Сывӕллӕттӕн ис диссаджы фадат
1 Ныййарджытӕй бирӕтӕ абон ӕхсызгонӕй ӕрхъуыды кӕнынц, чырыстон бинонты ’хсӕн хъомылгӕнгӕйӕ сын цы диссаджы фадат уыд, уый — журналтимӕ лӕггадгӕнӕн боны хайад исын. Уыцы куыст ӕппӕт ӕмбырдты дӕр райдыдтой 1949 азӕй. Алчидӕр-иу къуыри иу бон уынгты, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, дуканиты ӕмӕ ӕндӕр рӕтты парахат кодта журналтӕ «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Уӕлдай тынгдӕр уыцы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты ӕрыгон хъусынгӕнджытӕ, уымӕн ӕмӕ-иу сын уӕд уыд диссаджы фадат хистӕрты ӕмрӕнхъ лӕггад кӕнынӕн. Ды дӕр сывӕллонӕй уыцы хъуыддаджы хайад истай?
2 Дӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕн: Бынтон гыццыл сывӕллӕттӕн сӕ бон нӕу Библийы бындурыл иннӕтимӕ ныхас кӕнын, фӕлӕ сӕ бон у журналтӕ дӕттын. Уый тыххӕй сӕ бахъӕудзӕн ӕрмӕстдӕр цалдӕр цыбыр хъуыдыйады сахуыр кӕнын. Журналы фыццаг фарсыл цы ныв ис, уый тыххӕй исты куы зӕгъа, уӕддӕр фаг уыдзӕн. Хӕдзӕртты хицӕуттӕй бирӕтӕ сывӕллӕттӕй журналтӕ ӕхсызгонӕй айсынц ӕмӕ арӕх хорз ныхӕстӕ фӕдзурынц, уыцы сывӕллӕттӕ куыд сыгъдӕгзӕрдӕ сты ӕмӕ сӕхи куыд хорз дарынц, уый тыххӕй. Сывӕллӕттӕн хъӕуы ӕрмӕст иу-гыццыл баххуыс кӕнын, ӕмӕ уыцы хъуыддаг кӕндзысты тынг хорз, Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддагӕн та тынг баххуыс кӕндзысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕ куыд стырдӕр кӕной, афтӕ сын сӕ ныййарджытӕ ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытӕ суой.
3 Мануэль хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕртӕаздзыдӕй райдыдта хъусын кӕнын. Йӕ ныййарджытӕ йын баххуыс кодтой ныхас райдайынӕн цалдӕр цыбыр хъуыдыйады сахуыр кӕнын. Ныр уый семӕ зӕрдиагӕй хъусын кӕны ӕмӕ парахат кӕны бирӕ журналтӕ, брошюрӕтӕ ӕмӕ трактаттӕ. Уый ма хъусын кӕны, сӕрмагондӕй уацамынды куы нӕ вӕййынц, уӕд дӕр. Иухатт ӕй йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад акодтой паркмӕ. Лӕппу уым адӕмӕн райдыдта трактаттӕ дӕттын. Кӕд Мануэль нырма гыццыл у, уӕддӕр йӕ зӕрдиаг лӕггаддзинадӕй разӕнгард кӕны йӕ ныййарджыты дӕр ӕмӕ ма ӕппӕт ӕмбырд дӕр (Фӕс. н. 22:6).
4 «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты къӕлиндары 2000 азӕн» алы сабат дӕр нысангонд у «Журналтимӕ лӕггад кӕнынӕн». Ныййарджытӕ, хорз уаид, ацы лӕггаддзинадмӕ уӕ хъус тынгдӕр куы дариккат ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕн дӕр куы ӕххуыс кӕниккат, цӕмӕй дзы, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, арӕхдӕр хайад исой.