Лӕггаддзинады фембӕлдты расписани
10 апрелӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 122.
10 мин.: Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Цалдӕр хъусинаджы «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ӕй. Дӕ зӕрдыл дар, 16 апрелы кӕй уыдзӕн сӕрмагонд раныхас «Адӕймагады ахӕстаргъ цӕмӕн хъӕуы». Се ’ппӕты дӕр сразӕнгард кӕн, брошюрӕйы «Алы бон дӕр ӕвзар Фыстытӕ — 2000 азӕн» Ӕрымысӕн Изӕры размӕ 14—19 апрелы Библи кӕсынӕн нысангонд цы ӕрмӕг ис, цӕмӕй уый бакӕсой. Равзар «Ӕрымысӕн Изӕры тыххӕй зӕрдылдаринӕгтӕ» уӕлӕмхасӕн сыфыл 4-ӕм фарсыл.
15 мин.: «Чырыстийы уарзондзинадӕн аргъ кӕныс?» Статьяйы тыххӕй дӕ раныхас минутӕй фылдӕр ма уӕд, равзар ӕй фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ. Спайда кӕн журнал «Хъахъхъӕнӕг мӕсыгӕй», 1998 аз, 1 август, 26-ӕм фарс, 12, 13-ӕм абзацтӕ. Алкӕй дӕр сразӕнгард кӕн, цӕмӕй ӕппӕт тыхтӕй бацархайой ӕмӕ адӕмы Ӕрымысӕн Изӕрмӕ фӕхоной.
20 мин.: «Апрель — диссаджы рӕстӕг хорз хъуыддӕгтӕм тырнынӕн!» Фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕ. Апрелы цы араздзыстӕм, ууыл зӕрдиагӕй ӕрныхас кӕн.
Зарӕг № 199 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
17 апрелӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 25.
13 мин.: Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Ӕхцайы хыгъд. Апрелӕй ма баззад ӕрмӕстдӕр дыууӕ сабат ӕмӕ дыууӕ хуыцаубоны, ӕмӕ алкӕй дӕр сразӕнгард кӕн, цалынмӕ мӕй нӕма фӕци, уӕдмӕ цӕмӕй лӕггаддзинады хайад райсой. Цыбыртӕй равдис, куыд ис фӕстаг журналтӕ парахатгӕнӕн, уый. Гӕнӕн ис адӕм нӕ хоной Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ, ӕмӕ сын куыд ис дзуапп дӕттӕн, уый тыххӕй кӕс «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы», 1996 аз, 1 апрель, 3—5-ӕм фӕрстӕ (уыр.).
16 мин.: «Цӕттӕ дӕ ӕппӕт тыхтӕй лӕггад кӕнынмӕ?» Фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕ. Ахсджиагдӕр цы у, уый хъуамӕ фыццаг бынаты ӕвӕрӕм. Нӕ духовон ӕнӕниздзинадӕн пайда цы у, уый цӕмӕй алкӕддӕр кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм ӕмӕ нӕхи цы фӕнды, уый хъуамӕ ма кӕнӕм. Бамбарын кӕн, Йесойы цӕвиттон нӕ цӕуыл ахуыр кӕны, уый. (Кӕс «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1993 аз, 1 июнь, 10, 11-ӕм фӕрстӕ, 10—14-ӕм абзацтӕ, уыр., ӕмӕ «Статьятӕ ахуыр кӕнынӕн» (br-2) 31, 32-ӕм фӕрстӕ, 15—20-ӕм абзацтӕ, уыр.).
16 мин.: Журналтӕ фылдӕр пайда кӕм ӕрхӕсдзысты, уым сӕ парахат кӕн. Раныхас ӕмӕ ныхас хъусджытимӕ, бындуриуӕг кӕны «Райхъал ут!»-ыл, 1995 аз, 8 январь, 22—24-ӕм фӕрстӕ (уыр.). Бамбарын кӕн, хорз цӕмӕн у, журналты сӕрмагонд темӕйыл цы статьятӕ вӕййы, уыдон кӕй бацымыдис кӕндзысты, ахӕм адӕмы агурын. Равдис фӕстаг номыртӕй цалдӕр ахӕм статьяйы ӕмӕ ӕрдзур, уӕ территорийы сӕ цавӕр кусджытӕн, цавӕр уагдӕтты уыдзӕн раттӕн, ууыл. Хъусджытӕн зӕгъ, цӕмӕй радзурой, уацамынды сын, афтӕ архайгӕйӕ, цы хорз фӕстиуджытӕ уыд, уый тыххӕй.
Зарӕг №71 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
24 апрелӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 137.
10 мин.: Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Зӕгъ, Ӕрымысӕн Изӕрмӕ цал адӕймаджы ӕрбацыд, уый. Хъусджытӕн зӕгъ, цӕмӕй радзурой, фыццаг хатт чи ӕрбацыд, уыдонӕн куыд сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, уый тыххӕй.
17 мин.: Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕн фембӕлдтӕм цӕуынӕн ӕххуыс кӕн. Раныхас бындуриуӕг кӕны чиныг «Базонынад»-ыл, 161—163-ӕм фӕрстӕ, 5—8-ӕм абзацтӕ. Исчи Библи ахуыр кӕнын куы райдайы, уӕд цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы, цӕмӕй фембӕлдтӕм цӕуын райдайа. Уый ӕнцон нӕу. Цы у дӕ бон саразын, цӕмӕй йӕ сразӕнгард кӕнай? Библи искӕимӕ чи ахуыр кӕны, уыдон хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕной ӕмӕ кӕимӕ ахуыр кӕнынц, уыдонимӕ «Базонынад»-ӕй уыцы ӕрмӕг равзарой, стӕй сын баххуыс кӕной, цӕмӕй ӕцӕг кувынадмӕ ӕрбаиу уой.
18 мин.: «Паддзахады тыххӕй ӕдзух хъусын кӕныс?» Секретары раныхас ӕмӕ ныхас хъусджытимӕ. Бамбарын кӕн, нӕ уацамынды хыгъд цӕмӕ дӕттӕм, уый. (Кӕс чиныг «Нӕ лӕггаддзинад», 106—108-ӕм фӕрстӕ, уырыссаг.) Нӕ хыгъд афоныл куы нӕ раттӕм, уӕд цавӕр зындзинӕдтӕ фӕзыны, уыдоныл ӕрдзур. Хъусджытӕ радзурӕнт, сӕ хыгъд афоныл раттынӕн цы аразынц, уый тыххӕй. Бахахх кӕн, чиныгахуыркӕнынӕдты разамонджытӕн сӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, уый. Апрелы ма ӕрмӕстдӕр иу сабат ӕмӕ иу хуыцаубон кӕй баззад, уымӕ гӕсгӕ банысан кӕн, лӕггаддзинады ӕппӕт тыхтӕй архайын кӕй хъӕуы ӕмӕ мӕйы кӕрон хыгъд дӕттын тынг ахсджиаг кӕй у, уый.
Зарӕг №200 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
1 майӕ райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 213.
12 мин.: Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъ, цӕмӕй сӕ ма ферох уа апрелӕн сӕ уацамынды хыгъд раттын. Ӕмбырды чиныгахуыркӕнынӕдты разамонджытӕ хъуамӕ сбӕлвырд кӕной, сӕ къордты иууылдӕр хыгъд раттой ӕви нӕ, цӕмӕй 6-ӕм маймӕ иумӕйаг хыгъд цӕттӕ уа. Равзар, «Фарстыты асыччы» цы ӕрмӕг ис ӕмӕ уе ’мбырдмӕ куыд хауы, уый.
15 мин.: Бынӕттон домӕнтӕ.
18 мин.: «Ноджыдӕр ма йӕм бацу!» Ныхас хъусджытимӕ. Равзар, дыккаг хатт нӕ адӕймагмӕ бацӕуынӕн гӕнӕн ис цы бахъыгдара, уый. Бамбарын кӕн, бӕстон фыстытӕ ӕмӕ ноджыдӕр бацӕуынмӕ цӕттӕдзинад ахсджиаг цӕмӕн сты, уый. Зӕгъ сын, цӕмӕй алы къуыри дӕр адӕймагмӕ бацӕуынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕной. Равзар, чиныг «Нӕ лӕггаддзинад»-ы 88—90-ӕм фӕрстыл цы ӕрмӕг ис, уый.
Зарӕг № 68 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.