Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp20 № 1 3–5 фф.
  • Рӕстдзинад агурын цӕмӕн хъӕуы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Рӕстдзинад агурын цӕмӕн хъӕуы?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ДӔ БОН У РӔСТДЗИНАД ССАРЫН?
  • ДӔ БОН КУЫД У РӔСТДЗИНАД БАЗОНЫН?
  • РӔСТДЗИНАД КӔМ ИС, УЫЦЫ ЧИНЫГ
  • Ӕцӕгады Хуыцауы фӕзмут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • Рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕр
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • «Ӕз цӕудзынӕн дӕ раст фӕндагыл»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Рӕстдзинад ма ахсджиаг у?
    Ӕндӕр темӕтӕ
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2020
wp20 № 1 3–5 фф.
Нӕлгоймаг кӕсы чингуытӕй йедзаг тӕрхӕджытӕм

Рӕстдзинад агурын цӕмӕн хъӕуы?

Рӕстдзинад зонӕм ӕви нӕ, уымӕй кӕнгӕ у нӕ цард. Зӕгъӕм, нӕ цардыл тынг ӕндавы, хӕцгӕ низтӕ куыд парахат кӕнынц, уымӕн дзуапп кӕй зонӕм, уый.

Мингай азты дӕргъы адӕм ацы фарстайӕн дзуапп нӕ зыдтой. Уый аххосӕй хӕцгӕ низтӕй амардысты милуантӕ. Фӕстӕдӕр ахуыргӕндтӕ базыдтой, хабар цӕй мидӕг ис, уый. Уыдон сбӕрӕг кодтой, низтӕ-иу арӕхдӕр кӕй фӕзындысты микробты аххосӕй (уыдонӕй иуӕй-иутӕ сты бактеритӕ ӕмӕ вирустӕ). Ӕмӕ ӕрмӕст уый дӕр адӕмӕн тынг баххуыс кодта – сӕ бон у сӕхи бирӕ низтӕй бахъахъхъӕнын кӕнӕ сдзӕбӕх кӕнын. Уый фӕрцы миллиардгай адӕм фылдӕр цӕрынц ӕмӕ сты ӕнӕниздӕр.

Фӕлӕ ма ис ӕндӕр ахсджиаг фарстатӕ дӕр. Дзуапп сын куы базонай, уӕд уый дӕ цардыл куыд фӕзындзӕн?

  • Чи у Хуыцау?

  • Чи у Йесо Чырысти?

  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?

  • Фидӕны цы уыдзӕн?

Милуангай адӕм ацы фарстатӕн дзуапп ссардтой, ӕмӕ сӕ цард фӕхуыздӕр. Ды дӕр сын дзуапп куы базонай, уӕд дын уый пайда ӕрхӕсдзӕн.

ДӔ БОН У РӔСТДЗИНАД ССАРЫН?

Чи зоны, хъуыды кӕныс: «Истӕй тыххӕй рӕстдзинад базонай, уымӕн гӕнӕн ис?» Ӕцӕгдӕр, бирӕ хабӕрттӕ ӕцӕгӕй куыд сты, уый базонын зындӕрӕй-зындӕр кӕны. Цымӕ цӕмӕн?

Бирӕтӕ не ’ууӕндынц хицауӕдтыл, алы компанитыл ӕмӕ журналисттыл. Зын сын вӕййы бамбарын, иннӕтӕ ӕцӕг хабӕрттӕ дзурынц ӕви уыдӕттӕ сӕхи хъуыдытӕ вӕййынц, стӕй нӕ фӕзонынц, цавӕрдӕр информаци сусӕг кӕнынц ӕви суанг сайгӕ кӕнынц. Адӕм кӕрӕдзийыл не ’ууӕндынц ӕмӕ, цы информаци хъусынц, уымӕн йӕ фылдӕр раст нӕ вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ иу хъуыдыйыл хӕст не сты, рӕстдзинад цы у ӕмӕ рӕстдзинад зонын цы пайда у, уый фӕдыл.

Кӕд хабар афтӕ у, уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ царды ахсджиагдӕр фарстатӕн раст дзуаппытӕ ссарай. Цымӕ куыд? Ӕнӕуи фарстайӕн куыд фӕагурыс дзуапп, афтӕ.

ДӔ БОН КУЫД У РӔСТДЗИНАД БАЗОНЫН?

Зӕгъӕн ис, ӕмӕ рӕстдзинад алы бон дӕр фӕагурӕм. Ӕркӕсӕм иу сылгоймаджы, Джессикӕйы, хабармӕ. Уый зӕгъы: «Мӕ чызгмӕ ис аллергийӕ арахисмӕ. Иу гыццыл дӕр дзы куы фӕхъӕстӕ уа, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ амӕла». Джессикӕ хъуамӕ зона, цы хӕринаг фелхӕны, уый йӕ чызгӕн тӕссаг кӕй нӕ уыдзӕн. Уый дзуры: «Хӕринаг ӕлхӕнгӕйӕ фыццаджыдӕр лӕмбынӕг ӕркӕсын, цы фыст ыл вӕййы, уымӕ, цӕмӕй базонон, цӕмӕй конд у, уый. Стӕй ма ноджыдӕр информаци бацагурын, ӕмӕ ма суанг, кӕм ӕй кӕнынц, уырдӕм дӕр бадзурын, цӕмӕй бӕлвырд базонон, арахис дзы ӕппындӕр кӕй нӕй. Уымӕй уӕлдай ма сайтты кӕнӕ ӕндӕр рӕтты информаци фӕагурын, хӕринаг чи рауагъта, уыцы компанийыл ӕууӕндӕн ис ӕви нӕ, уый тыххӕй».

Уыцы нӕлгоймаг чингуыты ’хсӕнӕй иу чиныг райста ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый бары, йӕ планшеты цы ссардта, уыимӕ

Джессикӕйӕн йӕ фарстайӕн дзуапп базонын куыд ахсджиаг у, дӕ фарстатӕн дзуапп базонын, чи зоны, афтӕ ахсджиаг нӕ вӕййы, фӕлӕ уӕддӕр дӕ бон у Джессикӕйау архайын:

  • Хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый базон.

  • Фылдӕр ӕрмӕг бацагур.

  • Базон, информаци кӕм агурыс, сайт уа ӕви ӕндӕр исты, ууыл ӕууӕндӕн кӕй ис.

Афтӕ куы архайай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн царды ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуапп ссарынӕн. Цымӕ куыд?

РӔСТДЗИНАД КӔМ ИС, УЫЦЫ ЧИНЫГ

Царды ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуапп агургӕйӕ Джессикӕ архайдта, йӕ чызгӕн хӕринаг агургӕйӕ куыд фӕархайы, афтӕ. Уый зӕгъы: «Библи-иу лӕмбынӕг кӕй кастӕн ӕмӕ йӕ арф кӕй иртӕстон, уый фӕрцы мӕ фарстатӕн раст дзуаппытӕ ссардтон». Джессикӕйау милуангай адӕм базыдтой, цавӕр дзуаппытӕ ис Библийы ацы фарстатӕн:

  • Адӕймаг цӕмӕн цӕры?

  • Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?

  • Адӕм зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц?

  • Хуыцау адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон куыд скӕндзӕн?

  • Дӕ бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?

Уыцы нӕлгоймаг Библи кӕсы, йӕ ноутбук йӕ разы гомӕй, афтӕмӕй

Ацы ӕмӕ ма ӕндӕр фарстатӕн, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм дзуаппытӕ ссардзынӕ, Библи куы кӕсай ӕмӕ, дӕ фарстаты фӕдыл сайты www.jw.org цы ӕрмӕг ис, уый куы иртасай, уӕд.

Ацы журналы ис дзуаппытӕ ахӕм фарстатӕн:

  • Чи у Хуыцау?

  • Чи у Йесо Чырысти?

  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?

  • Фидӕны цы уыдзӕн?

Фӕлӕ уал фыццаджыдӕр базонӕм, Библийыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис, уый.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын