парахат кӕнын мах хорз хъуыддагыл нӕ нымайӕм.

Иуӕй-иутӕ, гӕнӕн ис, сӕхицӕн аудиокассетӕтыл фыссой ӕмбырды фембӕлдты кӕнӕ конгрессты программӕ. Ахӕм аудиокассетӕтӕ, гӕнӕн ис, пайда уой, ӕмбырдмӕ йӕ бон цӕуын кӕмӕн нӕу, уыдонӕн. Фӕлӕ ахӕм кассетӕтӕ нӕ хъӕуы ӕмбырдты ӕфсымӕртыл парахат кӕнын кӕнӕ сӕ уӕй кӕнын. Цӕй уӕдӕ хуыздӕр пайда кӕнӕм, Иегъовӕ нын йӕ организацийы уылты нӕ уырнындзинад ӕмӕ нӕ ныфс фидардӕр кӕнынӕн цыдӕриддӕр дӕтты, уымӕй.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын