Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 7/00 4 ф.
  • Ӕфсӕрмыгӕнаг адӕймаг дӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕфсӕрмыгӕнаг адӕймаг дӕ?
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй ӕфсӕрмыгӕнаг мауал уон?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Йегъовӕ дын тых дӕтдзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • 2 Тимофеймӕ 1:7. «Хуыцау нын цы сыгъдӕг тых радта, уый нӕ тӕппудтӕ нӕ аразы»
    Библийы стихтӕн сӕ хъуыды
  • Ма тӕрс
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
km 7/00 4 ф.

Ӕфсӕрмыгӕнаг адӕймаг дӕ?

1 Чысыл саби йӕ мады кӕнӕ йӕ фыды фӕстӕ куы бамбӕхсы ӕмӕ нӕм уырдыгӕй куы фӕкӕсы, уӕд мах ууыл нӕ фӕдис кӕнӕм. Уыцы кары ӕфсӕрмы кӕнын диссаг нӕу. Стыртӕй дӕр ма бирӕтӕ сӕ удыхъӕдмӕ гӕсгӕ сты ӕфсӕрмыгӕнаг. Фӕлӕ ӕфсӕрмы кӕй кӕныс, уый кӕд дӕ лӕггаддзинадыл ӕндавы, уӕд дӕ бон цы у бакӕнын?

2 Цы ис саразӕн: Ахсджиаг у, цӕмӕй дӕ хъус дарай, «мидӕгӕй сыгъдӕг зӕрдӕ адӕймаг» дӕ ӕви нӕ (1 Пет. 3:4). Фидардӕр кӕн дӕ уарзондзинад Иегъовӕмӕ ӕмӕ адӕммӕ. Зон, дӕхицӕй фылдӕр сӕ кӕй уарзыс, уый ӕппӕты хуыздӕр равдисдзынӕ, куы хъусын кӕнай, уӕд. Ӕдзухдӕр ахуыр кӕн Библи сӕрмагондӕй ӕмӕ ӕнӕсцухӕй фембӕлдтӕм цу. Ӕдзухдӕр кув Иегъовӕмӕ, уӕлдайдӕр ӕххуысы тыххӕй. Фидарӕй йыл куы ӕууӕндай, уӕд уыдзынӕ ныфсхаст ӕмӕ «стылдӕр уӕндондзинадимӕ, ӕдасӕй хъусын кӕндзынӕ Хуыцауы дзырд» (Фил. 1:14).

3 Дӕхимӕ ницӕйаг кӕд кӕсыс, уӕд дӕ уыцы цӕстӕнгас хъӕуы аивын. Куыд зыны, афтӕмӕй Тимофейы дӕр хъуыд уый бакӕнын. Павел ӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕхи афтӕ дардтаид, ӕмӕ йын «йӕ лӕппуйы азтӕм зынӕрвӕссоны цӕстӕй мачи кастаид», йӕ зӕрдыл ын ӕрлӕууын кодта, «Хуыцау нын... [кӕй] нӕ ратта тӕрсыны зӕрдӕ, фӕлӕ хъаруйы» (1 Тим. 4:12, НФ; 2 Тим. 1:7, НФ). Иегъовӕ Тимофейӕ ӕххӕстӕй пайда кодта, ӕмӕ ды дӕр размӕ куы тырнай ӕмӕ йыл фидарӕй куы ӕууӕндай, уӕд дӕуӕй дӕр пайда кӕндзӕн (Пс. 55:12).

4 Иу хо уыд ӕфсӕрмыгӕнаг ӕмӕ тарст йӕ лӕгӕй, уымӕн ӕмӕ уый цыд йӕ ныхмӕ. Фӕлӕ йын баххуыс кодта Матфейы 10:37-ӕм стих. Сылгоймаг архайдта, цӕмӕй фӕуӕндондӕр уыдаид, ӕмӕ йӕм куыдфӕстагмӕ хъусын кӕнын афтӕ зын нал каст ӕмӕ ма уымӕй уӕлдай йӕ лӕг, йӕ мад ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ дӕр слӕууыдысты ӕцӕгады фӕндагыл!

5 Ӕнӕмӕнг хъӕуы цӕттӕ кӕнын: Уацамындмӕ ӕдзухдӕр куы цӕттӕ кӕнай, уӕд уыдзынӕ ныфсхастдӕр. Брошюрӕ «Куыд райдайӕм ӕмӕ куыд адарддӕр кӕнӕм нӕ ныхас» (уыр.) кӕнӕ «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы фӕстаг номырты ныхас райдайынӕн цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонӕй равзар иу хуымӕтӕг цӕвиттон, сахуыр ӕй кӕн ӕмӕ бафӕлвар, куыд ӕй дзурдзынӕ, уый. Ӕнӕхъуаджы ма тыхс, фӕлӕ хъуыды кӕн, алцыдӕр дын кӕй рауайдзӕн, ууыл. Иннӕтимӕ лӕггад кӕн ӕмӕ дӕ уыдон дӕр ныфсхаст кӕндзысты. Ма дӕ рох кӕнӕд, кӕимӕ ныхас кӕндзынӕ, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ дӕ хуызӕн ӕфсӕрмыгӕнаг кӕй сты, уый. Алчидӕр хъуамӕ фехъуса Паддзахады тыххӕй уацхъуыд.

6 Кӕд ӕфсӕрмыгӕнаг дӕ, уӕддӕр дӕ ныфс ма асӕттӕд. Дӕ бон цы у, уый куы кӕнай, уӕд дын Иегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хорз уацхъуыд ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнай. Ӕмӕ дын уӕд дӕ лӕггаддзинад хӕсдзӕн циндзинад (Фӕс. н. 10:22).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын