Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp20 № 1 12–13 фф.
  • Рӕстдзинад Хуыцауы Паддзахады тыххӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Рӕстдзинад Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2020
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Чырысти Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дзырдта?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Хуыцауы Паддзахад хицауиуӕг кӕны
    Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Хуыцау нӕ цы домы?
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2020
wp20 № 1 12–13 фф.
Зӕххы къори космосӕй кӕсгӕйӕ, хуры тынтӕ йӕм кӕсынц, афтӕмӕй

Рӕстдзинад Хуыцауы Паддзахады тыххӕй

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, цӕмӕй куывтаиккой афтӕ: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:9, 10). Цы у Хуыцауы Паддзахад? Цы аразы? Ӕмӕ уыцы Паддзахады тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?

Йесо у Хуыцауы Паддзахады Паддзах.

Лукайы 1:31–33: «Схон [ӕй] Йесо. Уый уыдзӕн номдзыд адӕймаг ӕмӕ йӕ хондзысты Иунӕг Стыр Хуыцауы Фырт. Уымӕн Йегъовӕ Хуыцау ратдзӕн йӕ фыд Давиды паддзахбадӕн. Ӕмӕ Иаковы хӕдзарвӕндагӕн ӕнустӕм уыдзӕн паддзах, ӕмӕ йӕ паддзахадӕн кӕрон никуы ’рцӕудзӕн».

Йесо сӕйраджыдӕр хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй.

Матфейы 9:35: «Йесо зылди ӕппӕт горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл, ӕмбырдгӕнӕнты адӕмы ахуыр кодта, хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕмӕ дзӕбӕх кодта алыхуызон низтӕй рынчынты ӕмӕ, нӕфӕразгӕ чи уыди, уыдоны».

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрхӕстӕг, уый цӕмӕй базонӕн уыдзӕн.

Матфейы 24:7: «Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ. Стӕй куы иу ран, куы иннӕ ран адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг ӕмӕ уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ».

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ абон ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй.

Матфейы 24:14: «Ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон».

Бӕлвырд хабӕрттӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй

Кӕм ис. Хуыцауы Паддзахад у, Хуыцау уӕлӕрвты кӕй сфидар кодта, уыцы хицауад (ДАНЕЛ 2:44; МАТФЕЙЫ 4:17).

Йӕ нысан цы у. Хуыцауы Паддзахад зӕххӕй дзӕнӕт сараздзӕн. Адӕм дзы фӕрнӕй ӕмӕ кӕрӕдзи уарзгӕйӕ цӕрдзысты, рынчын ӕмӕ мӕлгӕ ничиуал кӕндзӕн (ПСАЛОМ 37:11, 29).

Разамынд дзы чи дӕтдзӕн. Хуыцау Йесойы сӕвӕрдта Паддзахӕй, цӕмӕй уӕлӕрвтӕй разамынд дӕтта. Йемӕ ма паддзӕхтӕ уыдзысты зӕххӕй ӕлхӕд 144 000 адӕймаджы (ЛУКАЙЫ 1:30–33; 12:32; РАРГОМАД 14:1, 3).

Йӕ дӕлбар чи цӕрдзӕн. Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи уыдзӕн, уыдон цӕрдзысты зӕххыл. Уыцы адӕм Йесойы разамындмӕ хъусдзысты ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады закъӕттӕ цингӕнгӕйӕ ӕххӕст кӕндзысты (МАТФЕЙЫ 7:21).

Йесо ӕппӕты хуыздӕр Хицау цӕмӕн у

Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд равдыста, адӕмы чи уарзы, ахӕм хорз Хицау кӕй уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ

  • Мӕгуыртыл тыхсти (ЛУКАЙЫ 14:13, 14).

  • Мӕнгард ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕй йе сӕфт уыдта (МАТФЕЙЫ 21:12, 13).

  • Ӕрдзы тыхтыл йӕ бар цыди (МАРЧЫ 4:39).

  • Мингай адӕмы-иу бафсӕста (МАТФЕЙЫ 14:19–21).

  • Рынчынтӕн тӕригъӕд кодта ӕмӕ-иу сӕ сдзӕбӕх кодта (МАТФЕЙЫ 8:16).

  • Мӕрдты ӕгас кодта (ИОАННЫ 11:43, 44).

Хуыцауы Паддзахад дын абон цы пайда у

Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрын дӕ куы бафӕнда, уӕд абон амондджындӕр уыдзынӕ. Зӕгъӕм, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи цӕры, уыдон

  • Архайынц «алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрыныл» (ДЗУТТӔГТӔМ 12:14).

  • Сӕ бинонты цардӕй райгонд сты, уымӕн ӕмӕ, лӕг ӕмӕ ус сӕ кӕрӕдзи кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕн кӕй ӕргъ кӕнынц, уый фӕрцы се ’хсӕн ис фарн ӕмӕ иудзинад (ЕФЕСӔГТӔМ 5:22, 23, 33).

  • Сты амондджын ӕмӕ сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ райы, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхас хъусынц ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнынц (ЛУКАЙЫ 11:28).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын