Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 3/00 1 ф.
  • Мӕ бон цы у саразын?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Мӕ бон цы у саразын?
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Де ’мбырдӕн ӕххуыс кӕн
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Не ’хсӕн иудзинад цӕй фӕрцы уыдзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Ӕмбырдтӕ фидар кӕнӕнт
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Иегъовӕ ӕмбырд кӕны ӕмӕ ифтонг кӕны йӕ адӕмы хъуыддагӕн
    Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы фӕндон иумӕйагӕй ӕххӕст кӕнынц ӕппӕт зӕххыл
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
km 3/00 1 ф.

Мӕ бон цы у саразын?

1 «Мӕ бон цы у саразын?» Ахӕм фарст ӕнӕмӕнг сӕвзӕрд, 1870-ӕм азты Чарлз Тейз Рассел цы Бибилииртасджыты гыццыл къорд ӕрӕмбырд кодта, уыдонмӕ. Хуыцауы фӕндон хуыздӕр ӕмбарын куы райдыдтой, уӕд уыцы фыццаг Библииртасджытӕ хъуыды кодтой, адӕмӕн Хуыцауы фӕндон куыд бамбарын кӕной, ууыл. Ӕцӕгдӕр уыдоныл уыд стыр хӕс — Библийӕ-иу цы базыдтой, уый ӕппӕт дунейыл айхъуысын кӕнын!

2 Куыд хорз у, уый сӕ къухы кӕй бафтыд! Куыд? Алчидӕр сӕ йӕ хӕс кӕй ӕххӕст кодта, уымӕ гӕсгӕ абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты зонынц ӕппӕт дунейы, уыдон сты ӕхсӕз милуанмӕ ’ввахс Паддзахады хъусынгӕнӕджы, лӕггад кӕнынц иу-90 000 ӕмбырды 234 бӕстӕйы ӕмӕ сакъадӕхты! (Ис. 60:22).

3 Дӕ бон цы у, уымӕй ӕххуыс кӕн. Махӕй алчидӕр хъуамӕ хайад иса, Йесо цы ахсджиаг куыст срагзагъд кодта ӕмӕ ацы фӕстаг бонты чи цӕуы, уым (Мар. 13:10). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы куыст ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгтӕм нӕ хауы; уацамынды куыст ӕрмӕст пионертӕ хъуамӕ ма ӕххӕст кӕной. Ӕцӕгдӕр та алы нывонддзырдраттӕг чырыстонӕн дӕр ис ахсджиаг хӕслӕвӕрд. Махӕй алкӕмӕндӕр йӕ бон у йӕ уавӕртӕм гӕсгӕ уацамынды хайад исын (1 Тим. 1:12). Ацы хъуыддаджы нын цас фӕнды ма ӕнтыса, уӕддӕр ӕххуыс кӕнӕм нӕхицӕн дӕр ӕмӕ ма адӕмӕн дӕр (1 Тим. 4:16).

4 Махӕй алкӕй бон дӕр у нӕ чырыстон ӕфсымӕрадӕн бирӕ алыхуызон ахсджиаг хъуыддӕгты баххуыс кӕнын. Махӕн дӕр нӕ бон у ӕххуыс кӕнын ӕмбырды фембӕлдтӕн, ӕнӕсцухӕй сӕм куы цӕуӕм ӕмӕ сӕ ӕхсызгонӕй хайад куы исӕм, уӕд (Пс. 121:1, 8, 9). Нӕ бон куыд у, афтӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй не ’мбырд сыгъдӕг уа моралон ӕгъдауӕй. Нӕ фӕрӕзтӕй нӕ бон у ӕппӕтдунеон куыстӕн ӕххуыс кӕнын. Нӕ бон у хайад исын Паддзахады Зал ӕфснайыны. Алкӕй бон дӕр у ног ӕрбацӕуджытӕн, фӕсивӕдӕн ӕмӕ ацӕргӕтӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй архайын, цӕмӕй ӕмбырды кӕрӕдзи уарзой ӕмӕ се ’хсӕн иудзинад уа (Кол. 3:12, 14).

5 Уӕдӕ фарст дӕттыс: «Мӕ бон цы у саразын?» Кӕд дӕ бон бирӕ аразын нӕу, уӕддӕр дӕ хӕс ӕххӕстгӕнгӕйӕ ӕххуыс кӕныс, цӕмӕй ӕмбырд уа фидар, ӕнувыд ӕмӕ духовон ӕгъдауӕй ӕнӕниз. Афтӕмӕй Иегъовӕйы ном кадджын кӕндзыстӕм!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын