Ма тӕрс
1. Мах дӕр Йеремийау цӕмӕй фӕтӕрсӕм?
1 Хуыцау Йеремийӕн куы загъта, пехуымпар уыдзынӕ, зӕгъгӕ, уӕд Йереми нӕ разы кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс нӕ хаста. Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта, ма тӕрс, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ бафидар кодта, цӕмӕй йӕ хӕс ӕххӕст кӕнын йӕ бон уыдаид (Йер. 1:6–10). Абон махӕн дӕр, чи зоны, уацамынды цӕуын зын вӕййы, ӕфсӕрмы кӕй фӕкӕнӕм кӕнӕ нӕ ныфс кӕй нӕ фӕхӕссӕм, уый тыххӕй. Хатт адӕмимӕ Хуыцауы тыххӕй дзурын дӕр нӕ фӕуӕндӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕзонӕм, куыд нӕм байхъусдзысты ӕмӕ нӕм цы цӕстӕй ракӕсдзысты, уый. Цы у нӕ бон бакӕнын, цӕмӕй ма тӕрсӕм? Уӕндонӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм?
2. Нӕхи-иу хорз куы бацӕттӕ кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй афтӕ тынг ма тӕрсӕм?
2 Рагацау-иу нӕхи бацӕттӕ кӕнӕм. Нӕхи-иу хорз куы бацӕттӕ кӕнӕм, уӕд афтӕ тынг нӕ тӕрсдзыстӕм. Зӕгъӕм, адӕм нын нӕ ныхас ӕрдӕгыл куыд аскъуынынц, ууыл ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ рагацау дзуапп бацӕттӕ кӕнӕм (Ӕмб. 15:28). Уӕ бинонтӕ Библи иумӕ куы фӕахуыр кӕнынц, уыцы рӕстӕг уӕ бон вӕййы афӕлварын, скъолайы кӕнӕ уацамынды цы уавӕрты бахаут, уыдоны уӕхи куыд дардзыстут, уый. Афтӕмӕй сӕм уӕхи бацӕттӕ кӕндзыстут (1 Пет. 3:15).
3. Йегъовӕйыл нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?
3 Нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм. Цӕмӕй ма тӕрсӕм, уымӕн ис иу хос – нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ’вӕры, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн (Ис. 41:10–13). Уый нӕ куыд бахъахъхъӕна, афтӕ ничи. Уымӕй уӕлдай ма Йесо Чырысти дӕр загъта, исты ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕры куы бахауӕм, уӕд дӕр нын Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕ уырнындзинады тыххӕй, куыд ӕмбӕлы, афтӕ дзурӕм (Марчы 13:11). Уӕдӕ ӕдзухдӕр кувӕм Йегъовӕмӕ ӕмӕ дзы сыгъдӕг тых курӕм (Лук. 11:13).
4. Зын нын куы уа, уӕд дӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм?
4 Арфӕдзинӕдтӕ. Зын нын куы уа, уӕд дӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлварӕнтӕм рагацау цӕттӕ уӕм. Уый фӕрцы нӕм фӕзындзӕн хъӕбатырдзинад ӕмӕ ныфс. Ацы миниуджытӕ та вӕййынц, сыгъдӕг тыхӕй хайджын чи сты, уыдонмӕ (Ап. хъ. 4:31). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕмӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй куы фӕкувӕм ӕмӕ нын куы баххуыс кӕны, уӕд нӕ уырнындзинад дӕр бафидар вӕййы ӕмӕ нӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндын райдайӕм (Ис. 33:2). Стӕй ма цин дӕр фӕкӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ махмӕ кӕсгӕйӕ кӕй райы (1 Пет. 4:13, 14). Уӕдӕ ма тӕрсӕм ӕмӕ хъӕбатырӕй хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады хабар. Макуы рох кӕнӕм, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый!